2022-2024-æм азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты ахсджиаг объекттæм хауы Дзауы районы Ерцъо-Синагуры фæндаджы арæзтад. Ацы фæндаджы сарæзтæй дзæвгар фенцондæр уыдзæн Синагур, Карзман, Теделет, Цъон, Дзалабет, Хахет, Переуы хъæуты цæрджыты уавæр. Афтæ ма йын ис стратегион нысаниуæг дæр, уымæ гæсгæ йæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы, куыд Уæрæсейы Федерацийæ, афтæ нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр. Фæндаджы куыстыты фыццаг этапмæ бавнæлдтой 2022-æм азы æмæ сæ фæуыдзысты 2024-æм азы кæрон. Проекты аргъ æмткæй у 560 милуан сомы.

Ам куыстытæ æххæст кæны Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар «КомАвтоДор». Ерцъо-Синагуры арæнгæрон фæндагыл куыстытæ цæуынц снысангонд æмгъуыды фæлгæтты. Уым ныртæккæ кусы техникæйы хуызтæй авд экскаваторы æмæ уымæй фылдæр та КамАз-тæ. Фæндагаразджытæ пълан кæнынц, цæмæй æппæт куыстытæ дæр сæххæст кæной æмгъуыдæй раздæр. Фæндагæн йæ дæргъ у 20 километры бæрц. Асфальтгонд дзы, проектмæ гæсгæ, æрцæудзæн 10 километры – Цъоны хъæумæ. Иннæ хайыл калд æрцæудзæн хуыр, ныннæмдзысты йæ уæззау техникæйы хуызты руаджы, стæй та йыл уæлейæ ауадздзысты лыстæгдæр хуыр. Фæндаджы фылдæр хай цæуы хъæды астæуты, уымæ гæсгæ дзы бирæ донуадзæн коммуникацитæ æппæрст цæуы, йæ былтыл та æвæрд æрцæудзæн æфсæн-бетонон конструкцитæ», – загъта «КомАвтоДор»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Алан.

Ерцъо-Синагуры фæндаджы арæзтады прораб Хуыгаты Эрик куыд зæгъы, афтæмæй фæндаг цы уыд, уымæй бирæ уæрæхдæргонд цæуы. Нырмæ уыд 4,5 метры, фæлæ йыл ахæцыдысты 6 метры онг. Уымæ гæсгæ ныр фæндагыл стыр машинæтæ кæрæдзийы фæрсты хиздзысты сæрибарæй.

Ацы хъуыддажы «КомАвтоДор»-мæ стыр фæлтæрддзинад ис, уымæн æмæ иууыл фыццагæй Синагур-Карзманмæ фæндаг арæзт куы цыд, уæддæр уыцы куыстытæ уыдон бакодтой. Уæд та сæ организаци хуынд «Дорэкспострой». Кусджыты ‘хсæн ис бирæ профессионалтæ æмæ сæ бон у æдыхстæй проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.

Цалдæр азы размæ Карзманы хъæумæ цы фæндаг арæзтой, уымæн уыд æндæр проект, фæлæ арæзтады рæстæджы рабæрæг, кæй нæ бæззыд, дзуапп кæй нæ лæвæрдта фæндаджы домæнтæн. Проектмæ гæсгæ фæндаг цыд хæххон бæрзонд бынæтты, хъæды астæу æмæ-иу уыцы бынаты арæх мигъ ныббадт. Фæлæ уæды Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард æмæ «Дорэкспострой»-ы директор Лалыты Мурат аскъуыддзаг кодтой фæндаг æндæр рæтты алыг кæнын. Бирæ хъизæмæрттæ æвзæрстой хъæд цæгъдгæйæ, хæхты рæгътыл хизгæйæ-иу фæдзæгъæл сты. Сæ техникæ-иу цъыфдзасты аирвæзт. Проектмæ гæсгæ дзы нысан цыд иу хид, фæлæ уыдон сарæзтой дыууæ. Уымæ гæсгæ фæндаг рауад лæгъз æмæ рæсугъд. Алыварсонæй дæр дзуапп лæвæрдта фæндаджы домæнтæн. Райгонд дзы уыдысты канд арæнхъахъхъæнджытæ нæ, фæлæ-ма Карзман æмæ Переуæгтæ дæр. Уыдон-иу раздæр, горæтмæ цæугæйæ кæд сæ боны фылдæр хай фæндагыл арвыстой, уæд ныр та цалдæр сахатмæ арæзтой сæ куыстытæ. Фæлæ фæндаджы арæзтадæй дзæвгар рæстæг рацыд æмæ та æдзæллаг уавæрмæ æрхауд. Ам раздæр кæд дыууæ хиды арæзт æрцыд, уæд ныр уыдон нымæцмæ бафтдзæн ноджыдæр дыууæ.

Ныртæккæ фæндаджы арæзтадыл цы кусджытæ кусы, уыдон сты дыууыны бæрц. Сты бынæттонтæ, æрхонгæтæ сæм нæй. Практикæ куыд фенын кодта, афтæмæй æрхонгæ кусджытæ æвзæрдæр фæкусынц. Сæ дарын дæр куыстуатæн бæрæг зынаргъдæр лæууы. Фыццаджыдæр, уыдон сифтонг кæнын фæхъæуы цæрæнуатæй, стæй сæ бынатмæ æмæ фæстæмæ фæхъæуы ласын. Стæй ма сæ куыстытæ  дæр гъæдджын нæ вæййынц.

Уазæгты Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.