Спорты хуызтæм Ирыстоны фæсивæд æмхиц сты, цæуынц секцитæм, кæнынц фæлтæрæнтæ сæ хъомылгæнджытæ-тренерты разамындæй æмæ алыхуызон турниртæ æмæ чемпионаттæм фæцæуынц ныфсджын æмæ разæнгардæй барухс кæнынц сæ тренерты æмæ спортуарзджыты зæрдæтæ. Æнæмæнгдæр, цыфæнды хъаруйæ æххæст кæстæры развæлгъау хъæуы цæттæ кæнын æмæ йын уæд кæддæриддæр уыдзæн хорз æнтыстытæ. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, нæ фæсивæд тырнынц хистæрты æппæт амындтытæ дырысæй æххæст кæнынмæ.

Цæмæй кæстæртæ спортмæ æмхицдæр уой, уый тыххæй та сын аразын хъæуы æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ. Ахæм бынат цалдæр азы размæ байгом Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр æмæ йæм æвзæнгтæ цæуынц æнæзивæгæй. Фæлæ  æвзонг фæлтæры спорты иу кæнæ иннæ хуызыл фæцайдагъ æмæ йын йе ‘взыгъддзинæдтæ раргом кæнынæн уыдæттæ фаг не сты. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг уавæр æнæфæхатгæ нæ фæци, ацы хъæуæй рацæугæ, ныртæккæ та Цхинвалы цæрæг Бигъуылаты Вова æмæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй йе ‘ххуысы къух фæдара хъæуы суинаг спортсментæм. Бигъуылайы фырт йæ рæстæджы спорты хуызтæй иууыл популярондæртæй сæ иу – боксы секцимæ цыд æмæ сахуыр кодта, фидæны спортсменты райдианæй фæстæмæ куыд хъомыл кæнын хъæуы, уыдæттæ Боксы секцимæ къуыри æртæ хатты цæуынц 15-20 адæймаджы. Бигъуылайы фырт райгондæй банысан кодта, се ‘ппæт дæр тынг разæнгардæй кæй цæуынц, стæй сты, сомбон зæрдæ кæмæй барухс уыдзæн, ахæмтæ. Æрмæст зæгъын хъæуы, бынтон хорз кæй не сты сæ уавæртæ, фыццаджыдæр, сæ тренировкæты фæстæ фæхъæуы хъарм дон, фæлæ дзы нæй. Хъæууон администрацийы сæргълæууæг зонгæ у æвзонг тренеры куыстимæ æмæ йын ныфс бавæрдта, дарддæры куысты штатон кусæг кæй уыдзæн, уымæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.