Цхинвалы уынгты дарддæр дæр ивд цæуынц зæххыбын коммуникацитæ, уыцы нымæцы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты кæртытæм цæуæг хызæгтæ дæр.

1-æм апрелы паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы кусджытæ райсомæй æрæвнæлдтой, Тæболты Сергейы уынджы 70-æм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары кæртмæ цы зæххыбын коммуникацион хæтæлтæ цæуынц, уыдоны раивынмæ. Æмæ сын изæрмæ бантыст дзæвгар бакусын. Дыккаг бон, 2-æм апрелы та ацы куыстуаты кусджытæ сæумæрайсомæй бæргæ æрæвнæлдтой сæ куыстытæ дарддæр сæххæст кæнынмæ, фæлæ сæ иучысыл къæвда бахъыгдардта. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ кусджытæ кæй кæнынц гъæдджын куыст.

«Водоканал»-ы генералон директоры фыццаг хæдивæг, сæйраг инженер Джиоты Ингæ нын афтæ радзырдта: «Æрвылаз дæр горæт Цхинвалы администрацийы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ нæ куыстуаты кусджытæ зæххыбын коммуникацитæ раивынц 5 кæнæ 10 бирæуæладзыгон корпустæн. Ацы аз нын сты æхсæз цæрæн корпусы. Тæболты Сергейы уынджы 70-æм корпусы размæ та раивтам ацы уынджы 80-æм корпусы зæххыбын коммуникацитæ. Афтæ ма уый размæ та бакуыстам Хъайтарты уынджы 31 «а» фондзуæладзыгон цæрæн хæдзары, Сталины уынджы 86 «а» æмæ «б» бирæуæладзыгон корпусты æмæ Фидауынгæнджыты уынджы 14-æм фондзуæладзыгон хæдзармæ цæуæг зæххыбын коммуникацион хызæгтæ раивыныл. Кæд нæ æвзæр боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд ацы куыстытæ кæронмæ фæуыдзыстæм фондз бо-ны æмгъуыдмæ. Куыстытæ сæх-хæст кæныны тыххæй нæ куыстуатмæ ис æппæт æрмæджытæ дæр».

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Тæболты Сергейы уынг хæрзарæзт кæд æрцыд цалдæр азы размæ, уæддæр 70-æм бирæуæладзыгон корпусмæ цы бацæуæн чысыл фæндаг цæуы, уый асфальтгонд кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ къæвдабонты уырдыгæй машинæтæ сæ цæлхытыл хæссынц цъыф æмæ чъизи кæнынц уынджы. Ахæм уавæр ма ис æндæр уынгты муниципалон хæдзæрттæм бацæуæн фæндæгтыл дæр. Фæлæ ныр ныфс бавæрæн ис, корпустæм бацæуæн фæндæгтæ хæрзарæзт кæй æрцæудзысты, уымæй.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ацы Инвестпрограммæйы фæлгæтты хæрзарæзт цæуæг авд уынгæй ныридæгæн зæххыбын коммуникацион хызæгтæ раивыны куыстытæ æххæст кæй цæ-уынц æртæ уынджы, уыдонæй сæ иуы – Саулохы фырты уынджы фæуынхъус сты куыстытæ. Ацы æртæ уынджы фæстæ та ахиздзысты иннæ цыппар уынгмæ. Уыдон ацы аз æрцæудзысты асфальтгонд æмæ рафидаудзысты. Иу цалдæр азы ма, æмæ Цхинвалы уынгтæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты иууылдæр æрцæу-дзысты хæрзарæзт æмæ афтæмæй Цхинвал райсдзæн йæ раздæры рæсугъд хуыз.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.