Ахуыргæнæг, хъомылгæнæг… Цас фарн ис ацы дзырдты.  Ахуыргæнæджы професси æрмæст професси нæу, фæлæ у адæймаджы бæрзонддæр нысан, ныхыфыст. Абон уын цы уæздан сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр ахуыргæнæджы дæсныйад ныхыфыст у.

Æрвылаз дæр Зонындзинæдты æмæ ахуыргæнæджы боны цытæн дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ ссарынц абон рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ стыр хайбавæрд чи хæссы, уыдоны нæмттæ. Фæлæ нæ цæмæдæр гæсгæ айрох вæййынц дæсгай азты дæргъы скъоладзау фæсивæды хъомыладмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, сæ зонындзинæдтæ сын æнæвгъау чи амыдта æмæ абон æмбæлон улæфты, ома пенсийы чи сты, уыцы ахуыргæнджыты нæмттæ. Абон мæ бафæндыд уыцы рæдыд сраст кæнын æмæ ахуыргæнæджы дунеон боны цытæн 50 азы дæргъы йæ хъомылгæнинæгтыл цырагъау чи тад, хи хъæбулау сæ чи рæвдыдта æмæ абон пенсийы чи ис, уыцы диссаджы хæларзæрдæ сылгоймаг Бететы Еленæ Федыры чызджы ном ссарын.

Уый райгуырд горæт Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Федыр Степаны фырт уыд 1935 азы Сталиниры педагогон институты математикон факультеты фыццаг рауагъдонтæй сæ иу. Институты фæстæ йæ  кусынмæ фæхуыдтой партийы обкомы лекторты къордмæ, цыран бакуыста 1941 азы онг. Фæлæ уыцы аз райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Федыр дæр, æндæр ирон лæппутау, ацыд фронтмæ. Райдианы  уал знаджы ныхмæ хæцыд Ленинграды цур æмæ Керчы. Уый фæстæ та Белорусийы фронты хайад иста горæт Бобруйск ссæрибар кæныны сæрыл карз тохты. Схызт капитаны цины онг. Керчы сæрыл карз тохты фæцис уæззау цæф.  Хæсты фæстæ æрцыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта завод «Эмальпровод»-ы цехы хистæрæй, уыцы  иурæстæджы ма  уыд заводы парторг дæр. Абоны онг дæр æй  куыстуаты раздæры кусджытæй бирæтæ хъуыды кæнынц. Бакуыста дзы бирæ азты дæргъы. Еленæйы мад Гатыгкоты Надеждæ та куыста партийы обкомы 1-аг секретары æххуысгæнæгæй. Уый фæстæ та куыста Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады управленийы кадрты хайады хистæрæй. Схъомыл кодтой дыууæ хъæбулы – Ленæ æмæ Валентины.

Бететы Еленæ 1957 азы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис нæ горæты 3-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПИ-йы историон-филологон факультеты. Уыдис дзы стыр конкурс, фæлæ Ленæ йæ хорз зонындзинæдты фæрцы ссис студент. 1962 азы институт тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта нæ горæты 8-æм скъолайы. Æвзонг чызг уайтагъд ссардта иумиаг æвзаг куыд йæ коллегæтимæ, афтæ йæ ахуыргæнинæгтимæ дæр. Йæ куыстæй иста стыр æхцондзинад, цыма йыл базыртæ басагъд, уыйау кусынæй нал æфсæст. Ацы уагдоны историйы ахуыргæнæгæй  бакуыста фондз азæй фылдæр. «1965 азы фыццаг хатт ацы скъолайы бакодтой эксперименталон кълас, цыран ахуыр кодтой ахуыр чи нæ фæрæзта æмæ дыгай хæттыты сæ бынæтты чи баззадысты, ахæмтæ. Скъолайы директор Цоциты Жанеттæ мæм бахатыд, цæмæй сын амыдтаин историйы уроктæ æмæ уыцы иурæстæджы уыдаин сæ къласгæс дæр. Æз ын нæ разы кодтон, фæлæ мæм афтæ тынг бахатыд æмæ уæлдай ницыуал сдзырдтон. Мæ ахуыргæнинæгтæй ма уыдаин  6 азы хистæр. Æгæрыстæмæй, ахуырдзаутæй иу, Тохъмайты лæппу  та рацыд ахæстонæй, æнахъом кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ссæрибар кодтой æмгъуыдæй раздæр. Æппæлынмæ мын æй ма айсут, фæлæ семæ тынг бакуыстон, иумиаг æвзаг ссардтам æмæ иууылдæр раст фæндагыл нылæууыдысты. Тохъмайты лæппу абон цæры Сочийы, кодта амалиуæггæнæджы куыст. Каст фæцис автофæндагон институт. Ис ын бинонтæ æмæ хъæбултæ», – йæ зæрдыл æрлæууыд Бететы чызгæн.

Нæ горæты 9-æм астæуккаг скъола куы байгом, уæд æй уырдæм фæхуыдтой кусынмæ историйы ахуыргæнæгæй. Ацы скъолайы дæр 5-6 азы бакусыны фæстæ йæ уавæртæм гæсгæ рацыд 5-æм астæуккаг скъоламæ. Бакуыста дзы цалдæр азы, фæлæ та уæдмæ байгом æрцыд 12-æм астæуккаг скъола æмæ йæ дæсныйады иттæг хорз специалист æрвыст æрцыд уырдæм историйы ахуыргæнæгæй. Ацы скъолайы бакуыста 1972 азæй 1994 азмæ.

1990 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд кæй райдыдта, уый фæстиуæгæн бынтондæр схæццæ чысылнымæц ирон адæмы цард. Ахуырдзаутæн дæр сæ ахуыры гъæд, сæ уагахаст бæрæг февзæрдæр. Ленæйæн та ахæм уавæрты йæ бон кусын нæ уыд. Бахъуыд æй йæ куыст ныууадзыны сæр. Уæдмæ-иу йæ урокты рæстæджы къласы бындз куы атахтаид, уæддæр йæ уынæр фехъуыстаид. Лæмбы-нæгæй-иу æм хъуыстой йæ ахуыргæнинæгтæ, тынг дзы аргъуц кодтой иууылдæр. «50 азы бæрц ахуыргæнæгæй ба-кусгæйæ, æз никуы хъуыды кæнын æмæ мæ  урокты рæстæджы искуы бандоныл æрбадтæн. Иууылдæр кодтон лæугæ æмæ сын афтæмæй амыдтон урокты темæтæ. Куыд гæнæн уыд æмæ мæм урок амоныны рæстæджы ахуыр-дзаутæй исчи ма хъуыстаид. Никуы никæйы бахъулон кодтон мæ хъомылгæнинæгтæй, алкæмæ дæр сæ дардтон иугъуызон уарзæгой ахаст. Амæй размæ мыл амбæлд мæ раздæры ахуыргæнинаг Козаты Джемал, кæцы  куыста барадхъахъхъæнæг органты бæрнон бынаты, уый мыл тынг бацин кодта æмæ мын афтæ зæгъы: «Еленæ Федыры чызг, стыр бузныг дæ стæм иууылдæр, абоны онг дæр сæ хъуыды кæнын историйæ мын цы бацамыдтай, уыдон».

Ленæ йæ ахуырдзаутæн афтæ тынг бауарзын кодта историйы предмет æмæ сæ бирæтæ равзæрстой ацы дæсныйад. Зассеты Лианæ, Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы историйы ахуыргæнæг: «Историйы ахуыргæнæджы дæсныйад Еленæ Федыры чызджы тыххæй равзæрстон. Тынг мын бауарзын кодта йæ предмет æмæ дзы нал фæхицæн дæн скъола каст фæуыны фæстæ дæр. Тынг цымыдисон уроктæ уагъта. Уыд раст æмæ домаг, фæлæ уыцы иурæстæджы тынг фæлмæнзæрдæ. Урок-иу куы амыдта æмæ-иу йæ хъомылгæнинæгтæй исчи  куы ныхас кодта, уæд-иу йæ дзурынæй æрлæууыд, уыдон дæр-иу æй уайтагъд бамбæрстой æмæ-иу сæ ныхасæй фæлæууыдысты. Афтæ лæмбынæг-иу нын бацамыдта урочы темæ æмæ-иу бирæты хæдзары йæ сахуыр кæныны сæр дæр нал бахъуыд, къласы-иу æй базыдтам. Йæ хъæр ныхас, йæ хыл ын никуы ничи фехъуыста æмæ уымæй йæ ахуырдзауты цæсты уыд уæлдай кадджындæр. Ме ‘мкъласон Веретенников Игорь уыд æфсæддон бинонты лæппу æмæ се службæйы æмгъуыд куы фæцис, уæд ацыдысты Ижевскмæ. Хуссар Ирыстоны цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй куы базыдта, уæд æрцыд Цхинвалмæ æмæ фыццаг кæмæ бацыд, уый уыд Еленæ Федыры чызг. Уырыссаг лæппу дæр æй нæ ферох  кодта дæсгай азты фæстæ дæр, хорз ын ахуыр кодта йæ предмет».

Йæ раздæры ахуыргæнинæгты æнтыстытыл тынг фæцин кæны Ленæ. Сæ коймæ йæ цæсгомыл ахъазыд мидбылхудт, йæ цæсгом фæрухс. «Мæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ систы зынгæ адæймæгтæ, юристтæ, иттæг хорз дохтыртæ. Зæгъæм, Захарова Тина, Плиты Алыксандр, Гæбæраты Миленæ систы дохтыртæ. Миленæ кусы Мæскуыйы дохтыр-акушерæй æмæ йæм хуссарирыстойнæгтæй исчи куы бахауы йæ тыхст уавæрмæ гæсгæ, уæд сын тынг балæггад кæны. 8-æм скъолайы  ма куы куыстон, уæд мæм мæ ахуыргæнинæгтæй иу – Коцты лæппу бахатыд, зæгъгæ, дам, Уæрæсемæ цæуын æфсæддон ахуыргæнæндонмæ æмæ мын цыппары бæсты фондз куы нывæрис. Æз ын йæ домæныл не сразы дæн, æмæ йын загътон,  ацу «цыппар»-ы нысанимæ, зæгъын,  æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, кæй бахаудзынæ, ууыл. Лæппу мæм кæмдæр хъыг дæр фæцис. Рацыдаид дыууæ азы бæрц æмæ йыл амбæлдтæн Театралон фæзуаты. Лæппуты ‘хсæн лæууыд æфсæддон дарæсы æмæ мæм худтис. Уайтагъд æй зонгæ дæр нал бакодтон, фæлæ мыл уый йæхи æрбаппæрста æмæ мыл нытыхст. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ уынд мæнæн дæр тынг æхсызгон уыд, фæцинтæ йыл кодтон. Уый мын афтæ, зæгъгæ, дам, дæ фæрцы бацæуæн фæлварæнты историйæ райстон фондз. Дæ цыппар, дам, фондзы фаг разынд. Загъта мын бузныджы ныхæстæ», – радзырдта мын Бететы Еленæ.

1997 азы октябры мæйы йæ кусынмæ фæхуыдта Басишвили Венерæ. Уый бакодта сæрмагонд скъола «Альбион». Ленæ йын нæ разы кодта, зæгъгæ, æз уарзын цæсгомджын куыст кæнын æмæ мæ хъомылгæнинæгтæй дæр домын хорз ахуыр кæнын. Венерæ йын загъта, зæгъгæ, бафæлвар æмæ кæд дæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд дæ бардæхи. Уый дæр уæлдай ницыуал сдзырдта æмæ райдыдта истори амонын. Фыццаг бонтæй фæстæмæ барухс йæ зæрдæ йæ ахуырдзауты æнтыстытæ æмæ уагахастæй. «Альбион»-ы бакуыста 12 азæй фылдæр. Æвæццæгæн, дзы абоны онг дæр кусит йе ‘нæниздзинад куынæ фæцудыдтаид, уæд. Бæргæ йæ нæ фæндыд йæ уарзон коллектив æмæ ахуыргæнинæгты ныууадзын, фæлæ… Йæ куыст ныууагъта 2009 азы. Æртæ азы йæм æрвыстой, хуыдтой йæ скъоламæ, фæлæ нал сразы. Фæлæ йæ «Альбион»-ы коллектив сæ директор Гуыцмæзты Иринæйы сæргълæудæй нæ рох кæнынц. Фæхонынц æй алыгъуызон мадзæлттæм.  Æрвылаз дæр ын ахуыргæнæджы бонмæ æрбарвитынц зæдылдарæн лæвæрттæ. «Еленæ Федыры чызг у æрмæст не скъолайы нæ, фæлæ нæ республикæйы хуыздæр ахуыргæнджытæй сæ иу. У уæлдæр категорийы профессионал, æнахуыр интеллигентон адæймаг. Мах æй нæ уагътам,  бæргæ ма нæм абон дæр куы кусит. Уымæн ахуыргæнæджы курдиат Хуыцауæй радтгæ у. Бирæ æвзонг фæлтæртæ рацыд йæ къухæй», – банысан кодта гимназ «Альбион»-ы директор Гуыцмæзты Иринæ.

Еленæйы цæсгомджын куыстæн саргъ кодта РХИ-йы къухдариуæгад. Лæвæрд ын æрцыд РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. У куысты ветеран. Хорзæхджын ма у бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Бирæ хæттыты Еленæйы, куыд иттæг хорз ахуыргæнæг, афтæ ХИПИ-йы къухдариуæгад фæхуыдта исæн фæлварæнтæм.

Бететы Ленæйы цардæмбал Джиоты Зауыр абон сæрæгас нал у, йе ‘нусон бæстæм аивгъуыдта иу азы размæ. Зауыр каст фæцис ХИПИ-йы ирон-уырыссаг факультет. Уый фæстæ куыста йæ райгуырæн хъæу Цъоны 8-азон скъолайы нырма ахуыргæнæгæй æмæ стæй та директорæй. Фæстæдæр йæ царды уавæртæм гæсгæ æрцыд Цхинвалмæ æмæ бирæ азты дæргъы бакуыста УКС-ы экспедиторæй. Хæрзæгъдау æмæ куыстуарзаг цардæмбæлттæ схъомыл кодтой дыууæ хъæбулы – Каринæ æмæ Роланды. Дыууæ дæр сæ ныййарджытау сты хæрзæгъдау, царды раст фæндагыл лæуд. Роланд йæхæдæг дæр йæ цардæмбал Цхуырбаты чызгимæ хъомыл кæнынц дыууæ чызджы. Лæппу цард æмæ куыста Дзæуджыхъæуы, фæлæ 2004 азы æрцыд йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ уæдæй фæстæмæ активон хайад иста знаджы ныхмæ тохты. Уыд батальоны командиры хæдивæг. 2008 азы августы хæсты дæр йæ хæстон æмбæлт-тимæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдта гуырдзиаг тыхæйисджытæн æмæ афтæмæй йæ хайбавæрд бахаста йæ райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинады хъуыддагмæ. Йæ бинонтæ дзы цалдæр боны зонгæ дæр ницы кодтой æмæ тынг уæззау рæстæг арвыстой уый тыххæй.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр æмæ Ленæ æрвылаз дæр кæй рафыссы бынæттон периодикон мыхуыр. Ныр дæр æй хæдзары баййæфтон газет «Хурзæрин» кæсгæйæ æмæ мын уыд тынг æхсызгон.

Джиоты Зауыр йæ фæрнæйдзаг хæдзары фарн йемæ нæ ахаста, ныууагъта йæ йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ хъæбулæн. Æмæ  Джиоты хæдзар куыд уазæгуарзон уыд, афтæ у абон дæр. Куы сæм бафтай уазæгуаты, уæд дæ дæ къах нал хæсдзæн, уыйбæрц хъармдзинад сæ цæуы ацы уæздан бинонтæй. Семæ ныхас кæнынæй адæймаг нал фефсæды.

Еленæ Федыры чызг, арфæ дын кæнæм ахуыргæнæджы дунеон боны цытæн. Бирæ азты нын æнæнизæй фæцæр  æмæ дæ уындæй рухс кæн,  бирæ кæй уарзыс, уыдоны зæрдæтæ!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.