Физикон культурæ æмæ спортæй архайынæн, сывæллæтты æмæ фæсивæды æнæниз цардуагыл фæцайдагъ кæныны тыххæй æмбæлон уавæртæ саразын  актуалон у алы паддзахадæн дæр. Афтæ у нæ республикæйы дæр. Нæ бæстæйы  спортæй архайы-нæн арæзт цæуынц хорз уавæртæ.

Фыдыбæстæйон спорты рæзты хъуыддагмæ стыр хайбавæрд чи бахаста æмæ дæсгай азты дæргъы рæзгæ фæлтæры спортыл чи цайдагъ кодта, нæ уыцы æмбæстæгтæй иу у Хуссар Ирыстоны спорты ветеран, РХИ-йы физикон культурæ æмæ спорты фыццаг сгуыхт кусæг Уалыты Лев Сосланы фырт. 21-æм апрелы уый банысан кодта йæ райгуырды  85-азы юбилей.

Уалыты Лев райгуырд 1932 азы Хуссар Ирыстоны зындгонд инженер Уалыты Сосланы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Левæн æрдз схай кодта диссаджы физикон бæрæггæнæнтæ. Сывæллоны физикон рæзты хъуыддагмæ фыццаг хатт йæ хъусдард аздæхта йæ мады ‘фсымæр Плиты Георги, кæцы тынг уарзта æмæ аргъ кодта спортивон акробатикæйæн. Уый райдыдта йæ хæрæфыртæн фыццаг тренировкæтæ уадзын дæр. Афтæмæй 4-аздзыдæй Уалыты Лев базонгæ акробатикæимæ. Фондзаздзыдæй-иу  алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлтты сценæмкæсджыты раз ралæууыд алыгъуызон акробатикон номыртимæ. Фæстæдæр Плиты Георги ацыд Мæскуымæ æмæ уым ахуыр кæнынмæ бацыд физикон культурæ æмæ спорты институтмæ. Фæлæ чысыл Лева йæ тренировкæтæ нæ ныууагъта æмæ сæ адарддæр кодта, уыцы рæстæджы Цхинвалы чи службæ кодта, уыцы Советон Æфсады афицер Георги Степановы къухдариуæгады бын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Уалыты Лев йæ тренер Георги Степановимæ регулярон æгъдауæй уагъта спортивон равдыстытæ, Цхинвалы æфсæддон госпиталты чи хос кодта, уыцы сырхæфсæддонтæн æмæ Хуссар Ирыстоны областы столицæйы æфсæддон хæйтты чи службæ кодта, уыцы æфсæддонтæн. Курдиатджын спортсмен-иу йæ архайдæй дисы баппæрста æрæмбырдуæвджыты, æмæ-иу ын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Фæстæдæр Уалыты Лев архайын райдыдта футбол æмæ баскетболæй. Скъолайы рауагъдон къласы Лев  фидарæй аскъуыдздзаг кодта йæ дарддæры цард спортимæ сбæттын, æмæ Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнын-мæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты физикон хъомылад  æмæ спорты факультетмæ (ныртæккæ ЦИПУ). Уæлдæр ахуырадон уагдоны не ‘мзæххон уыцыиу рæстæджы уыд футбол, баскетбол æмæ волейболæй Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд командæты уæнг, кæцытæн бирæ хæттыты сæ къухты бафтыдысты æнтыстытæ алыгъуызон егъау ерысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æнтыстытæм-иу йæ хайбавæрд ба-хаста не ‘мзæххон лæппу дæр. Цæгат Ирыстоны паддзахадон институт Лева каст фæци 1955 азы. Æвзонг рауагъдоны уды хъомысæн стыр аргъ скæнгæйæ, факультеты къухдариуæгад Левайæн загъта йæ фæндон, ацы институты ахуыргæнæгæй бакусыны тыххæй. Фæлæ бæллиццаг  æмæ хорз перспективæтæм æнæкæсгæйæ, Лева не сразы сæ фæндыл. Уымæн æмæ æвзонг адæймагæн æндæр уыд йæ бæллиц – йæ райгуырæн къуымы спорт рæзын кæнын.

1955 азы Уалыты Лев æрæздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы баскетбол æмæ волейболы тренерæй. Абаргæйæ, цыбыр рæстæгмæ, уымæн йæ бон ссис бирæ тыхджын спортсментæ бацæттæ кæнын, кæцыты къухты   бафтыд æнтыстытæ алыгъуызон ерысты. Левы хъомылгæнинаг Къæбысты Петр ссис волейболæй Советон Гуырдзыстоны æвзæнгты командæйы капитан. Волейболæй Советон Гуырдзыстоны æмбырдгонд командæйы уæнгтæ ма систы æвзонг тренеры бирæ хъомылгæнинæгтæ – Гæбæраты Вадим, Тыбылты Таймураз, Цхуырбаты Вадим, Гæбæраты Елгуджа æмæ Джиоты Юлия. Тренеры кусты йе нтыстыты тыххæй Лев бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд алыгъуызон хорзæхтæй.

1960 азы нысан æрцыд Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы директорæй. Уыцы рæстæджы горæты уый уыд иунæг ахæм скъола. Скъолайы базæйы куыстой баскетбол, волейбол, спортивон гимнастикæ, акробатикæ æмæ стъолы теннисы секцитæ. «Скъолайы уыд æрмæстдæр æхсæз тренеры штаты. Нæ нын уыд нæхи бæстыхай æмæ нæхи залтæ. Тренировкæтæ уагътам нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы спортивон залы. Иумиагæй нæ секциты архайдтой æрмæстдæр 150 сывæллоны бæрц», – йæ зæрдыл æрлæууыд Уалыты Левæн.

Æвзонг къухдариуæггæнæджы раз лæууыдысты вазыгджын хæстæ, фæлæ сæм уый фæндвидарæй æрæвнæлдта планонбæрцæй сæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Автономон областы Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайæн штатттæ рахицæн кæныны тыххæй уынаффæ ист цыд Советон Гуырдзыстоны рухсады министрады физикон культурæ æмæ спорты хайады. Тбилисаг чиновниктæн  «раст» уынаф-фæ райсын бауырнын кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ, йæ инициативæйы, дзырдарæхстдзинад æмæ архайды руаджы ног снысангонд директоры бон ссис ацы хæс æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын. Спортивон скъолайы кусын райдыдтой гандболы, уæгъдибар хъæбысхæсты, фехтованийы, велоспорты, боксы, уæззау атлетикæйы секцитæ. Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы секциты архайæг сы-вæллæтты иумиаг нымæц ахызт 1200 адæймагæй. Фæстæдæр спорты ацы хуызты иуæй-иутæн, Хуссар Ирыстоны сæ дарддæры интенсивон рæзты нысанæн, Уалыты Левы активон хайадистæй арæзт æрцыдысты специализацигонд спортивон скъолатæ, сæрмагон-дæй, уæззау атлеткæйы, боксы, хъæбысхæсты скъолатæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр ма, Уалыты Левы къухты бафтыд сывæллæтты спортивон скъолайы хъæбысхæсты дæлведомствойон  секцитæ Знауыры, Аунеу, Еред, Къуайса, Дзау æмæ Ленингоры бакæнын.

Хуссарирыстойнаг Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæн регулярон æгъдауæй сæ къухты æфтыдысты æнтыстытæ Советон Гуырдзыстоны уагъдцæуæг алы-гъуызон ерысты.

Уалыты Левы хисæрмагонд архивы сты Хуссар Ирыстоны автономон областы æмæ Советон Гуырдзыстоны къухдариуæгады бирæнымæц разæнгардгæнæн грамотæтæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ хорзæхтæ, кæцыты йын саккаг кодтой физикон культурæ æмæ спорты къабазы йæ бирæ азты æнтыстджын архайды тыххæй. 80-æм азты та йын лæвæрд æрцыд «Советон Гуырдзыстоны адæмон ахуырады хæрзæг (отличник)»-ы кадджын ном.

1989 азы Гуырдзыстоны Советон Республикæйы физикон культурæ æмæ спорты комитеты къухдариуæгад фæнд кодта Уалыты Левæн «Советон Гуырдзыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»-ы ном радтын спорты къабазы йе нтыстыты тыххæй. Фæлæ, уый не сразы, уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны хицауад хуссарирыстойнаг адæммæ сæ националистон ахаст æвдисын кæй райдыдтой, уымæ гæсгæ.

«Ацы ном кæй нæ райстон, уымæй равдыстон мæ протест нæ адæммæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады знагиуæгон ахасты ныхмæ», – бамбарын кодта Уалыты Лев.

33 азы дæргъы уый æнæсцухæй бакуыста Сывæллæты-æрыгæтты спортивон скъолайы директорæй. Уал азы дæргъы йæ къухтæй рацыдысты сæдæгай æвзонг спортсмены. 1994 азы Хуссар Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты рæзты йæ цæсгомджын куысты æмæ æнтыстыты тыххæй Уалыты Левæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном. Уа-лыйы фырт у фыццаг не ‘мбæс-тæгтæй ацы ном кæмæн саккаг кодтой, уый.

1933 азы Уалыты Лев ныууагъта йæ куысты бынат æмæ ацыд пенсийы. Фæлæ РХИ-йы Ахуы-рады министрады фæхуындмæ гæсгæ, уый ноджы 12 азы дæргъы бакуыста физикон культурæ æмæ спорты фæдыл инспекторæй.

Физикон культурæ æмæ спорты рæзты лæггæдтæй дарддæр ма Уалыйы фырт  Хуссар Ирыстоны зындгонд у куыд мануалон терапийы специалист,  кæцымæ цымыдис райдыдта йæ тренерон куысты рæстæджы. Æмæ уый фæстæ, 80-азты кæрон уый Мæскуыйы рацыд сæрмагонд курсытæ æмæ райста бары гæххæт мануалон терапевтæй кусыны тыххæй. Ныр 30 азы дæргъы ма йæ сæйраг куыстæй дарддæр  кусы мануалон терапевтæй дæр. 1989-1992 азты Уалыты Лев æнæаргъæй æххуыс кодта Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн, кæцытæ фæрнычын сты æнцойгæнæн-цæуæн аппараты алыгъуызон низтæй уазал рæстæджыты постыты кæй лæууыдысты, уый фæстиуæгæн.

90-азты æмбисы  куыста Уæрæсейы бирæ горæтты. Нæ юбиляры архивы ма сты йæ пациентты бирæнымæц арфæйы фыстæджытæ, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг газетты лыггæгтæ йæ бæрзонд профессионалондзинадыл фыст æрмæджытимæ. Уалыты Левы кусынмæ хуыдтой Израиль æмæ Францмæ, Уæрæсейы Федерацийы алыгъуызон егъау горæттæм, фæлæ та не ‘мзæххон не сразы йæ райгуырæн Цхинвалæй æддæмæ ацæуыныл.

85-аздзыдæй уый нырма у хъаруджын, дарддæр дæр кусы мануалон терапевтæй, æмæ афтæ-мæй пайда хæссы йæ радтæг адæмæн.

ДЖИОТЫ Руфин,

РХИ æмæ УФ-йы

Сгуыхт тренер

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.