ХÆРЗГÆНÆДЖЫ ÆМБАРЫН

Сфæлдисæг, Дунескæнæг æппæт дæр бахынцыдта, цæмæй нæ Зæххыл цард æхсида. Æмæ дзы æхсиды. Кæрæдзийы фарсмæ уæвынц цæрæгойтæ, уырынгонтæ, мæргътæ, кæсæгтæ, зайæгойтæ… семæ – мах, адæм дæр. Сфæлдисæг бацархайдта, цæмæй алкæмæн дæр царды æмбæлон фадæттæ уа йæ царды фæтк æмæ æгъдæуттæм гæсгæ.

Нæ Зæхх суткæйы дæргъы иу зылд æркæны йæ сæмæны алыварс, Хурмæ куы йæ иу фарс бадаргæйæ, куы та иннæ фарс. Хуры рухсмæ, йæ хъарм тынты бын мах фæкæнæм нæ активон цард – фæкусæм, хъуыддæгтæ фæаразæм, нæхи аир-хæфсæм.

Фæвæййы æхсæв… райдианы Хуры рухс, стæй та йæ тынтæ бакæсынц нæ рудзынгæй æмæ мах фестæм нæ хуыссæнтæй. Байгом кæнæм рудзынг æмæ нæ уаты улæфынæн чи нал бæззы, уыцы уæлдæфы раивæм рог, сыгъдæг, сатæг уæлдæфæй. Æмæ цæмæй рудзынгæн æдтейæ ахæм уæлдæф уа, ууыл дæр батыхст æрдзысфæлдисæг. Кæй сфæлдыста, уыцы зайæгойтæ нын æй кæнынц улæфынæн бæзгæ.

Цæмæй цæрæм.

Диссаг у Сфæлдисæг. Уæлдæф дыууæ буарадæй конд у, нæ организмы та дзы иу – туаггуыр – йедтæмæ нæ хъæуы. Æмæ рæуджытæ, уæлдæфы сулæфгæйæ, айсынц, чи йæ хъæуы, уыцы буарады, иннæйы фæстæмæ раулæфы. Туаггуыры та туг фæхæццæ кæны нæ вазыгджын буары алы чырæгмæ.

Цæмæй цæрæм.

Нæ цард та ахæм у æмæ нæм хатт цавæрдæр низ кæнæ низтæ бахауынц. Иутæй дзы тагъд фервæзæм, фæлæ æн-дæртæ дæргъвæтин рæстæджы нæ царды æмбæлццон свæййынц, гъе та, хъыгагæн, æнæрæстæджы сæ амæттаг дæр ба-вæййæм. Фæлæ нæ ам дæр Сфæлдисæг низы бар нæ ныууадзы. Æрдзы мидæг ис алы низæн дæр йæ хос кæрдæджыты, минералты, хосгæнæн дæтты æмæ бирæ æндæр ахæмты хуызы. Æмæ сæ хæрæм, аразæм хостæ, исæм ваннæтæ…

Æмæ кæд алы низæн хос нæма ссардтам, уæддæр уый æрдзысфæлдисæджы аххос нæу. Хъæуы йын йæ æвæрæнтæй ахадгæйæдæр пайда кæнын.

Цæмæй æнæнизæй цæрæм.

Зæхх, йæ сæмæны алыварс зилгæйæ, уыцы-иу рæстæджы зилы Хуры алыварс æмæ нын æнкъарын кæны уазал зымæджы, рæсугъд уалдзæджы, тæвд сæрды æмæ сызгъæрин фæззæджы. Афæдзы ацы афонтæ сæминиуджытæ, сæ мидис уыдоныл нæ фæуд кæны. Ацы цыппар афоны æвæрд ис царды мидис, иумæ сты афæдз – царды æгæрон рæхысы иу цæг.

Уалдзæг – царды райдиан. Зымæгон бонты чи æрнымæгау вæййы æрдзы, уыцы цард ногæй сгуыпп кæны. Адæймагæн Сфæлдисæг цы хоры нæмыг радта, уый бахæссы мæрмæ. Уый æвзар скæны, рæзы сæрды тæвд хуры тынтæм æмæ фæззæджы йæ тыллæг ратты. Уалдзæджы рæзын райдайы зайæгхал, дон бацæуы бæлæсты, акалынц дидинæг, райгуырынц дыргътæ æмæ уыдон дæр сæрдыгон тæвд хуры тынтæм рæз фæхæссынц, цæмæй фæззæджы сæ тыллæгы хæрæг, æфс-найæг уа. Æмæ бæркадджын фæззæджы хуынтæй фæкайы адæймаг, æрыфснайы дзы зымæгмæ дæр, цæмæй йын йæ бонты æдыхстæй æрвита æмæ ног уалдзæгыл райгæйæ сæмбæла.

Цæмæй дарддæр цæра.

Хæлц чи дæттынц, уыдон мæрæй æвзæрынц, мæр сын дæтты цард. Фæлæ цы йæ бон у уымæн, донæй куынæ æфсæда, уæд! Æмæ та ам дæр Сфæлдисæг йæ ныхас загъта. Хæхтæ, быдыртæ сæхæдæг дон нæ дæттынц. Гъе, æмæ Хуры бæрны бакодта, цæмæй денджызты, океанты уæлцъарæй мигъы хуызы дон иса уæлдæфмæ. Мигъты дымгæ йæ разæй скæны, стыгуыртæ, сæмбырд сæ кæны æмæ сæ сур зæххы сæрмæ æрсуры. Хатт сæ сæхи бар дæр ныууадзы дондыппырæй æмæ къæвдайы, миты хуызы се ‘ртæхтæ фезгъалынц зæххыл. Уыдон хус мæры ахъа-рынц æмæ цардмæ ногæй райгæйæ акæсы удæгас дуне. Къæвдадæттæ ахъарынц зæххы æмæ цард дæттынц суадæттæн, кæцытæм мах фæцæуæм дон хæссынмæ, бынаты нæ дойны басæттынмæ.

Мигътæ денджызтæй, оксантæй цы дон æрбахæссынц, уый цард дæтты алкæмæн дæр.

Дæтты йæ адæймагæн дæр.

Дунескæнæг нæ сфæлдыста ахæм Зæххыл, кæцыйæн æппæт йæ бирæ хæрзиуджытæ æрмæст йæ уæлцъарыл не сты. Бирæ хъæздыгдзинæдтæ æмбæхст ис йæ хуылфы дæр. Адæймаг сæ агуры, сгары æмæ сæ къахы. Йæ царды сæ спайда кæныны тыххæй. Æфсæйнаг скъахта, трактор сарæзта, зæххы бынæй цы æртаг сæнцъырдта, уый дзы ныккодта æмæ йыл кусы, машинæ, хæдтæхæг сарæзта æмæ иу ранæй иннæ ранмæ æнцад-æнцойæ цæуы. Афтæ æндæр дзаумæттæ дæр. Аразы æмæ сæ аразы.

Цæмæй йæ цард æнцойдæр кæна.

Æмæ ноджы цас æмæ цас хæрзиуджытæ радта Сфæлдисæг Зæххæн, цæмæй йыл цард тæмæнтæ кала! О, махæн ис, Сфæлдисæг нын кæй балæвар кодта, уыцы цард. О, махæн сæ Дунескæнæг нын цæрынæввонг кæй æркодта, цæрынæн æппæт уавæртæ дæр кæм сарæзта, уыцы Зæхх.

Гъе, фæлæ… Уый кæдæм цæуы адæймаг! Цæмæн цæнкуылтæ кæны йæ архайдæй нæ рæсугъд, цардæгас, царддæттæг Зæххы. Цæмæн ын æхгæны йæ улæфæнтæ æмæ йæ цæмæн хуыдуг кæны? Цæмæн ын хæлæф кæны йæ хъæздыгдзинæдтыл æмæ йæ цæмæн ихсийын кæны? Йæ чъылдымыл цæмæн аразынц алыгъуызон мæлæтхæссæг хæцæнгæрзтæ, кæцытæ тас хæссынц æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ Зæххæн йæхицæн æгасæй дæр?

УДЫ ЦÆХÆРЫ ХЪАРМ

Царды адæймаг судзгæ кæны. Йæ удæй цы арт гуыры, уый цæхæры. Цæхæр та хъуамæ æндавгæ кæна, кæйдæр кæнæ цыдæр хъуамæ хъарм кæна. Фыццаджыдæр, кæй хъуамæ хъарм кæна, уый адæймаг йæхæдæг у. Нæ йæм тавдзынæ дæхи – дæ бон не суыдзæн æндæрты дæр батавын.

Йæ уды цæхæр алкæмæн иугъуызон не ‘ндавы. Иутæн – тынгдæр, æндæртæн – къаддæр. Мах фенкъарæм кæйдæр уды цæхæры хъарм, тыхст рæстæджы нæ фарсмæ, не ‘нцой куы ‘рбалæууы, уæд. Уыцы хъарм цæуы æндæр бирæ арфæйаг хъуыддæгтимæ иумæ, кæмæн арæзт цæуынц, уыдонмæ, чи сæ аразы, уыдонæй. Æмæ, уадз, зонд, хъару, арæхстдзинад кæм хъæуы равдисын, ахæм хъуыддæгтæ дæр ма уæт. Фаг у кæмæйдæр хорз, арфæйаг ныхæстæ фехъусын, йæ æргом зæрдæбын худт ын фехъусын æмæ фæхайджын уыдзынæ йæ уды цæхæры хъармæй.

Бирæтæн сæ уды цæхæры хъарм дардыл аххæссы, йæ бон у фæхайджын дзы кæна бирæты, тынг бирæты. Бирæтæн йе ‘ввахс адæмыл фæуд кæны. Ис ахæмтæ, æрмæст йæхæдæг æм чи фæтавы йæхи – йæхи удæй дарддæр æй кæй ничи æндавы. Уæдæ куыннæ ис ахæмтæ дæр, йæ уды цæхæр басхъауынмæ дæр зивæг чи кæнынц, сæхи уды хорзæн дæр чи ницы аразынц æмæ хъысмæты бар сæхи чи бакæнынц.

УЫНГ ÆМÆ ЦАРД

Истори алкæмæндæр æмæ алцæмæндæр ис. Æгæрыстæмæй, уынгæн дæр. Цæмæй абон нæ горæты цы лæгъз, уæрæх уынджы фæцæйцæуæм, уый ахæм хуыз райстаид, уый тыххæй нæ фыдæлты, фæлтæр фæлтæры ивгæйæ, бирæ æнустæ бахъуыд рацæуын. Уартæ кæддæр, хæхты цъассыты цæргæйæ, кусынæн бæзгæ зæххытæн æвгъау кæнгæйæ, цæрæн бынатæн æвзæрстой гæмæхдæр бынæттæ. Уæд нæ хъуыды кодтой сæ хъæууынгтæ куыд лæгъздæр æмæ уæрæхдæр уыдзысты, ууыл. Райдианы сын фаг уыдис, цæмæй сæ хæдзары размæ балæууыдаид бæх æмæ дзы бæлццон æрхызтаид, йæ рагъæй йын райстаиккой уæргътæ. Бæх та уæрæх фæндæгтæ, уæрæх уынгтæ нæ домдта. Нарæг хъæууынгты кусæг лæгæн йæ фезмæлæнтæ къуындæг уыдысты, сывæллæттæн алыгъуызон хъæзтыты сæхи айвазыны фадат нæ уыд æмæ-иу сæхи хъæугæронмæ айстой.

Цалхы, уæрдоны фæзынд фæивта, ногæй цы хъæутæ рæзтысты, уыдоны хуыз. Хæдзæрттæ арæзтой, уæрдон кæуыл тылдаид, ахæм уынгæн йæ былгæрæтты. Уынгмæ хъæуы цæрджытæ сæ цæст дардтой, аудыдтой йыл, цæмæй йыл уæрдон æнцондæрæй тылдаид.

Уæдмæ фæзындис машинæ. Машинæ – уæрдонæй уæрæхдæр. Уæрæхдæр хъуыд хъæууынгты дæр. Æмæ сыл уæрдонимæ тылдысты æмæ тулынц машинæтæ. Æниу ма уæрдон цы! Стæмтæй дарддæр ма йæ чи дары, чи ма йыл æххæст кæны йæ куыстытæ! Фылдæр машинæтæй пайда кæнынц.

О, фæлæ… Хъæууынджы фидауц уæддæр уæрдæттæ, машинæтæ не сты. Уыдон сты, йæ хæдзары къæсæрæй æрвылрайсом чи рахизынц æмæ йыл сæ куыстытæм, гъе та кæрæдзийы фарсмæ æвдæлон рæстæджы абадынмæ, кæрæдзийы хæдзæртты аминас кæнынмæ дæр чи фæцæуынц. Уыдон та, хъыгагæн, фылдæр нæ, къаддæрæй къаддæр кæнынц. Бирæ хæдзæртты къæсæрæй хъæууынгмæ чи рахиза, йе скъæтмæ, йæ цæхæрадонмæ чи бакæса, цæвæг чи райса, уый нал ис æмæ æхгæддуарæй æмыр, æрхæндæгæй лæууынц. Сæ цæрджытæ аивылдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм, хуыздæр, асфальт уынгтæ кæм ис, уырдæмыты. Æрмæст нæ горæты цæрджытыл цас æмæ цас бафтыд нæ хъæууон цæрджытæй. Чи йæхæдæг ралыгъд, кæмæн йæ фыд, йæ фыды фыд… Мæхæдæг дæр уыдонæй дæн… Æмæ ныр нæмæм, нæмын кæй нал хъæуы, уыцы уынгты. Чъребайы…

Хъæууон цардимæ абаргæйæ, горæты цард бирæвæрсыг, бирæкъабазджын у, уымæ гæсгæ бирæтæ сæ курдиат, сæ арæхстдзинад, се ‘взыгъддзинад райтынг кæнынæн хуыздæр цардыл фæхæст уæвынæн ам ссардтой хорз фадæттæ. Æмæ ныр барджынæй цæуынц йæ уынгты…

Хъæууон уынг иумæйаг уыд алкæмæн – адæймаг, уæрдон, машинæ, фосæн. Горæты уынджы ма дзы аззадысты адæймаг æмæ машинæ. Нæ йыл бафидыдтой æмæ йæ адих кодтой – йе стыр хай машинæтæн, иннæ хай та адæймагæн. Машинæ бæсты бикъ йæхи банхъæлдта æмæ адæймаджы уынджы кæрæттæм бассыдта. Уый дæр ма цы бакодтаид æмæ йæхицæн тротуартæ сарæзта. Цæмæй машинæтæй æдасæй цæуа.

 Адæймаг æмæ машинæ. Чи сæ уæлахиз кæны уынджы сæрыл тохы? Гъай-гъай-дæр, машинæ! Цы дуг æркодта! Раздæр æмгуыдынæй адæм дыууæрдæм цы тротуарыл цыдысты, уый ныр «æдзæрæг» кæны. Цæуы ма йыл æрмæстдæр иугай адæймæгтæ. Æрдз нын цæуынæн кæй радта, уыцы къæхтыл чи хъуамæ цæуа, уыдон бабадтысты хæдтулгæты æмæ акæс уынгмæ ды – машинæты цæугæдон фестад. Æмæ ма дард балцы куы цæуай, уæд, гъа, бæхыл саргъ нал авæрдзынæ æмæ йыл нал бабаддзынæ – уыцы дуг фæцис, фæлæ дæ хæдзарæй æндæр уынджы магазинмæ бауайын фæнды – абад та дæ машинæйыл æмæ фæцæйтæх.

… Цæуы уынгæг тротуарыл иунæг адæймаг, йæхицæн хъуыдытæгæнгæ. Фæнды йæ уыцы тротуарыл йæ иувæрсты куы цæуиккой дыууæрдæм бирæ адæм. Се ‘хсæн куыннæ разынид зонгæ, хæстæг, хиуон. Сæ кæрæдзийæн салам радтаиккой, цæуджытæй иуварс алæууикой æмæ кæрæдзийы афæрстытæ кæниккой сæ хабæрттæй. Æз дын зæгъон, адæм ма кæрæдзимæ цæуынц æмæ чи цæмæй цæры, уый зонынц. Фæлæ  йæ иувæрсты кæддæр иу хатт чи ахизы, уый уыдонæй нæ разыны æмæ йæ афæнды, йæ фарсмæ уынджы дыууæрдæм фæдисы цыдæй машинæты мидæг чи сты, уыдонмæ. «Гъей, адæм, рахизут уæ машинæтæй æмæ мæнæ тротуарыл къахæй ацæуæм. Уæ къæхты цæлхытæй ма ивут».

БÆЛЦЦОНЫ ФÆНДАГ

Фæндагыл цæугæйæ, алчи йæ фæндаг иугъуызон нæ цыбыр кæны. Иутæ, кæсынц сæ къахфындзтæм, йæ къæхтæ кæрæдзийы фæдыл размæ куыд исынц. Акæсы размæ дæр, йæ даргъ фæндагæй йæм чи зыны, уыцы уаццагмæ. Сæ хъуыдытæ баст сты æрмæстдæр сæ фæндагимæ – цас рацыд, цас ма йын баззад цæуинаг, куыд фæллайы, цы зын бынæттыл сæ ахизын хъæуы, уыдоныл куыд фæтых уыдзысты, бынатмæ куыд ныххæццæ уыдзысты.

Фæндаг сыл ныддаргъ вæййы.

Ноджы тынгдæр ныддаргъ вæййы сæ фæндаг, æнтъыснæг хъуыдыты уацары чи бахауынц, уыдон. Ахæм хъуыдытæ сын сæ уæхсджытыл уæззау уæзæй æрынцайынц æмæ бæрæг фæзындæр вæййы цæуын сæ фæндæгтыл.

Æндæр хъуыддаг у, сæ балцы сæхи хорз, хъæлдзæг хъуыдытыл чи сæфтиндзынц, уыдоны амонд. Къæхтæ сæхи кæрæдзийы фæдыл размæ куыд исынц, уымæ сæ хъус нал фæдарынц – райдзаст, хъæлдзæг дунейы уæвгæйæ, хорз зæрдæйы равгимæ цыбыр кæнынц сæ фæндаг.

Цу хъæлдзæг зæрдæимæ дæ фæндагыл, бæлццон.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.