Паддзахадон унитарон куыстуат «Бæгъиатæ»-йы суаруадзæн завод нымад цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон-Аланийы егъаудæр куыстуæттæй сæ иуыл.

Йæ генералон директор Санахъоты Алан нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй апрелы мæйы Уæрæсейы столицæ Мæскуыйы фæзындзæн заводы филиал. «Уый махæн фадат ратдзæн нæ продукцийы экспорт рауæрæхдæр кæнынæн Уæрæсейы Федерацийы æмæ æндæр бæстæты, Евразиаг экономикон цæдисы фæлгæтты. Ныртæккæ нæ заводы минæвæрттæ цæттæ кæнынц документаци филиал бакæныны тыххæй. Куыддæр уыдон сцæттæ уой, афтæ нæ филиал дæр байгом уыдзæнис», – зæгъы Санахъоты Алан.

Уый ма цыбыртæй радзырдта заводы иумæйаг уавæры тыххæй дæр. 2020 азы суаруадзæн завод рауагъта 24 милуан æмæ 831 мин сомы аргъ продукци. Куыстуат йæ продукци ласта Цæгат Ирыстон-Аланимæ дæр. Уыцы продукцийы иумæйаг аргъ та уыд 1 милуан æмæ 77,9 мин сомы. Куыд зонæм, афтæмæй завод «Бæгъиатæ»-йы донæй уæлдай уагъта минералон дон «Дзау» дæр. Дыууæ суары дæр хъæздыг сты алыгъуызон минералтæй, кæцытæ ахъаз сты адæймаджы æнæниздзинадæн. Фæстаг рæстæджы минералон дон «Дзау» нал уагъта завод. Фæлæ уымæн йæхи аххосæгтæ ис. 2012 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты заводæн цы ног ифтонггæрзтæ балхæдта паддзахад, уыдоны руаджы суар уадзы 1,5 литр æмæ 0,5 литры кæм цæуы, ахæм мигæнæнты. Бæрæг куыд у, афтæмæй дыууæ хаххы хъæуы уыдонæн, фæлæ уыцы фæрæзтæ нæма ис заводæн. Уымæ гæсгæ уыцы иу рæстæджы дыууæ минералон дон рауадзæн нæй. Бахъæуы уыдон радгай рауадзын. Ныр завод фæнд кæны ацы аз «Дзау»-ы рауагъдад сæндидзын кæнын дæр.

«Бæгъиатæ»-йы продукцийы фылдæр хай реализаци цæуы нæхи республикæйы. Заводæн йæхи мидæг дæр ис балхæнæн дон 1,5 литруат мигæнæны, йæ аргъ у 20 сомы, 0,5 литрæн та – 10 сомы. Æцæг ахæм аргъмæ горæты магазинты нæ балхæндзынæ дон, уымæн æмæ коммерсанттæ уый уæй кæнынц 25 соммæ, 0,5 литруат мигæнæны та – 15 соммæ. Завод цы аргъмæ уæй кæны, уырдæм хауынц донгарзы калькуляци, транспортон хæрдзтæ, электроэнерги æмæ куыстмыздтæ. Ныртæккæ заводы кусы 46 адæймаджы.

Хатт нæ горæты цæрджытæй бирæтæй ис фехъусæн, ома, минералон доныл хæццæ цæуы хæрыны содæ, уымæ гæсгæ, дам, иуæй-иу хатт йæ ад вæййы æндæр. Фæлæ заводы къухдариуæгад уый нымайы дам-думтыл. Уымæн æмæ заводы уыцы хъуыддаджы сæр æппындæр нæ хъæуы. Суар уыйбæрц гуырахстæй цæуы, æмæ йын завод йæ иу æмбисыл дæр не ‘ххæссы, йæ фылдæр цæуы цæугæдонмæ. Уымæн сæхæдæг æвдисæн – фæндагыл чи цæуы, уыцы бæлццæттæ. «Бæгъиатæ»-йы суаруадзæн заводмæ хæстæг æдæппæт ис 16 суаргуырæны, уыдонæй алкæмæн дæр ис хицæн æмæ хицæн хиадтæ, йæхи химикон сконд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй алкæмæй дæр пайда куы цæуид, уæд уый стыр ахъаз уаид канд заводæн нæ, фæлæ ма æгас республикæйæн дæр. Заводы къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы куыстуаты кулертæй чи пайда кæны, уыдон арæх фæагурынц 19 æмæ 5 литруат пластикон донгæрзты суары дон. Фæлæ заводæн ахæм сæрмагонд хахх кæй нæй, уый тыххæй сæ бон нæу ахæм куырдиæттæ æххæст кæнын.

Фæстаг азты нæ республикæйы фæзынд цалдæр минералон дон-уадзæн куыстуаты, уыдонæй ал-кæцы дæр архайы «Бæгъиатæ»-йæн конкуренци аразыныл. Фæлæ уæддæр «Бæгъиатæ»-йы дон баззад алкæмæн дæр уарзондæр суарыл. Мах хорз хъуыды кæнæм, нæ сыхаг Гуырдзыстоны аххосæй горæты цæрджытæ-иу доны блокадæйы куыд бахаудтой. Чъехы хъæуыл цæуæг доны хæтæлтæ-иу нын куыд ныххуынчъытæ кодтой, цæмæй горæтмæ дон мауал хæццæ кæна. Æмæ-иу уæд нæ иунæг ирвæзынгæнæг ссис «Бæгъиатæ»-йы суар. Бирæ зын фæндæгтыл рацыд уæдæй нырмæ завод, рæс-тæгæй-рæстæгмæ-иу йæ куыст æрлæууыд, куы – иу, куы – иннæ æфсонæй. Уыд ахæм чиновниктæ дæр, æмæ сæ-иу фæндыд завод банкротыл банымайын, ома, дам, йæ хæрдзтæ не ‘мбæрзы, цæмæй уый фæстæ балхæдтаиккой завод æмæ дзы сæхи сæрмагонд куыстуат сарæзтаиккой. Фæлæ, табу Хуыцауæн, завод абон дæр у паддзахады. Тагъд Мæскуыйы йæ филиал кæй фæзындзæнис, уый та алы ирон адæймагæн дæр у æхсызгон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.