Ленингоры районы разамонæг Гæджиты Илларион куыд хъусын кæны, афтæмæй коммуналон хæдзарады кусджытæ ацы къуыри сцалцæг кодтой Ленингоры райцентрæй. Ахмадзы хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый. Июлы мæйы стыр къæвдайы фæстæ донивылдтытæ æрцыд, æмæ фæндаг тынг фехæлдис. Хъæумæ бацæуæн-рацæуæн нал уыд. Адæм тыхстысты, сæ цæхæрадæтты æркæнгæ дыргътæ æмæ халсæрттæ ауæй кæнынæн сын фадат кæй нæ уыд, уымæй. Ныр фæндаг цалцæг æрцыд æмæ хъæуы цæрджытæ сулæфыдысты зæрдæйы фæндиаг.

Гæджиты Илларион зæгъы, зæгъгæ, къуырийы кæронмæ кусдзысты Мартиан-Ларгвис æмæ Мартиан-Карчохы фæндæгты арæзтадыл дæр. Уыцы хъæутæм фæндæгты дæр бафхæрдта Ксаны донивылд. Ам кусдзæнис техникæйы æртæ иуæджы æмæ сæ ныфс ис, фæндаг бæстон арæзт кæй æрцæудзæнис.

Ног къуыри та фæнд кæнынц Ленингоры поселочы мидæг цы фæндæгтæ цæуы, уыдонмæ сæрмагонд хъусдард аздахын. «Лæмбынæг базонгæ дæн районы проблемæтимæ æмæ архайдзынæн уыдоны аскъуыддзаг кæныныл. Ленингорæн йæхи мидæг дæр бирæ аразинæгтæ ис. Зæгъæм, ныр дыккаг аз райцентры астæуккаг скъолайы кæрты цы стадион ис, ууыл дон кæй лæдæрст, уымæ гæсгæ пуртийæ хъазынæн нæ бæззыд. Йæ аххосаг зæххыбын цæуæг коммуникацион хæтæлты æдзæллаг уавæр. Æрбахуыдтон специалисттæ, кæцытæ сбæрæг кодтой, кæм скъахын хъæуы,  уый æмæ уыцы проблемæ иуварс æрцæудзæн. Канализацион хæтæлтæ æдзæллаг уавæры сты поселочы хуссарварс дæр. Ам цы адæм цæры, уыдоны цæхæрадæттæм æнудтæфгæнаг дон калд. Мах ног къуырийы уыцы проблемæ дæр аиуварс кæндзыстæм», – загъта Ленингоры администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Илларион.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.