Куыд царды алы къабæзты, афтæ спорты æппæт хуызты дæр стыр уæлахизтæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ райдайынц сæ бындурæвæрджытæй. Уыдоны нæмттæ хъуамæ зоной, сæ фæстæ цы фæлтæртæ рæзынц, уыдон, афтæ ма бындур кæмæн æрæвæрдтой, ууыл стыр мæсгуытæ чи самайы æмæ стыр кады аккаг чи свæййы, уыцы адæймæгты нæмттæ дæр.

Абон, Ирыстоны спортивон историйыл дзургæйæ, сæрыстыр стæм, æгас дунейы дæр нын спорты цы амæй-ай æвзыгъддæр хъайтарты нæмттæ зонынц, уыдонæй.

Хуссар Ирыстоны фæстаг азты кæны ног сыфтæ спорты, чызджытæ архайын райдыдтой, æнусы дæргъы нæлгоймæгтæ кæм æлдариуæг кодтой, спорты уыцы хуызтæм.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ æрвылкъуыри фыссынц ирон спортсменты сгуыхтдзинæдтыл, се ‘хсæн арæх æрттивынц чызджыты нæмттæ. Цхинвайлаг сылгоймæгтæ расгуыхтысты армспорты, ӕмбуархӕсты, кёкусинкай каратэйы, дзюдойы, сæхи фæлварынц боксы, хъæбысхæсты æмæ футболы.

Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт чызджыты бокс фæзынд 2016 азы æмæ нырма кæны фыццаг къахдзæфтæ. Кæд сылгоймæгтæн хицæн секци нæй, уæддæр чызджытæ лæппуты æмрæнхъ нæдæр ныхмæлæууæджы уæззау цæфæй тæрсынц, нæдæр –  цæсты бын цъæхтæй.

Гæбæраты Гамлет, боксы тренер: «Ивгъуыд азы спорты галуаны къæсæрæй боксы фæдыл бахызтысты фыццаг чызджытæ. Мах дæр бирæ уынаффæты фæстæ нæхимæ райстам чызджыты цæттæ кæныны бæрн æмæ фæлварæн разынд æнтыстджын. Цалдæр мæймæ къордæй рахицæн сты фыццаг стъалытæ».

Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы дзюдо æмæ самбойы секцийы фылдæр кæны чызджыты нымæц – секцийы архайы 20 чызджы. Зынгæ къаддæр уым у лæппуты нымæц. Чызджытæ хицæн кæнынц сæ спортивон æнтыстытæй дæр.

Цхуырбаты Кристинæ, дзюдоисткæ: «Ис мын 5 сыгъзæрин  майданы æмæ 10 призон бынаты, фæлæ уый нырма у старт».

Хуссар Ирыстоны спорты ахӕм хуыз, куыд сылгоймæгты хъæбысхæст, нырма æнцой кæны Джиоты хотæ – Дзерассæ æмæ Амандæйыл. Ацы дыууæ хойы сты иунæг чызг-богалтæ æгас республикæйы. Тренерты ныфс ис, уыдон кæй фæцудын кæндзысты япойнаг чызг-хъæбысхæцджыты æлдарад.

Хуссар Ирыстонæй ацыд бирæ зындгонд хъæбысхæцджытæ, бирæтæ сӕ схызтысты дунейы чемпионатты æмæ суанг олимпиаг пьедесталмæ дæр, фæлæ уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты нæлгоймæгтæ. Ныр та ацы бæрзæндтæм тырнынц цхинвайлаг чызджытæ.

Ноджы ма чызджытæн иу æнахуыр спорт, цыран хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ сты æнтыстджын – уый у кёкусинкай каратэ. Фæсивæды цæттæ кæны тренер Созаты Владимир.

Фæсивæд регионалон турнирты уæлахизтыл нæ хъæцынц, фæлæ басастой Уæрæсейы фыццагад дæр. Дудайты Доннæ æмæ Гаглойты Дианæ æнтыстджынæй сæхи равдисынц каратэйæ æппæтуæрæсейаг турнирты.

«Чысылæй æнæуæндон уыдтæн æмæ мæ ныййарæджы фæндыд, цæмæй фæкъæйныхдæр уыдаин. Мæ мады ‘фсымæр дæр мæ разæнгард кодта спортмæ æмæ афтæ æрбафтыдтæн секцимæ. Еныр цалынмæ æппæт хорзæхтæ дæр мæ къухы бафтой, уæд-мæ дзы нæ фæхицæн уыдзынæн», – загъта Доннæ. Уый, зындзинӕдтӕм нӕ кӕсгӕйӕ, йæхицæн сæвӕрдта фидар нысан – дунейы чемпион суæвын.

Дыгъуызты Миленæ, армспорты иунæг чызг-архайæг Хуссар Ирыстоны: «Ме ‘мкъласаг лæппутимæ-иу рахæцыдтæн «скандербегӕй» æмæ-иу сæ рамбылдтон. Уый фæстæ мӕ скъола-интернаты мæ ахуыргæнæг сразæнгард кодта скъолайы ерыстæм. Уым мӕ къухы бафтыд ӕнтыст ӕмӕ бацыдтæн цæттæ кæнынмæ мӕ фыццаг тренер Коцты Димамæ». Дыгъуызты Милена у иунæг чызг Хуссар Ирыстоны, кæцы архайы сылгой-магӕн ӕнахуыр спорты хуызы – армспорты.

Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахастой 5- аздзыд тхэквондисткæйы. Пухаты Мария минуты æмгъуыдмæ иу къахыл æрбадт 20 хатты. Афтæмæй чысыл спортсменкæ фæфылдæр кодта йæ раздæры рекорд – 17 æрбадты. Чызджы къухы ахæм æнтыстдзинæдтæ бафтыд спорты галуаны йæхи кæй фæлвары, уый руаджы.

Пухаты Мария тхэквондойæ йæхи фæлвары афæдзы бæрц. Чызгыл кæд нырма 5 азы цæуы, уæддæр ын йæ ном бахастой Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Чысыл спортсменкæйæ хуыздæр нæ разынд чызджыты ‘хсæн иу минуты æмгъуыдмæ иу къахыл æрбадынæй.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.