1986 азы цалынмæ Горбачев рацарæзт план кодта, уæдмæ кæцыфæнды уысм дæр гæнæн уыд спырх уыдаид ядерон ракетæтæй йемыдзаг субмари-нæ. Æрмæстдæр капитан Игорь Британовы æхсардзинад æмæ фæндвидардзинады фæрцы не ‘руагъдæуыд планетарон масштабы катастрофæ. Ацы цауæй дæс азы фæстæ Голливуды систой блокбастер «Враждебные воды», зæгъгæ. Ацы тæссаг цауыл сæххæст 35 азы. Цалынмæ Михаил Горбачев æмæ Рональд Рейган радон фембæлдмæ сæхи цæттæ кодтой, уæдмæ АИШ-мæ хæстæг кæцыфæнды уысм дæр гæнæн уыд æмæ спырх уыдаид советон донбындзог нау, кæцы йемыдзаг уыд ядерон ракетæтæй…

Уый рагæй нал службæ кæны денджызон флоты. Уый фæстæ хъайтар-донбындзугæнæг уыд  Екатеринбурджы егъау сæудæджерадон куыстуаты хистæр инженер. Офисы къулыл конд ис тасæфтауæг ныв, субмаринæйы алыварс ис хъæстæ уæлдæф. К-219-ыл йæ фæстаг балцы тыххæй алцы дæр лæууы Игорь Британовы зæрдыл, кæд 39 азы рацыд, уæддæр…

– Советон субмаринæйæн йæ зындзинæдтæ райдыдтой, цалынмæ денджызмæ нæ рацыд, уæдмæ. Сæйраг проблемæ баст уыд донбындзу науы техникон уавæримæ. Науы экипаж 1973 азæй фæстæмæ хъаст кодта ракетон шахтæты æвзæр герметикондзинады тыххæй. Фæлæ сæ къухдариуæгад ницæмæ æрдардта. Уымæ гæсгæ 1986 азы 4-æм сентябры донбындзу науы рауагътой радон балцы Гаджиевы базæйæ (флоты пункт уыд Мурманскы областы). Науы борты уыд 16 ядерон ракетæйы. Командæйы сæргъ лæууыд 36-аздзыд фæлтæрдджын, дыккаг рангы капитан Игорь Британов. «Нæ хæс уыд АИШ-ы Хур-скæсæны донбылгæрæтты хъахъхъæнын æмæ куы бахъуыдаид, уæд снысангонд нысæнтты ракетон цæф ныккæнын. Америкæйæгтæ Ныгуылæн Европæйы ра-вæрдтой астæуккаг дæрддзæджы ракетæтæ. Советон Цæдисмæ уыдон гæнæн уыд æмæ батахтаиккой 10-15 минутмæ. Нæ донбындзу нау уыд, куыд дзуаппон фæрæз, афтæ. Мах хъуамæ радгæсæй лæууыдаиккам АИШ-ы донбылгæрæтты, цæмæй нæ уыдон куы ныццавтаиккой, уæд мах дæр дзуаппон цæф ныккодтаиккам америкæйаг горæтты.

Алцы дæр райдыдта, куыд штатон балц, афтæ. Фæлæ 3-æм октябры райсомæй, К-219 Бермутскаг сакъадахты цæгатскæсæнырдæм куы бацыд, уæд денджызонтæ сбæрæг кодтой, сæ ныхмæ америкæйаг донбындзу нау USS Augusta кæй рацæуы, уый. Мах æй нæ зыдтам, америкæйаг нау махмæ йæ хъус дардта æви нæ, уый. Æмæ йæ цæмæй сбæрæг кодтаиккам, уый тых-хæй сарæзтам удуæлдай маневр, америкæйæгтæ йæ схуыдтой „Сумасшедший Иван“. Йæ мидис уыд ахæм: «Мах æрлæууыдыстæм иу бынаты æнæзмæлгæйæ, æмæ уый фæстæ цæхгæр нæхи аппæрстам иннæ фарсмæ, цæмæй сбæрæг кодтаиккам, америкæйаг субмаринæ, нæ бынмæ цы зонæ уыд, уым бамбæхст æви нæ, уый. Уыцы рæстæджы æрцыд тæссаг цау – дон цæуын райдыдта 6-æм ракетон шахтæмæ. Æмæ уайтагъд дон наумæ гуылф кæнын кæй райдыдта, уый фæсти-уæгæн ракетæтæй сæ иуы корпус афаст æмæ хуынкъæй райдыдтой кæлын туагад (окислитель) æмæ æртаг. Уыдон кæрæдзиимæ куы схæццæ сты, уæд æрцыд срæмыгъд. Мæнæн мæ бон ссис аварион фæдис фехъусын кæнын æмæ цыппæрæм кабинæйæ рарвыстон æппæт сæрмагонд сконды. Туагад сысын райдыдта. Иу сулæфт дзы фаг уыд, цæмæй рæуджытæ арæсыдаиккой, уымæн. Лæппутæй æртæйæ фæмард сты, газæй хибахизæнтæ (противогаз) кæй нæ бакодтой, уый аххосæй. Афицертæй сæ иуæн каютæйы уыд дæгъæлты баст. Уыдон цалдæр сахатмæ систы, раст цыма 800 азы сыджыты бын уыдысты, ахæмтæ», – радзырдта донбындзу науы капитан.

Игорь Британовы командæмæ гæсгæ срæмыгъды фæстæ уайтагъд донбындзу нау сленк кодта доны уæлцъармæ. Капитаны бахъуыд фыдбылызы сигнал радтын. Сигналæн дзуапп радтой уыцы нымæцы дыууæ америкæйаг науы дæр. «Кæй зæгъын æй хъæуы, идеологон знæгтæ разы нæ уыдысты, сæ дæтты цур советон субмаринæ фыдбылызы кæй бахауд, ууыл. Цæмæй туагадæй сæхи бахызтаиккой, уый тыххæй хъыгдардбаййафæг кабинæ хъуыд сæхгæнын. Æгæрыстæмæй йæ ныхсадтой донæй дæр. Фæлæ хъыгдард кæй баййæфта, уымæ гæсгæ ядерон реакторы тæвдад хизын райдыдта. Ядерон æртаг гæнæн уыд бассыгътаид корпусы æмæ ракалдаид океанмæ. «Дистанцион æгъдауæй æххæстгæнæг хызæгтæ (решетка) бынмæ æруадзын нæ къухты нæ бафтыд, кæцытæ æххæстæй ахуыссын кодтаиккой реактор. Бахъуыд нæ къухæй архайын. Архайдтой хистæр лейтенант Николай Беликов æмæ матрос Сергей Преминин. Беликов уайтагъд бауадзыг. Преминин тыхджындæр разынд, бацыд дыккаг хатт æмæ æруагъта æппæт хызæгтæ дæр. Фæлæ та уæддæр æрцыд уæлвæткон уавæр. Реакторон кабинæйы йæ куы хъуамæ ракодтаиккой, уæд сæхгæдысты йæ дуæрттæ! Æлхъывдад сæ нылхъывта. Уый фæстиуæгæн Преминин фæхуыдуг…

Уыцы рæстæджы хъæстæ газ дарддæр йедзаг кодта донбындзу науы. Цæмæй экипажы уæнгты цард бахъахъхъæдтаин, уый тыххæй æз мæ дæлбаруæвджыты ракодтон уæллаг палубæмæ. Уыцы рæстæджы, ракетæтæ кæм уыдысты, уыцы кабинæйы райдыдта зынгсирвæзт. Нæ амондæн, уæд махмæ тагъдыл ленк кодтой советон хæстон наутæ (мах нейтралон дæтты кæй уыдыстæм, уымæ гæсгæ нæ науты æнæ ныхдуртæй нæ бон ссис бынатмæ фæхæццæ кæнын).  Æз скомандæ кодтон борт ныууадзыны тыххæй», –  дзырдта Британов.

Йæхæдæг Игорь Британов баззад дон-бындзу науы. «Æз куы ныууагътаин нæ К-219, уæд уый никæй уал уыдаид. Ис ахæм дунеон закъон: дзæгъæл кæй ныууадзынц, уыцы науы чи ссары, йæ хицау дæр уый свæййы. Уымæ гæсгæ мæн бахъуыд борты баззайын, цæмæй науы америкæйæгтæ ма акодтаиккой. Æртæ боны арвыстон уæлагъуысты. Мидæмæ бахизын мæ бон нæ уыд, улæфæн дзы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Ницы хордтон, æниу мæм хæрын дæр нæ цыд. Мæ зæрдыл хорз лæууы, афтæ фæллад уыдтæн, æмæ фæуадзыг дæн. Уыцы рæстæджы, мæ алыварс чысыл ма бахъуыд, æмæ райдыдтаид æртыккаг дунеон хæст! Америкæйаг фарсæрдыгæй æртахт патрулон хæдтæхæг Р-ЗС Orion».

Дзуаппæн Советон Цæдис дæр баввахс кодтой сæ куынæггæнæг хæдтæхджыты, кæцыты базæ уыд Кубæйы æмæ уымæй равдыстой, зæгъгæ, цæттæ сты алцæмæ дæр сæ донбындзу науы бахъахъхъæныны тыххæй. Афтæ зынд, цыма 6-æм октябры æхсæвы уавæр æрбæстон ис. К-219 буксирæй систа уæзтæласæн «Красногвардейск»-ы. Æмæ та ам дæр разынд зындзинæдтæ. Æнæнхъæлæджы трос аскъуыд. Верситæй сæ иумæ гæсгæ, уый сарæзта знаджы донбындзу нау Augusta. Иннæ версимæ гæсгæ та… Британов йæхæдæг. Дзырдтой, зæгъгæ йын сæйраг командæ-гæнæг бардзырд радта, зæгъгæ, дарддæр буксировкæйæн гæнæн кæй нал ис, уымæ гæсгæ экипажы æрбаздахут наумæ æмæ уæхи цыдæй ацæут Советон Цæдисы æввахсдæр портмæ. Æмæ уый та уыд сæдæ процентæй хи амарыны хуызæн.

«Талынг кæй уыд, уымæ гæсгæ амери-кæйаг науы нæ федтон, фæлæ мæм нау Augusta-йы верси раст кæсы. Куыдфæнды ма уыдаид, хатдзæг уыд иу: советон субмаринæ ацыд доны бынмæ. Дон суанг рубкæйы онг куы схызт, уæд æз къулæй райстон не ‘фсæддон-денджызон тырыса, бамбæхстон æй мæ роны æмæ агæпп кодтон тъиуимæ (плот)», – загъта науы капитан. Матрос Преминины хъайтардзинады, кæцы ахуыссын кодта реактор, æмæ Британовы дырыс командæмæ гæсгæ дунейы бахызтой ядерон срæмыгъдæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ донбындзу нау абоны онг дæр мæлæтхæссæг уæзимæ кæй ис океаны бын. Капитаны ницахæм хорзæхтæй схорзæхджын кодтой. Уый æддейæ ма советон хицауады фæндыд Игорь Британовы фæаххосджын кæнын, К-219-ы цы бæллæх æрцыд, уымæй. Фæлæ уый фæстæ Сырх фæзуаты æрбадт Германы тæхæг Матиас Руст, æмæ æфсæддонтæ донбындзу науæй сæ хъусдард аздæхтой Уæлдæфон æфсæдтæм, кæцытæ нæ базыдтой Мæскуыйы центрмæ кæйдæр хæдтæхæджы æрбатахт.

Флоты ма Британов баслужбæ кодта ноджы иу аз æмæ уый фæстæ йæхи ссæрибар кодта. Фæлæ уый ныртæккæ уæддæр лæууы Уралы æфсæддон-денджызон цæдис æмæ Екатеринбурджы æфсæддон-денджызон флоты денджызонты æмæ донбындзугæнджыты клубы сæргъ. Уый абоны дæр у хæдæфсарм æмæ нæ уарзы, цы тæссаг цау æрцыд, уый фæдыл дзурын. Уый тыххæй дзурынц æндæртæ. Зæгъæм, 1997 азы Голливуды систой блокбастер «Враждебные воды». Британовы ролы ахъазыд Рутгер Хауэр. «Мæ зонгæтæ дзурынц, зæгъгæ, мæ ролы хорз ахъазыд. Æз мæхæдæг йемæ никуы сæмбæлдтæн, æцæг мæм цалдæр хатты телефоны фæдзырдта Хауэр. Иу хатт 1995 азы. Ныхас кодтам англисагау. Уый мæм бахатыд, цæмæй дыккаг бон æртахтаин Германмæ, æмæ фембæлдаин исæн къордимæ. Æмæ мæн та, цæмæй визæ райстаин, уый тыххæй хъуыд дыууæ къуырийы. Уый фæстæ та мæм фæдзырдта 1997 азы Нью-Йоркæй: «Райсом нын ис премьерæ! Мах фæндыд дæу фæхонын“. Æмæ æз та уырдæм куыд хъуамæ ацыдаин?».

Фильм мæм фæкаст фантастикæйы хуызæн. Æз сæрыстыр дæн, фильм мæн æмæ мæ экипажы тыххæй ист кæй æрцыд, уымæй. Уый у фыццаг ахæм фильм, цыран уырыссæгтæ æвдыст не ‘рцыдысты хæйрæджджын милитаристтæй.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.