Дзауы районы Ручъы астæуккаг скъола сырæзт 40 азы размæ. Хъæздыг истори ис ацы скъолайæн, схъомыл дзы бирæ хорз адæм. Фæлæ фыдрæстæг ацы скъолайыл дæр бандæвта. Бæстыхай йæхæдæг афтæ зæронд нæу, фæлæ Рукъы комæй адæм фæлыгъдысты æмæ дзы сывæллæттæ кæй нал уыдис, уымæ гæсгæ æхгæд æрцыд æмæ азæй-азмæ пырх кодта кæддæры нæргæ скъолайы агъуыст. Ацы хъуыддаг бахынцыдта Дзауы районы администрацийы къухдариуæгад æмæ æрæджы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад бавнæлдта бæстыхайы агъуыст цалцæг кæнынмæ.

«Скъолайы бæстыхайæн уал раивтой йе ’мбæрзт, стæй æрæвнæлдтой мидæггагон куыстытæм. Нæ зæрды ис, ам сæрдыгон лагерь бакæнын. Мæнмæ гæсгæ нын баххуыс кæндзысты Хицауад дæр. Скъолайы ис спортивон зал, кълæстæ уыдысты уæрæх. Иу цыбыр ныхасæй, скъолайы ма фадат ис, цæмæй дзы арæзт æрцæуа уазæгдон дæр, зымæджы нæ республикæмæ цы туристтæ æрцæуы, уыдон хæрзиуæгæн», — зæгъы Дзауы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ.

Ручъы астæуккаг скъола æхгæд æрцыд ивгъуыд æнусы кæрон. Ам раздæр сæрмагонд кабинеттæ уыд, уыдон æххæст уыдысты æппæт цæстуынгæ æрмæджытæй. Библиотекæ хъæздыг: партæтæ, столтæ ног, фæлæ скъолайы хъысмæт никæйуал æндæвта, æмæ æдзæллаг уавæрмæ алцыдæр æрцыд…

Ныртæккæ ма Ручъы комы цæры æрмæстдæр 15 цæрæг хæдзары. Ацы хъæуы администрацийы хистæр куыд зæгъы, афтæмæй раздæры хъæууон администраци уыд æндæр бынаты, фæлæ ныр балыгъдысты скъолайы агъуыстмæ æмæ æрбынат кодтой иу хатæны.

Тыбылты Вандæ ма радзырдта, ныртæккæ администрацийы цы куыстытæ цæ-уы, уыдоны тыххæй дæр.

«Зымæджы æрцыдмæ аразæм æмæ фидар кæнæм, хъæутæм цæуæг фæндæгтæ. Æвзæр уа-вæры уыдысты Църу æмæ Кърозмæ ссæуæнтæ. Уæлдай тынгдæр фехæлынц къæвдаты фæстæ. Цæрæнуатон-коммуналон кусджытæ фæндаг афæтæн кодтой, йæ иувæрсты цы донласæн къанаутæ цыд, уыдоны бронæй асыгъдæг кодтой. Ныр фæндаг бæрæг æнцонвадатдæр у, æмæ дзы машинæтæ æдæрсгæйæ цæуынц. Уыцы фарсмæ цы газы хæтæл уагътам, уый дæр арæзт фæцис. Ныр цæрджытæн сæ бон у, сæ хæдзæрттæм газ бауадзын. Нæ зæрды ис, Дзауы поселочы цы сывæллæтты хъазæн фæзуат фæуæрæхдæр кæнын æмæ йын нырыккон рæсугъд хуыз радтын», — зæгъы Дзауы администрацийы сæргълæууæг.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.