ÆВЗАРЫН ÆМÆ ÆВЗÆРСТЫТÆ

Æвзарын бар, æвзарыны фадат кæмæн ис, уыдон иууылдæр æвзарынц. Нæй равзарæн иуæй, уымæн æмæ иу у æмæ дæ куы хъæуа, уæд æй хъуамæ райсай, балхæнай дæхицæн. Равзарæн ис дыууæ æмæ уымæй фылдæр цæмæйдæртæн. Æмæ æвзарæм. Æвзарæм хуыздæрты. Цы æмбæлттæ, хæлæрттæ нын вæййы, уыдонæй равзарæм хуыздæрты æмæ нын семæ уæлдай хъармдæр ахастытæ вæййы. Базармæ, магазинмæ бацæугæйæ, дæхицæн равзардзынæ, дæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцæуа, хуыздæрыл кæй банымайай, ахæм хæлаф, къаба, хæдон кæнæ æндæр ахæм исты уæлæдарæс.  Уæдæ картофы, къабускайы, харбызы кæритæй дæр дæхицæн сæ мæгуырауты кæм сæвзардзынæ. Уæдæ æрыгон адæймаг дæр йæ цæст куыннæ фæхæссы æнæуæрст адæмыл æмæ дзы йæхицæн цардæмбалæн куыннæ равзары, иууыл рæсугъддæр, иууыл зынаргъдæр ын чи свæййы, ахæмы!

Мах æвзарæм æвзæрты дæр. Æмæ сæ нæхи хизæм, архайæм, цæмæй нын семæ, гæнæн уæвгæйæ, мацы уа иумæйагæй. Иууыл æвзæрты, ома, алыгъуызон фыдгæнджыты та барадхъахъхъæнæг органты куысджытæ махæй ахицæн кæнынц æмæ сæ ахæстоны бакæнынц. Афтæ нæхицæй дарддæр кæнæм æвзæрты, æввахсдæр та – хуыздæрты.

Æвзаргæ æрмæст адæм нæ кæнынц. Æндæрты ‘хсæн хуыздæрты æвзарынмæ арæхсынц цæрæгойтæ дæр. Цæвиттон, мыст цыхтытæм куы баивæрзы, уæд зоны, йемæ дзы кæй ницы ахæсдзæн, стæй дзы хæргæ дæр цас хъуамæ бакæна! Фæлæ цы бахæра, уымæн йæ гъæд хъуамæ бæзза. Равзарыны фадат ын нæй, æви цы! Æмæ бирæ цыхтытæй равзары хæрзаддæр цыхты. Æмæ йæхи сæфсады. Æнæхъуаджы нæ нæ дзурынц адæм, зæгъгæ, мыст цы цыхтæй бахæры, уый хæрзаддæр вæййы. Æндæр цæвиттон. Куыдз æмæ гæды кæрæдзийæн æнæуынон сты, фæлæ ис ахæм куыйтæ æмæ гæдытæ, кæрæдзийыл чи æрцахуыр вæййынц æмæ æнæ кæрæдзи сæ бон цæрын кæмæн нал вæййы. Ахæм вæййы уыдонæн та сæ равзæрст…

Раздахæм нæхимæ, адæммæ. Дзырд «æвзарын»-æй фæзынд дзырд «æвзæрстытæ». Нæ адæммæ æвзæрстытæн йæ райдиан формæ баст уыдис Ныхæстимæ. Ныхас алы хъæуы дæр уыдис æмæ йæм æвзæрстой иууыл дзырддзæугæдæр, нымаддæр, æгъдауджындæр зæронд адæймæгты. Уæд къухыл схæцыны, бюллетентæ асыччыты æп-парыныны руаджы нæ хъæлæс кодтой, фæлæ-иу хъæубæстæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй иумиаг хъуыддæгтæ Ныхасы скъуыддзаг кодтаиккой, хорз кæй зыдтой æмæ кæуыл æууæндыдысты, ахæмтæ.

Фæстæдæр, советон дуджы, адæм сæ иумæйаг æмбырдты къухыл схæцгæйæ, хъæлæс лæвæрдтой æмæ сæхицæн æвзæрстой колхозы сæрдары, бригадиры, бынæттон Советмæ депутаты. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты хуыздæрты хуыздæртæ, сæ архайдæй æндæрты дæр разæнгард кодтой фæллойадон æнтыстытæм. Ныр колхозтæ нал ис æмæ фесæфтысты сæ сæрдæрттæ дæр, афтæ бынæттон Советтæ æмæ сæ депутаттæ, уыдонимæ бригадиртæ дæр. Æвзæрстыты рæстæджы ма сæвзарæм нæхицæн Президент æмæ Парламентмæ депутаттæ. Уыдонæй та бирæты сæ биографион зонæнтæй дарддæр æвзарджытæ нæ фæзонынц. Æмæ депутаты бандæттæ чи бацахсынц, уыдонæй разыны ахæмтæ, кæцытæ нæ фæцарæхсынц депутатон, закъонфæлдыстадон архайд кæнынмæ. Уый æрмæст махмæ нæу афтæ, алы бæстæйы дæр бынат вæййы ахæм цаутæн. Цæвиттон, цал æмæ цал губернаторы æрцыдис ахст Уæрæсейы, УФ Федерацийы Советы куыд бадт фыдгæнæг æмæ йæ комкоммæ залы куыд æрцахстой.

Æвзæрстытæ хуыздæрты ‘хсæнæй хуыздæрты æвзарыны иттæг хорз фæрæз кæй нæу, уый нысан кодтой рагон философтæ дæр, æмæ кæд æнустæ ивынц æнусты, уæддæр адæймагад нырма хуыздæр ницы æрымысыд.

ИС ÆЦÆГ РÆСТДЗИНАД?

Ис рæстдзинад нæ уæлион царды æви нæ? Ацы фарст, æвæццæгæн,  адæмты сæ равзæрстæй фæстæмæ тыхсын кæны. Æмæ ма ахъуыды кæнæм, кæддæр, рагзаманты, нæ рагфыдæлтæ дыууæ къахыл цæуынхъом куы нæма уыдысты æмæ-иу иумæ цы сырд амардтой, уый сыл æмхуызон дих цыдис, кæнæ фылдæр чи хордта, уый-иу йæ хайæ лæмæгъдæрæн авæрдта? Абоны барæнтæй куы абарæм, уæд нæм худæг дæр фæкæсдзæн.

Уый – уæд. Рæстдзинад нæ уыд æмæ уыдоны фæстæ дæр адæмы ‘хсæн, хъыгагæн, не ‘рфидар. Адæм дих кодтой хъæздыджытæ æмæ мæгуыртыл æмæ хъæздыджытæн сæхи рæстдзинад уыдис, ома, мæгуыры хъуамæ тыхтона кæнæм, мæгуыртæ та рæстдзинадыл нымадтой, цæмæй алчидæр æмбара уа æмæ царды хæрзиуджытæй иугъуызон пайда кæной. Фæлæ искуы уыд ахæм рæстдзинад? Нырма нæ. Социализмы дуджы уыцы рæстдзинад бирæ-бæрцæй адæмы царды йæ бынат ссардта. Фæлæ æххæстæй нæ. Уæд дæр иутæ пайда кодтой уæлбартæй, зæгъæн ис, æппæт хæрзиуджытæй, æндæртæ та сæм не ‘ххæссыдысты. Цы уынæм абон? Царды хæрзиуджытæ иутæн сæ сæрæй кæлынц, сæ цард къахæй ассон-ассон кæнынц, æндæртæ та цæрын нæ фæразынц. Æмæ сæ алкæмæн дæр ис йæхи рæстдзинад. Хъæздыджытæ растыл нымайынц, хъæздыг кæй цæрынц, мæгуыртæ та растыл нæ нымайынц, мæгуыр кæй сты æмæ растыл нымайынц сæ ныхмæ тох кæ-нын, æвзæр цæстæй сæм кæсын.

Уый хъæздыджытæ æмæ мæгуырты ‘хсæн рæстдзинад. Рæстдзинад нæй адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастыты дæр хъæздыг уой, æви мæгуыр, уæддæр. Алкæмæн иугъуызон ахаст нæй цардмæ, рæстдзинад алчи йæхирдыгонау æмбары æмæ алчи йæ рæстдзинад хъары æндæрæн, йе ‘взаг ын йæ къух куыд аразы, афтæ. Æмæ иуы рæстдзинадыл разы нæ вæййы æндæр, равзæры быцæу ныхас, кæцы рахизы хатт карз ныхмæлæудмæ æмæ сæ раст чи у, уый бахъæуы тæрхондоны æвзарын.

Цы загъдауа паддзахадæй паддзахады ‘хсæн ахастытæй та? Уым дæр афтæ!…

Фылдæр тых кæй æрдæгæй ис, йæ интерестæ тынгдæр бахъахъхъæнын йæ бон кæмæн у, уый йæхи растдæрыл нымайы. Растыл куыннæ нымайынц сæхи чысыл, лæмæгъ бæстæтæ дæр, фæлæ тыхджынты раз сæ рæстдзинад бирæ ницы кæрды.

Уæдæ ис рæстдзинад, æцæг рæстдзинад æви нæ? Нæй. Уый у абаргæ æмбарынад, ома, иумæ абаргæйæ иннæ вæййы растдæр, фæлæ уыцы растдæр адæймаг та æндæрмæ ахасты гæнæн ис раст ма разына. Растдзинад ссарынмæ здæхт сты, цы закъæттæм гæсгæ цæрæм, уыдон, фæлæ æцæг рæстдзинад ссарын уыдоны къухты дæр не ‘фты.

ДЗЫПП ÆМÆ УДЫ ФАРН

Дзыпп материалон хæрзиуджытæн сæ къæбиц у. Къæбицы бæркад уымæй кæнгæ у. Зæххы хицау уæвгæйæ æркæндзынæ дæхицæн, дæ къæбицмæ кæй бахæссай, ахæм продукттæ. Фæлæ уыдон уæддæр бирæ хуызтæ нæ вæййынц. Акæсут ма нæ базæрттæм, цас алыгъуызон продукттæ уæй кæнынц. Нæ амалиуæггæнджытæ сæрæн сты – дард фæсарæнты чи зайынц, ахæм продукттæ дæр дын дæ разы тæрхæгыл авæрдзысты. Ахæм рæстæджы бар-æнæбары дæр хъуамæ нывналай дæ дзыпмæ, цæмæй дзы сласай æхца æмæ кæцыдæр продукты балхæнай. Горæттаг цæрæгыл дзырд куы цæуа, уæд уымæн та йе скаст бынтондæр йæ дзыппмæ у. Хъæууон хæдзарады æркæнгæ продукт у, æви заводы, фабричы рауадзгæ дзаума – æлхæнинаг ын сты. Цæмæй сæ балхæнай, уый тыххæй та хъуамæ дæ дзыппмæ нывналай. Дзыппы та æхцатæ зайгæ нæ кæнынц. Раздæр сæ уым хъуамæ нывæрай. Æмæ сæ цæмæй нывæрай, уый тыххæй та хъуамæ бакусай æмæ дын сæ дæ куысты ныхмæ радтой. Гъе, фæлæ алчи иугъуызон кæм кусы æмæ бирæтæ сæ дзыппы бæрцыл æхца нывæрынц, æндæртæ та – фылдæр. Бæрцыл кæмæ уыд, уыдонæн уайтагъд ахардз вæййынц, иннæтæм уæлдай æхца разыны æмæ-иу сæ раздæр æфснайдтой гобаны бын, дзырдтой, зæгъгæ, тынг бирæ æхца кæмæ уыд, уыдон та сæ, базы æфснайдтой. Абон афтæ нал у, адæм сæ уæлдай æхца бангты æфснайынц, уыимæ ма сын сæм бæрæг проценттæ дæр æфтауынц, цæмæй сæ тынгдæр разæнгард кæной уырдæм бахæссынмæ. Æмæ сæ кæд бангты æфснайынц, уæддæр цыма сæ дзыппы сты, афтæ у. Бангæй дзыппмæ фæндаг цыбыр у. Æхца кæмæн нæ фаг кæны, уыдон дæр сæ фæндаг бангмæ акæнынц æмæ… райсынц кредит æхца. Фæлæ цас райсынц, уымæй бирæ фылдæр фæстæмæ бахæссынц. Æмæ банкиртæ хъæздыг кæнынц, сæ цард къахæй ассон-ассон кæнынц. Стæй æрмæст банкиртæ нæ. Акæсут ма, цас æмæ цас миллиардертæ ис. Милуанертыл та чи дзуры! Бирæтæн сæ мæйы куыст цалдæргай милуантæй барынц. Стæй Уæрæсейы бангтыл дæр нал æууæндынц æмæ сæ фæсарæнты æфснайынц. Æмæ уæдæ раст дих цæуынц æхцатæ адæмыл7 Нæ. Раст у, фылдæр чи кусы, уый фылдæр мызд хъуамæ иса, царды хæрзиуджытæй фылдæр пайда кæна, фæлæ йæ бæллæх уый мидæг ис æмæ фылдæр хатт афтæ нæ рауайы, афтæ нæ, фæлæ иннæрдæм дæр рауайы. Æмæ къаддæр чи кусы, уый хъаны цард фæкæны, фылдæр чи кусы, уый та цæрын нæ фæразы.

Цæрын чи нæ фæразы, æвæрæз, æххуысхъуаг чи у, уы-мæ къух фæдаргъ кæнын, йе ‘нцой балæууын хæрзиуæгон, арфæйаг хъуыддаг у. Ахæм фæтк æнусты дæргъы адæмæн семæ цæуы æмæ дзурæг у, чи æххуыс кæны, уымæн йæ бæрзонд удварныл.

Гъе, фæлæ ныры дуджы ацы фæтк цыдæр цудын райдыдта.

Цæвиттон, раздæр, советон дуджы, адæм сæ царды уавæртæй, сæ хъæздыгдзинадæй кæрæдзийæ тынг нæ хицæн кодтой, кæрæдзимæ æввахсдæр лæууыдысты, кæрæдзийы рис æмæ цин дæр тынгдæр æнкъардтой. Хъæубæсты лæгдыхæй цух бинонтæн иумæ, гъе та хицæнтæй æххуыс кодтой, кодтой зиутæ æмæ-иу æххуыс кодтой афтæмæй кæрæдзийæн, уæдæ хæдзараразæг дæр куыннæ æнкъардта сыхæгты, хъæубæсты æххуыс. Ныр ацу æмæ искæмæ бадзур, рацу-ма фæкæс мæм, зæгъгæ. Гæнæн ис фæкæса – æрмæст æхцайыл.

Æхца ис, дих кæны адæмы, æгæрыстæмæй хæстæг-хиуæтты дæр. Кæрæдзийæ сæ дарддæр кæны. Кæм дæрддзæгæй, кæм зæрдæйæ. Ацы дуджы искуыдæм цæрынмæ алидзын æмæ хиуæттæй фæиппæрд уæвын зын хъуыддаг нæу. Цæстæй кæй нæ уынай, уый та зæрдæйæ дæр рох кæны. Уый æмбисонд у æмæ æмбисонд та сайын нæ зоны.

Дих кæнынц сæ дзыппы бæркадмæ гæсгæ дæр. Йæ дзыппы фылдæр æхца кæмæн хъазы, уый йæхи уæлбикъондæр банкъары, йæ исыл ис æфтауыныл сбукъ вæййы æмæ хæстæг-хион, æввахс адæм рохуаты аззайынц, нал æмбæлы семæ, нал сæ бæрæг кæны, сæ фарсмæ нал æрбалæууы æмæ æцæгæлæттæ кæнынц, уæдæ цы!

Фæлæ алы исджын, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм нæу. Ис ахæмтæ дæр, кæцытæ нæ рох кæнынц æввахс адæмы, сты сæ фарсмæ æмæ гæнæн уæвгæйæ, æххуыс дæр бакæнынц, кæмæн хъæуы, ахæмтæн. Сæ удварн, сæ уды рæсугъддзинад уыдонæн бæрзонддæр вæййы æмæ йæ æрмæст кæй фарсмæ балæууы, уыдон нæ, фæлæ адæм дæр базонынц. Хорзы кой, дам, дардмæ хъуысы.

Нæ дуджы ахæмтæ дæр куыннæ ис, хионæй, æцæгæлонæй, æгæрыстæмæй æгас адæмæн дæр чи баххуыс, балæггад кæны. Æмæ разынынц ахæмтæ дæр – базонынц сын адæм сæ нæмттæ. Фæлæ сæ номхыгъд стыр нæу, афтæмæй та гæнæн ис æмæ уой фылдæр. Уый тыххæй йæ нæ зæгъын æмæ сæ разы мæгуыргурау лæууæм, фæлæ мах нырма бирæ цæмæйдæрты æййафæм цух æмæ хæрзаудæн æххуысы хуызы сæ ныхас хъуамæ зæгъиккой. Хæрзаудæн архайд æгас дунейы хæрзиуæгон хъуыддагыл нымад цæуы.

…Æхца æмæ уды фарн. Гæнæн ис æмæ дæм ма уа æхца, фæлæ дæ удварн бæрзонд уа, гæнæн ис æмæ дæ дзыппы æхца уа, фæлæ дæ уды фарн ма уа. Иууыл хуыздæр у дæ дзыппы æхца куы уа æмæ дæ уды та – фарн. Уæд нæдæр æхца фесафдзынæ, нæдæр дæ уды фарн.

БÆРКАД

Фенæн, басгарæн цæмæн ис, уыдонæн æртæ барæны ис – дæргъ, уæрх æмæ бæрзæнд. Зæххы уæлцъарæй цас сырæзы, уый вæййы йæ бæрзæнд адæймагæн дæр æмæ уыцы бæрзæндæй фæкæсы йæ алыварс дунемæ. Иутæ бæрзонддæр вæййынц, æндæртæ – ныллæгдæр, иутæ – æгæр бæрзонд, æндæртæ – æгæр ныллæг, æмæ дзы алы асæн дæр ис йæхи хорздзинæдтæ æмæ мæгуыраудзинæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл хуыздæр у астæуккаг ас, фæлæ уымæй алчи нæ фæхайджын вæййы.

Сæхи бæрзæнд ис бæлæстæ, цæрæгойтæ, хæхтæ æмæ æндæртæй алкæмæн дæр. Цæвиттон, дунейы иууыл бæрзонддæр хох Эверестæн йæ бæрзæнд, денджызы æмвæзадæй нымайгæйæ у 5100 метры æмæ йын æй ничи байсдзæн. Дунейы иннæ хæхтæ ныллæгдæр сты, фæлæ сæ алчидæр «цæры» йæхи бæрзæндимæ.

Алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр сбарæн ис йæ бæрзæндæн барæнæй. Нæй сбарæн, æрмæстдæр адæймагæн йæ удварн цы æмвæзадмæ схызт, уымæн. О, мах арæх фæдзурæм, уыцы æмæ уыцы адæймаджы йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ, йæ уды фарн систой бæрзонд, уæлиау, зæгъгæ. Фæлæ уыцы бæрзæнд кæройнаг арæн нæ вæййы æмæ дарддæр ног бæрзæндтæ фæсæтты. Æмæ ахæм адæймаг не ‘хсæнæй йе ‘нусон бæстæмæ куы ацæуы, уæд хатт фæдзурæм, дæ мæсыг амайын фæдæ, зæгъгæ. Фæлæ йæ мæсыг амад кæронмæ ничи фæвæййы. Уымæн аскъуыйынц йæ хъуыдытæ, æнæкондæй баззайынц йæ бакæнинаг хъуыддæгтæ. Уæдæ кæрæдзийы фарсмæ æрæвæрæн нæй, зæгъæм, хохы бæрзæндæн æмæ адæймаджы бæрзæндæн. Хохы бæрзæнд ивгæ нæ кæны, адæймаджы хъуыды сты, хъуыддæгты бæрзæнд та ивгæ у. Уый хæрдмæ куыд рæзы, афтæ, хъыгагæн, дæлæмæ дæр хауы – цас æмæ цас цæвиттонтæ ис, йæ кад, йæ ном уæлæмæ нæ, дæлæмæ чи æппары.

Алы адæймагæн дæр йæхи бæрзæнд ис. Куыд баргæ чи у, уыцы буары асæй, афтæ барæнæй баргæ чи нæу, уыцы удварнæй дæр. Йæ удварн бæрзонд кæмæн у, уымæй фæдзурæм – фæрнджын у, зæгъгæ. Ахæм чи нæу, уымæн ссарæм йæхи аккаг дзырдтæ.

Биазырты Роланд