Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд ленк кæнынæй республикæйы чемпионат. Ерыстæ стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодтой  спортуарзджытæм. Трибунæты цæугæ дæр нал кодтой. Спортсментæ ерыс кодтой фæсонтыл ленк кæнынæй. Æдæппæт чемпионаты призтыл тох кодтой 200 æвзонг  спортсменæй фылдæр. Чызджытæ дæр æмæ лæппутæ дæр  дих æрцыдысты цалдæр кары къордыл. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид.

«Ацы ерыстæ уагъд кæй цæуынц æмæ сæ афтæ бирæ хайадисджытæ кæй ис, уый дзурæг у ууыл, æмæ республикæ кæй æндидзы, размæ кæй цæуы алыварсонæй дæр, уыцы нымæцы спорты дæр. Арфæ кæнын ерысты хайадисджытæн æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Кæд ацы чемпионат фыццаг хатт уагъд цæуы, уæд мæнмæ гæсгæ спорты ацы хуыз дарддæр дæр размæ цæудзæн. Хуссар Ирыстоны тынг курдиатджын сывæллæттæ ис. Уыдон та сты нæ республикæйы фидæн».

Цыбыр рæстæгмæ спорты ахæм хуыз, куыд ленк кæнын, ссис республикæйы иууыл популярондæртæй сæ иу. Цхинвалы кусы дыууæ бассейны. Нымæцмæ гæсгæ ленк кæныны секциты архайы иууыл фылдæр сывæллæттæ.

«700 сывæллонæй фылдæр цæуынц ленк кæныны секцитæм. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ нæм спорты ацы хуыз кæй суыдзæн фыццаг. Кæд нæм нырмæ иууыл популярондæр спорты хуызтæ уыдысты уæгъдибар хъæбысхæст æмæ футбол, уæд уыдон разæй фæуыдзæн ленк кæныны спорт. Уымæн æмæ нæм афтæ бирæ сывæллæттæ никæцы спорты хуызæй архайынц. Фыццаг рады уый хорз у се ‘нæниздзинадæн. Ахуырады министрадимæ дæр ныхас кодтам, цæмæй æппынкъаддæр къуырийы мидæг иу хатт физкультурæйы уроктæ уадзой бассейнты», – банысан кодта  РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Кæд ацы ерыстæ фыццаг хатт уагъд æрцыдысты, уæддæр организацигонд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уый банысан кодтой спорты специалисттæ дæр. Уый тыххæй стыр куыст бакодта тренер Евгения Терлеева. Уый Хуссар Ирыстоны кусын райдыдта ивгъуыд азы æмбисæй.  Фыццаг рады уый архайдта тренерты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл.

Ерысты хайадисджытæн ма раарфæ кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид æмæ спорты фарстыты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

«Ерысты бирæ хайадисджытæ ис, иннæ ахæм та сæм бирæ спортуарзджытæ æрбацыдысты. Уый тынг хорз у. Ацы хъуыддагæй райгондæй баззад Президент дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы къухдариуæгад нын куынæ баххуыс кодтаид, уæд нын зын уыдаит ахæм ерыстæ сорганизаци кæнын. Президент та стыр хъусдард здахы спортмæ, стыр æххуыс кæны спортсментæн. Уымæ гæсгæ, спортуарзджыты номæй бузныг зæгъын паддзахады сæргълæууæгæн», – загъта спорты фарстыты фæдыл Президенты æххуысгæнæг, УФ-йы æмæ РХИ-йы сгуыхт тренер Джиоты Руфин.

Ленк кæнынæй республи-кæйы фыццаг чемпионаты уæлахиздзаутæ чызджыты ‘хсæн систы Тыджыты Дианæ, Козаты Аланæ, Тедеты Ирмæ, Александра Серветник, Æлборты Аннæ æмæ Бестауты Виктория. Лæппуты ‘хсæн та сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Быценты Арсен, Къæбулты Инал, Бесаты Барсæг, Букуылты Георги, Санахъоты Алан æмæ Буджиты Алим. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Евгения Терлеевайы ныхæстæм гæсгæ, цыбыр рæстæгмæ æвзонг спортсментæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ.

«Нæ тренертæ сты æвзонг специалисттæ. Уыдон фæнды ахуыр кæнын, фæлтæрддзинад исын. Ерысты уæлахиздзауты ‘хсæн æрмæст мæ хъомылгæнинæгтæ не сты. Уымæ гæсгæ мын тынг æхсызгон уыд, уыдон дæр хорз кæй бакуыстой, уый. Сывæллæттæ дæр тырнынц æмæ размæ цæуынц. Арæх æй фæзæгъын, Хуссар Ирыстоны сывæллæтты удыхъæд у фидар. Уыцы хъуыддагыл ахуыргæнæн нæй, нæдæр æй искæмæй райсдзынæ. Уый ис æрмæст туджы æмæ генты мидæг», – банысан кодта уæрæсейаг специалист Евгения Терлеева.

Дыккаг ерыстæ уагъд æрцæудзысты æртæ къуырийы фæстæ, 19-æм февралы. Уæд та спортсментæ ерыс кæндзысты сæрибар стилы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.