Ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады цыртдзæвæнтæ хицæн кæнынц сæ хъæздыг мидисæй, сæ алыхуызон жанртæй æмæ бæрзонд аивадон миниуджытæй. Адæмон сфæлдыстад йæ хæзнадоны бавæрдта бирæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ, ныфсдæттæг æмæ зондамонæг уацмыстæ. Ирон фольклорæн ис бирæ хуызтæ: аргъæуттæ, кадджытæ, зарджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ. Уыдонæн се ‘ппæтæн дæр егъау ахадындзинад ис ирон адæмы царды.

Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй Джыгкайты Шамил: «Хъæздыг æмæ æвидигæ у ирон адæмон сфæлдыстад. Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст. Йæ диссаджы æвæрæнты сыгъдæгæй зынынц фæлтæрты сагъæстæ æмæ бæллицтæ. Уый уыд æмæ у царды нывæфтыд истори абон æмæ фидæнæн».

Ирон адæмон сфæлдыстады нарты кадджытæ ахсынц зынгæ бынат. Афтæ аив æмæ хæрзхъæд сты, адæмы зæрдæмæ афтæ тынг хъарынц, æмæ ма нæ дард фæстагæтты зæрдæтæ дæр рухс кæндзысты. Уый æнæмæнг афтæ кæй у, уымæн æвдисæн, бирæ æнусты дæргъы сæ адæм цæстыгагуыйау кæй бахъахъхъæдтой, уый. Ирон адæмæн кæддæриддæр тынг зынаргъ уыдысты нарты кадджытæ. Мæнæ куыд фыста уырыссаг ахуыргонд В.Б. Пфафф дæр: «Нарты кадджытæм ирон лæг абон дæр хъусы, мах Евангелимæ куыд хъусæм, афтæ зæрдиагæй».

Кадджытæ уæлдай стыр бынат ахстой рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Нæ эпос уыди адæмон педагогикæйы хъомыладон фæрæз. Ирон адæм сæ кадджыты равдыстой сæ хуыздæр миниуджытæ, бирæ æнусты дæргъы чи рæзыд æмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ чи хызти, уыдоны. Эпос  иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ, кадджыты хъайтартæ хайджын сты, адæймаг йæхицæн цæмæ фæбæллы, уыцы стырдæр хорздзинæдтæй: райгуырæн бæстæ æнæкæрон уарзтæй уарзын æмæ адæмы сæрвæлтау цард дæттын, сæрибардзинад уарзын, знæгтæм æнæуынондзинад æнкъарын, сæрыстырдзинад æмæ адæймаджы æгад чи кæны, уыцы тыхтимæ карз тох, цард уарзын æмæ йæ рæсугъдыл, йæ сыгъдæгыл тох кæнын, мæлæтмæ æнæуынондзинад, сгуыхтдзинæдтæм тырнын. Ахæм æууæлтæй хайджын цы эпос у, уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ис стыр хъомыладон тых. Хадыхъаты Х. æмæ Плиты Т. уый тыххæй фыссынц: «Педагогические идеалы видны по всему эпосу. Они особенно ярко прослеживаются в сказаниях, сюжетной линией которых является установление наиболее достойного члена общества, противоборства при исполнении поручений, требующего моральных и физических испытаний, что, кстати говоря, и является основной фабулой нартского эпоса». Нарты кадджытæ ныры рæстæджы дæр ахсынц бындурон бынат ирон дзыллæты хъуыдыты, зынаргъ хæзна сты адæмæн, уæлдайдæр та абоны мадæлон бындурæй иппæрд фæлтæры хъомыл кæнынæн. Нырыккон педагогон зонад дæр сæм уымæн аздæхта йе ’ргом, райдыдта пайда кæнын адæмон хъомылады фæлтæрддзинадæй. Уымæ гæсгæ хаст æрцыдысты райдайæн кълæсты ахуыргæнæн чингуытæм дæр. Уый фæдыл мæнæ куыд фыста В. А. Дынник: «Нартские сказания в целом представляют собой как бы наглядный кодекс нравственных идей, большую действенность в деле воспитания школьников».

Бафæрсæм нæхи: кадджытæ райдайæн кълæсты ахуырдзауæн цы дæттынц?.. Уыдон æй зонгæ кæнынц йæ рагфыдæлты истори, цардыуаг, культурæимæ. Хъомыл æй кæнынц нæртон адæймаджы хуыздæр миниуджытыл, мидисджын фæлгонцтыл. Æвзæрын æм кæнынц фыццаг æнкъарæнтæ фыдыбæстæ æмæ райгуырæн зæхмæ, фæллой æмæ лæгдзинадæн аргъ кæнын, хистæрæн кад кæнын, сылгоймагæн æгъдау дæттын. Ахуыр æй кæнынц рæсугъд æмæ хъæздыг ирон æвзагыл. Хорз æй зонæм, бирæ фæлтæртæ кæй фæцух сты нарты кадджытæй. Зынгæ уырыссаг сывæллæтты литературæ иртасæг Б. Сарнов нæ цы рæдыдæй фæдзæхста, уымæй рæзгæ фæлтæры уæддæр бахизæм: «Детская книга – та, которая, оказавшись по тем или другим причинам не прочитанная в детстве, может быть потеряна для человека навсегда». Уæдæ нарты кадджытæ райдайæн кълæсты программæтæм хаст кæй æрцыдысты, уый æхсызгон хъуыддаг у. Æртыккаг къласы скъоладзаутæ базонынц, чи уыдысты нартæ, куыд равзæрдысты, куыд, кæм æмæ цæмæй цардысты. Базонгæ вæййынц нарты зондджындæр хистæр Уырызмæгимæ. Цыппæрæм къласы сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынц ахæм таурæгътæй: «Зæронд Уырызмæджы фосы конд», «Созырыхъойы æртæ сызгъæрин нуазæны», «Нартыл фыд дуг куыд скодта» æмæ а. д. Ацы таурæгътæ кæсгæйæ, сывæллæтты цæстыты раз сыстынц тыхджын, зондджын, фæллойуарзаг, æрхъуыдыджын, зындзинæдтæй нæ тæрсаг, рæстдзинадыл тохгæнæг фыдæлтæ: Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сатана. Райдайæн кълæсты скъоладзаутæн, уæлдайдæр та горæты скъолаты, нарты кадджыты иуæй-иу тексттæ сты æгæр зын æмбарæн, уымæн æмæ, хъыгагæн, ахуыргæнæн чингуыты хæлд æрцыд педагогикæйы сæйрагдæр принциптæй иу: сывæллæтты кар хынцгæйæ, æнцондæрæй – зындæрмæ, хуымæтæгæй –  вазыгджындæрмæ. Хуыздæр уыдаид, чингуытæм кадджытæн се ’нцондæр варианттæ хаст куы ’рцыдаиккой, уæд.

Нарты кадджытæ фæзындысты райдайæн кълæсты ахуыргæнæн чингуыты, фæлæ сæ ахуыр кæныны методикæмæ нырма фаг ’ргом здæхт не ’рцыд. Цы хицæн фиппаинæгтæ, хъуыдытæ, амынддзинæдтæ зонæм, уыдон та фаг æххуыс не сты ахуыргæнæджы куысты. Пайда кæнæн ис уырыссаг æмæ ирон адæмон сфæлдыстад ахуыр кæныны методикæйы бирæ алыхуызон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй дæр. Æрмæст зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ нарты кадджытæ ахуыр кæнынæн кæй ис йæхи хицæндзинæдтæ дæр, кæцыты ахуыргæнæг æдзухдæр хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ афтæмæй араза йæ методикæ. Нарты кадджытæ равзæрдысты тынг раджы – скифты, сæрмæтты, аланты æхсæнадты. Кæд æмæ сæ мифологи æмæ аргъауы æрымысындзинад  тыхджын у, уæддæр сæ бæлвырд зынынц нæ рагон фыдæлты царды миниуджытæ. Эпосы иртасджытæ ма нарты кадджыты хонынц ирон адæмы царды энциклопеди дæр. Темæ бацамонын ахуыргæнæгæй домы ирон адæмы рагисторийæ бæлвырд зонындзинæдтæ. Скъоладзаутæ кадджыты цæмæй хуыздæр бамбарой, сæ зæрдæтæм сæ тынгдæр айсой, уый тыххæй ахуыргæнæджы бæстон бацæттæ кæнын хъæуы разныхасы урок. Ацы куысты спайдагæнæн ис ахæм æрмæгæй: Ирон адæмы рагфыдæлтæ уыдысты скифтæ, сæрмæттæ, алантæ. Скифтæ цардысты Сау денджызы былгæрæттæй Астæуккаг Азийы суанг Сыбыры онг тыгъд быдырты. Кодтой цæугæ цард. Скифаг обæуттæ уыцы быдырты абон дæр æвдисæн сты сæ заманы цæрджыты цард, культурæ, æгъдæуттæн. Сæрмæттæ цардысты Хъаспы денджызы ´хсæн тыгъд быдырты. Уыдон дардтой фос, уыдысты бæхджын æфсæддонтæ. Нæлгоймæгтимæ сылгоймæгтæ дæр цыдысты тохмæ… Цæгат Кавказы, Идылы æмæ Доны быдырты цæрæг сæрмæтты мыггæгты фыццаг æнустæй фæстæмæ хонын райдыдтой алантæ. Уыдонæн сæ хæстон арæхстдзинад æмбисондæн хастой иннæ адæмтæ æмæ паддзæхтæ… Историон æрмæг райдайæн кълæсты ахуырдзаутæн цæмæй хъусынмæ зын ма уа, уый тыххæй йæ фæрогдæргæнæн ис скифты, сæрмæтты равзæрды таурæгътæй. Сывæллæтæм уæлдай тынгдæр бахъары грекъаг фыссæг Лукианы новеллæ «Тохсары фырт, кæнæ Хæлардзинад». Ахæм таурæгъон æрмæджы фæрцы скъоладзаутæ сæ зæрдæтæм хæстæгдæр айсынц нæ рагфыдæлты æрдхæрæны миниуджытæ. Уый та у темæ хуыздæр бацамоныны фæрæзтæй иу. Историон афæлгæсты фæстæ ахуыргæнæг скъоладзаутæн æмбарын кæны, нарты кадджыты æвдыст кæй цæуы скифты, сæйрагдæр та аланты цард. «Нартæ» – ахæм адæмы хатт æцæг кæй нæ уыд, уый æрмæст кадджыты æрымысгæ ном кæй у. Афтæмæй ахуыргæнæг йæ разныхасæй скъоладзауты сифтонг кæны историон зонындзинæдтæй, кæцытæн ис егъау ахадындзинад темæ райхалынæн, арф хъуыдытæ гуырын кæнынæн. Нарты эпос тынг рагон кæй у, уымæ гæсгæ дзы ис, канд абоны скъоладзауæн нæ, фæлæ ахуыргæнæгæн йæхицæн дæр бирæ зынæмбарæн дзырдтæ æмæ цаутæ. Хъыгагæн, ахуыргæнæн чингуыты дæр сæ фылдæр æмбарынгæнæн дзырдуатмæ хаст не ’рцыдысты. Скъоладзау хибарæй текст куы кæса æмæ йын дзы бирæ æнæмбæрстгонд дзырдтæ куы уа, уæд кадджытæм йæ цымыдисдзинад бæлвырд фæмынæг уыдзæн. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæг дзырдуатон куысты хъуамæ спайда кæна эффективондæр мадзæлттæй. Зæгъæм: иутæн сæ нысаниуæг бамбарын кæна зонгæ дзырдты фæрцы (гуырымыхъ, фæтыг, болат, стæр), иннæтæн та сæ равзæрды тыххæй цымыдисаг æрмæг радзура (нуазæн, Зилахары быдыр, Уæрхæг, æлутон, царциатæ). Æнæмбæрстгонд бынæттæн та райхала сæ хъуыды, зæгъæм: Уырызмæгæй нарты хъалтæ хынджылæг кæнынц, Сосланы кæрц – сæрыцæрмттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ахсджиаг куыстытæ сæххæст кæнын ахуыргæнæгæй домынц бирæ зонындзинæдтæ æмæ методикон арæхстдзинад. Уымæн ма стыр ахъаз сты В. Миллеры, Ж.Дюмезилы, Абайты Васойы, В.Кузнецовы, Гуыриаты Тамерланы æмæ æндæрты куыстытæ. Ахуыргæнæг уæлæнгай цæстæй куы акæса нарты кадджытæ ахуыр кæнынмæ, уæд темæ райхалын, скъоладзуты ахуыры æрмæг кæсынмæ сразæнгард кæнын йæ къухы нæ бафтдзæн. Методикон амынддзинæдтæ кадæг «Нарты равзæрд» бацамонынæн нарты кадджытæй иуæй-иутæ скъоладзутæн æгæр вазыгджын сты. Ахуыргæнæджы хъæуы ахсджиагдæр мадзæлттæ агурын, цæмæй сын сæ мидис æнцондæрæй æмæ арфдæр бамбарын кæна. Зæгъæм, куыд хуыздæр сахуыр кæнæн ис текст «Нарты равзæрд» скъоладзаутимæ. Æрмæг хъусынмæ уæззау кæй у, сюжеты æппæт цаутæ бахъуыды кæнын скъоладзаутæн сæ бон кæй нæма вæййы, уымæ гæсгæ йæ адихгæнæн ис, æнцонæй кæй бамбарой, ахæм хæйттыл. Хæйттæм гæсгæ саразæн ис текстæн схемæ, кæцы æххуыс у алы хайæн дæр йæ сæйраг хъуыды бæлвырддæр раиртасынæн, цауты цыд бамбарынæн, сюжет фæдфæдыл радзурынæн. Ахуыргæнæг аив бакæсы тексты фыццаг хай «Хуыцау агуры зæххы аккаг адæм». Уый фæстæ сывæллæттæм ратты фæрстытæ: 1. Фыццаг цавæр адæмыхæттыты сфæлдыста Хуыцау? 2. Цæмæн-иу фесæфта Хуыцау уыцы адæмыхæттыты? Фæрстытæн дзуапп дæтгæйæ, ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты ’хсæн рæзы баст ныхас.

Нарты æртæ мыггагыл ныхасгæнгæйæ, радзурын хъæуы Геродоты таурæгъ скифты равзæрды тыххæй: «Скифты паддзах Таргитайæн уыдис æртæ фырты. Лæппутæй иу хъуамæ йæ фыды фæстæ суыдаид паддзах. Уыцы рæстæджы уæларвæй æрхауд æртæ сызгъæрин дзаумайы: гутон æфсондзимæ, хæстон фæрæт æмæ къус. Фыццаг сæ федта хистæр лæппу. Æввахс сæм куы бацыди, уæд арт суагътой. Астæуккаг æфсымæрæн дæр дзаумæттæ райсын йæ бон нæ бацис. Афтæмæй сызгъæрин дзаумæттæ фесты кæстæр лæппуйы. Дыууæ хистæр æфсымæры сразы сты паддзахдзинад уымæн раттыныл».  Ахуыргæнæг ма скъоладзаутæн æмбарын кæны, скифты æхсæнад дихгонд кæй цыд бæркадхæсджытæ, æфсæддонтæ æмæ дингæнджытыл. Ахæм дихдзинад уынæм нарты кадджыты дæр. «Нарты фыдæл -Уæрхæг» бакæсыны фæстæ ахуыргæнæг сывæллæтты ’ргом здахы сæйраг проблемон хъуыдымæ: нарты Уæрхæг æцæг зæххы аккаг разынди æви нæ. Скъоладзаутæ йын нымайынц йæ миниуджытæ, йæ арæстдзинад æмæ йын уыдонмæ гæсгæ ссарынц йæ бынат нарты равзæрды схемæйы.

УАЛЫТЫ Татьянæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.