НОГ  ПРОЕКТТИМÆ – ФОРУММÆ

Уæрæсейы æрвылазон форум “Форум – 2019” та Сочийы йæ дуæрттæ уæрæх байтыгъта бæстæйы алы регионты цæрджытæн. Æдæппæт дзы хайад исынц Уæрæсейы 42 субъекты. Уым, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр алыхуызон инвестицион проекттимæ архайы Цæгат Ирыстон дæр. Делегацийы сæргъ сты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Мæскуыйы Дзанайты Барис.

Стыр уæзгæ хуынтæ ахастой равдыстмæ республикæйы делегацийы архайджытæ.  Форумы хицæн стендыл сæрмагонд ном “Сделано на Кавказе”- йыл равæрдтой алыхуызон проекттæ туризмы, агрохолдингы, хъæууонхæдзарадон æмæ медицинон техникæ уадзыны, дыргъ æмæ халсаргуысты кæсагдарды, арæзтадон æрмæг уадзыны фæдыл инвестицион проекттæ.

Сæ зындгонд продукци равæрдтой республикæйы зындгонд куыстуæттæ “Березка”, “Дамзофф”, “Бавария”, “Дюбуа”, “Богачев”, “Де – Густо”, “Фат – Агро”, “Сады Алании”, “Дауров” , “Лето косметикс” æмæ æндæртæ.  Æдæппæт 32 проект æмæ равдысты бæрц.

“Ацы аз æвзæрст æрцыдысты иууыл хуыздæр проекттæ алы къабазы дæр. Ахсджиаг у, цæмæй нын нæ республикæйы базоной æмæ немæ аразой æмгуыстады бастдзинæдтæ. Нæ равдысты фæз афтæ срæсугъд кодтам æмæ цæст йæхимæ здахы. Республикæйы æппæт фадæттæ дæр сарæзтам инвестицион проекттæ царды уадзынæн, экономикон партнерты  æргом раздахынмæ. Куыстуат байгом кæнын кæй бафæнда, уымæн иуварс цæуынц æппæт административон гæрæнтæ. Документтæ бацæттæ кæныны хæс йæхимæ исы амалхъомыладæн æххуысы фонд. Мах хъæуы канд ног продукци нæ, фæлæ цы пайда хæсдзæн, уый”, – журналисттæн фехъусын кодта Дзанайты Барис.

Цæгат Ирыстоны экономикон министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй форумы сæйраг уазæг, Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев сæйраг æргом аздæхта нæ республикæйы проекттæ æмæ равдыстмæ. Битарты Вячеслав ын радзырдта хуздæр национ проектты тыххæй, кæцытæ, планмæ гæсгæ, рæхджы реализаци хъуамæ æрцæуой.

Дмитри Медведев куыд банысан кодта, афтæмæй йæм нæ проекттæ цымыдис равзæрын кодтой æмæ ныфс бавæрдта тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстонмæ æрцæуынæй, цæмæй хæстæгдæр семæ базонгæ уа.

Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, инвестицион форум у ахсджиаг мадзал,  гæнæнтæ æмæ программæтæ равдисынмæ, стæй æндæр субъекттимæ кæрæдзи фæлтæрддзинад ахуыр кæнынмæ.

“Ныфс нæ ис ацы форумы æмгуыстады бастдзинæдтæ саразынæй. Уыйас хъæугæ проекттæй мачи равзара æмæ йæ республикæйы куыстуат байгом кæнын ма бафæнда, уый мæ нæ уырны. Ацы форумы руаджы раздæр азты махмæ фæзындысты цалдæр стыр куыстуаты, зæгъæм, гипермаркеттæ “Метро”, “Леруа Мерлен” æмæ æндæртæ. Уыдон хорз пайда хæссынц бюджетæн, адæмæн дæттынц куысты бынæттæ. Цы продукци равæрдам, уый дæр исчи агурдзæн иннæ регионтæй æлхæнынмæ, ивынмæ. Кæд иу проект дæр исчи райса, уæд уый уыдзæн хорз æнтыст”, – банысан кодта Битарты Вячеслав.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.