Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд республикæйы экономикæйы рæзтæн фадæттæ аразæг оперативон штабы æмбырд.

Сæвзæргæ экономикон уавæр хынцгæйæ, паддзахады æмвæзадыл арæзт цæуынц цыбыркъух адæмæн уæлæмхасæн социалон æххуысы мадзæлттæ. Уыцы фарстаты фæдыл уыд йæ ныхас Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæйæн.

Ведомствæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй фæстаг азты уæрæхдæр пайдагонд цæуы со-циалон бадзырды тыххæй программæйы фадæттæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм социалон бадзырдтæ фидаргонд цæуынц, хи чысыл амалхъомадон проекттæ царды рауадзынвæнд чи кæны, кæнæ хи хæдзарадты райрæзтыл бакусын кæй фæнды, уыцы æвæрæз адæмимæ. Амынд программæйы архайд ныридæгæн хуыздæрæрдæм ахады цыбыркъух бинонты цардыл, уæлæмхасæн кусæн бынæттæ гом кæныны хъуыддагыл. Уыцы æууæл хынцгæйæ, дарддæр дæр уæрæх пайдагонд цæудзæн программæйы гæнæнтæй.

Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой нысанмæ арæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнынмæ дæр. Дзанайы фырт профилон ведомствоты разамонджытæм бахатыд, цæмæй амынд программæтæ æмæ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ здæхт цæуа фыццаградон æргом.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы куыст цæуы 11 национ проекты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Уыцы мадзæлттæн дихгонд æрцыд 12 миллиард сомы бæрц. Управленийы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæт бæрнон ведомствотæ æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ дæр бирæвæрсыг куыст кæнынц, цæмæй азы кæронмæ нысангонд объекттæ арæзт æмæ цалцæггонд æрцæуой.

Æмбырды архайджытæ ма ноджыдæр бæлвырд æрдзырдтой, национ проектты фæлгæтты республикæйы ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, спорты, туризмы, фæндаггон хæдзарад æмæ цæрæнуатон-коммуналон комплексы цы ахсджиаг объекттæ арæзт æмæ цалцæггонд цæуы, уыдоны абоны уавæрыл.

Ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй министрады ‘рдыгæй æппæтвæрсыг цæстдард хъуамæ уа, паддзахадон гранттæ цас раст хардзгонд цæуынц, æвзæрст проекттæ царды куыд ахадынц, æппæт уыцы хъуыддæгтæм.

 

ФЫДБЫЛЫЗТÆЙ

БАХИЗЫНМÆ

Паддзахадон автоинспекцийы дзæуджыхъæуккаг хайады инспектортæ цы рейдтæ аразынц, уыдоны рабæрæг кæнынц, æнæзакъонæй бæлццæттæ æмæ уæзтæ ласыны куыст чи кæны, автомобилон транспорты уыцы хицæутты.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахæм рейдтæ фæндагон инспектортæ рæстæгæйрæстæгмæ аразынц. Æнæзакъонæй, ома, сæрмагонд лицензи нæ  райсгæйæ, бæлццæттæ æмæ уæзтæ ласыны куыст чи кæны, уыцы рог транспорты хицæуттæ иваргонд цæудзысты 50 мин сомæй, хицæн амалхъомтæ – 100 мин сомæй. Уыимæ ист æрцæудзæн машинæ дæр.

Æппæт уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, паддзахадон автоинспекци фæндагон змæлды æппæт архайджытæм дæр фæсидт, цæмæй ахæм æнæзакъон лæггæдтæн фадæттæ ма аразой. Уымæй сæхи бахиздзысты административон æфхæрдтытæй.

                                         Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.