Ивгъуыд къуырийы нæ республикæйы спортуарзджытæ стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты, хъæбысхæстæй дунейы сæ нæмттæ кæмæн айхъуыстысты, уыцы спортсментæ æмæ тренертыл. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй уыдон цалдæр боны нæ горæты хъæбысхæсты архайæг сывæллæттæн уагътой мастер-кълæстæ, уыдис сын алыгъуызон фембæлдтытæ.

10-æм февралы нæ горæты спорты галуан «Олимп»-ы уыдон ауагътой уæгъдибар хъæбысхæстæй мастер-кълæстæ. Спорты ацы хуызы архайæг сывæллæттæн хъæбысхæсты сусæг-дзинæдтæ амыдтой дунейы зынгæ спортсментæ:  2016 азы Олимпион хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан, 2012 азы Олимпион хъæзтыты чемпион, 2011 азы Европæйы вице-чемпион, 2012 азы Уæрæсейы чемпион, спорты сгуыхт мастер Хуыгаты Алан, 2004 азы Афинты Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер, дыууæ хатты дунейы чемпион æмæ цыппар хатты Европæйы чемпион Махач Муртазалиев, Уæрæсейы цыппар хатты чемпион, Европæйы дыууæ хатты чемпион, Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер Абдусалам Гадисов æмæ Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер Хаджимурад Магомедов.

Спортивон мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер, РХИ-йы Уæгъдибар хъæбысхæсты федерацийы президент Тедеты Дзамболат. Уый æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта зынгæ спортсментимæ. Йæ раныхасы ма уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты федераци æмæ Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты федераци сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыстой, уый нæ чысыл хъæбысхæцæг спортсменты размæцыдæн стыр ахъаз фæуыдзæнис. Ныридæгæн сæ разы цы хæстæ æрæвæрдтой, уыдонæй сæ иу у, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгондæн самал кæной спортивон уæлæдарæс æмæ гауызтæ.

Уæрæсейы Спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили та йæ раныхасы æрæмбырдуæвджытæн цæвиттонæн æрхаста Олимпион чемпион, не ‘мзæххон Рæмонты Сосланы, кæцы Ирыстоны ном айхъуысын кодта æгас дунейыл, йæ фыдæлты æмæ йæ бинонты ном та æнустæм фыст æрцыдис нæ историйы. «Абон нæ цуры цы чысыл спортсментæ ис, уыдонæй мæн ныфс ис, стыр æнтыстытæ сын кæй уыдзæнис. Уый тыххæй та хъæуы спорт уарзын, дæхиуыл бирæ кусын æмæ дæ тыхтыл æууæндын. Спорты райтынг кæныныл та зæрдиагæй кусы Тедеты Дзамболат æмæ йын зæгъын бузныг. Мæн ма бафæнддзæнис, цæмæй та ног олимпион хъæзтыты та Ирыстон йæ ног чемпионыл цин кæна», – загъта йæ раныхасы Михаил Мамиашвили.

Уый фæстæ зынгæ спортсментæ хуссарирыстойнаг хъæбысхæсты скъолаты хъомылгæнинæгтæн амыдтой хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ. Æвзонг хъæбысхæцджытæй алкæмæ дæр цымыдис кастис, спортсменты фердæхтдзинад æмæ сæ алчи дæр æзфæраз-дæронæй архайдта, цæмæй сын сæ амындтытæм байхъусой, æмæ семæ хъæбысæй хæцыныл ацархайа.

Спортивон мадзалы кæронбæттæны та уагъд æрцыдис пресс-конференци. Журналистты æмæ спортуарзджыты фарстæн дзуаппытæ лæвæрдтой Тедеты Дзамболат, Михаил Мамиашвили, Мæргъиты Анатоли æмæ æндæртæ.

Журналистты уал бацымыдис кодта дыууæ федерацийы ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыссыны ахсджиаг нысаниуæг, Тедеты Дзамболат æмæ Михаил Мамиашвили уый тыххæй куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ ацы бадзырдæн ис стыр нысаниуæг. Дыууæ федераци дæр сæ разы æвæрдзысты иумиаг хæстæ, сæ реализаци кæнын та баст уыдзæнис, бадзырды пункттæ куыд æххæст цæудзысты, уыимæ. “Уырны мæ, РХИ-йы уæгъдибар хъæбысхæсты федерациимæ  æмгуысткæнынады нын хорз æнтыстытæ кæй уыдзæнис Ирыстоны спортуарзджыты хæрзиуæгæн», – загъта ма æрæмбырдуæвджытæн Михаил Мамиашвили.

Уый ма цæвиттонæн æрхаста, æрæджы нæ республикæйы ленккæнынæй цы турнир ауагъд æрцыдис, уый. “Дыууын азы размæ Хуссар Ирыстоны æппындæр æнхъæл ничи уыдаид æмæ нæм ленккæныны спорты хуыз фæзындаид. Фæлæ абон куыд уынæм, афтæмæй нæм ацы спорты хуызы ис уæлахиздзаутæ. Уый фæдыл дæр мах ныхас кодтам Уæрæсейы Спорты министримæ, ис ма нын ленккæныны спорты хуызæй хорз хæлæрттæ æмæ уыдоны руаджы ацы хуызмæ нæ хъус æппæтæйдæр фæдардзыстæм” – баныфсæвæрдта Михаил Мамиашвили.

Хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонды сæйраг тренер æмæ РХИ-йы хъæбысхæсты Федерацийы президент Тедеты Дзамболат та æрдзырдта, абон спортивон цард бирæ размæдзыддæр кæй у, уый тыххæй. Абарста спорты абоны уавæртæ æмæ йæхæдæг чысыл лæппуйæ цы уавæрты тренировкæ кодта, уыдон. Банысан кодта, зæгъгæ, ахæм спортивон галуан, куыд «Олимп» бирæ горæтты нырма нæдæр ис. Тедеты Дзамболат ма загъта, зæгъгæ, æз хъæбысхæсты спорты хуыз бауарзтон, фыццаг хатт Олимпион чемпион Андиаты Сосланы телевизоры хæцгæ куы федтон, уæд.

Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй бонæй-бонмæ нæ уавæртæ кæнынц хуыздæрæй хуыздæр æмæ нæ кæстæрты та хъæуы сæхиуыл кусын, цæмæй сын спортивон царды уа стырдæр æнтыстытæ.

Пресс-конференцийы Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли загъта ахæм хъуыды, зæгъгæ, спортивон арæхстдзинад хуыздæр кæнынæн ма ахъаз кæнынц алыгъуызон турниртæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ уадзын.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим та пресс-конференцийы рæстæджы сæрыстырæй банысан кодта, зæгъгæ, Бразилийы Олимпион хъæзтыты нæ университет бирæ стыр бæстæты ныууагъта фæстейæ, уымæн æмæ не студенттæй сæ иу – Рæмонты Сослан ссис сыгъзæрин майданы хицау æмæ Гозымты Хетæг та – æвзист майданы хицау. Тедеты Вадим ма банысан кодта ноджы, зæгъгæ, ацы аз нæ университет каст фæуыдзысты Гозымты Хетæг, Хуыгаты Алан æмæ Фæрниаты Ирбег. Ацы зынгæ спортсменты нæмттæ ныртæккæ амонын æппындæр никæмæн хъæуы. Уыдон уæлдæр ахуырад æмбæлон æмвæзадыл райстой нæ университеты физикон хъомылады факультеты ахуыргæнджыты руаджы.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим ма бузныджы ныхæстæ загъта зынгæ тренертæ æмæ иннæ спортсментæн се ‘рцыды тыххæй. Тедеты Дзамболат, Мæргъиты Анатоли, Мамиашвили Михаилæн университеты коллектив æмæ студентты номæй бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма спортивон цардæй дарддæр æрдзырдтой абон æхсæнады уавæры тыххæй. Уый тыххæй та Тедеты Дзамболат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдон райгонд сты нæ республикæйы ныры Президенты куыстæй æмæ уыдон дæр цæттæ сты кæддæриддæр йæ фарсмæ æрбалæууынмæ.

Мадзалы ма ноджы дзырд цыдис бирæ æндæр фарстытыл.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.