ДЫУУÆ ТУЛДЗБÆЛАСЫ НЫХАС СÆ УИДÆГТИМÆ

Иу тулдзбæлас йæ уидæгтæм зæххы бынмæ дзуры:

– Куыдтæ стут уым, сыджыты бын, мæ зынаргъ уидæгтæ? Кæд уæ, мыййаг, зæхх æгæр нæ нынтъыхта, нæ фæлмæцут уæ цардæй сау, уымæл зæххы.  Ам, уæлейæ æз хуры рухс уæддæр уынын, мæ къалиутæ ма сæхи дымгæмæ уæддæр банкъусынц, сыфтæр ракалынц, æрзайы мыл гуыркъотæ. Сымах та… зæххы арф ацыдыстут, цæмæй æз фидар лæууон, мæ цæнгтæ дардыл ивазон. Сымах исут хæринаг зæххæй æмæ мæм æй æрвитут, цæмæй рæзон æмæ ноджы хъомысджындæр кæнон. Цæмæй уын хъуамæ бафидон ныр уæ лæггæдтæ. Бузныг уын, стыр бузныг, мæ уидæгтæ!

Уидæгтæ йæм хæрдмæ зæххы бынæй дзурынц:

– Уый дæуæн хъæуы дзурын бузныг, нæ тулдзбæлас! Ды махæн куынæ уай, хуры рухсмæ куынæ рæзай, сыфтæр куынæ калай, гуыркъотæ дыл куынæ зайа, уæд амæлдзынæ æмæ дæ фæстæ амæлдзыстæм мах дæр.

– Уæдæ æз цæрын, цæмæй сымах цæрат? – бадис кодта тулдзбæлас.

– О, о, – дзуапп радтой уидæгтæ.

– Уæдæ сымах та цæрут, цæмæй æз цæрон?

– Афтæ у, афтæ, – цингæнгæ сдзырдтой уидæгтæ.

Куыд хорз у кæрæдзийы фæрцы цæрын, – райгондæй бакодта тулдзбæлас дæр æмæ йе ставд цæнгты ноджыдæр фæйнæрдæм айвæзта.

Тулдзбæласмæ æввахс уыдис æндæр тулдзбæлас дæр. Æмæ уымæн та йæ уидæгтимæ ахæм ныхас рауад:

– Гъе, æуым, зæххы бын, мæ уидæгтæ! Куыд райгонд стут уæ цардæй? Æниу уæ цард дæр цард у? Удæгасæй ныгæд стут. Удæгас та кæй руаджы стут, уый мæнæ – æз. Æз куынæ уаин, уæд æуым бамбииккат. Æз цæрын, рæзын хуры рухсмæ, йæ хъарм тынтæм, тыхджынæй тыхджындæр кæнын æмæ мæ фæрцы цæрут.

– О, æдылы къоппа! Уый ды цæрыс мах  фæрцы. Мах дæ уромæм де ставд хъомысджын цæнгтимæ. Мах дын æрвитæм хæринаг, цæмæй тыхджынæй тых-джындæр кæнай æмæ дæ цардæй райа дæ зæрдæ!

– Нæ, нæ, сымах мæ мæт æппындæр нæй. Сымах мæ уый тыххæй уромут, уый тыххæй мын æрвитут хæринаг, цæмæй уæхæдæг цæрат. Афтæ æнхъæл стут æмæ йæ не ‘мбарын æз?

– Уый дæу нæй мах мæт æппындæр! – мæстыйæ сдзырдтой уидæгтæ уæлæмæ, тулдзбæласмæ…

Чи сæ растдæр у?

ЗЫНФЫССÆН АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Адæмы ‘хсæн цæмæдæр гæсгæ ахæм хъуыды баззад, цыма усымад æмæ сиахс кæрæдзийы хорз не ‘мбарынц, кæрæдзимæ сæ ахастытæ, цыма, нывыл нæ вæййынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы усымад æмæ сиахсы ‘хсæн нæ вæййы ахæм ахастытæ, ис дзы, кæрæдзийæн æмбæлон аргъ чи кæнынц, сæ иу дзы мады цæстæй, иннæ та хъæбулы цæстæй кæмæ кæсы, ахæмтæ дæр.

Мухтар æмæ дзы Оличкæ кæцытæм хауынц, уый зын зæгъæн у. Сæ риутыл кæрæдзийы æгънæджытæн нæ хуыйынц, фæлæ знæгтыл дæр нæ нымайынц сæхи. Æмæ Мухтар куыд хъуамæ нымайа знагыл, Оличкæйы, кæд æмæ йын ахуыргонд цардæмбалы схъомыл кодта, кæд æмæ, фердæхтджын, амалхъом уæвгæйæ, æдзух царды йæ чызджы фарсмæ лæууы, æххуыс ын кæны. Æмæ  кæд йæ чызджы æнцой лæууы, уæд Мухтары фарсмæ дæр лæууы, уæдæ цы! Мухтар йæхæдæг чиныгимæ не схæлар, ахуыр лæг дзы нæ рауад – заводы кусы, æмæ кæддæрты кæд йæ хъустыл æруадис, Оличкæ, дам, афтæ фæ-дзуры, мæ чызгмæ, дам, хуыздæр амонд æмбæлд, уæддæр уыцы ныхæсты йæ хъусты иувæрсты ауадзы, ницы уадиссаг ныса-ниуæг сын радты. Хъыг та йын куыннæ вæййынц, фæлæ тынг нæ фæмаст кæны, хъæцы сыл.

Йæ усымадмæ Мухтар цахæм зæрдæ дары, уый цасдæрбæрцæй рабæрæг, 8-æм марты агъоммæ, Уæрæсемæ куы афтыд æмæ уырдыгæй арфæйы фыстæджытæ куы æрвыста, уæд. Йæ зæрдæбын арфæтæ фыццаг, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цардæмбал Фаримæ ныффыста, стæй та йæ чысыл фæрдыг Зæринæмæ. Æрбалæууыд Оличкæмæ фыссыны рад дæр, фæлæ сагъæсыл фæци. Куыд, цы ныхæстæй йæ райдайа? Æппынфæстагмæ ныффыста: «Мæ зынаргъ усы мад Оличкæ…» – дарддæр фыссæн сис ницыуал фыссы. Мухтар хъуыдытыл фæцис. «Цыдæр дзы раст нæу. Зынаргъ Оличка нæ уайы. Мæ зынаргъ усæн йæ мад Оличкæ уайы». Бирæ фæхъуыдыйы фæстæ ныхæстæ «зынаргъ» æмæ «усы» бынæттæ фæивта æмæ ныффыста: «Мæ усы зынаргъ мад Оличкæ…» Бакаст æй æмæ уый та бынтондæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. «Куы йæ бакæса, уæд мæ афтæ нæ бафæрсдзæн, дæ усæн зынаргъ мад дæн, фæлæ дæуæн та чи дæн?»

Ныххахх, та кодта уыцы ныхæсты дæр Мухтар æмæ дарддæр хъуыды кæны, цæмæй райдайа йæ арфæйы фыстæг, ууыл. Кæддæр-кæддæр та фыссæн сис ног сыфы райдиан йæ бырынкъ зивæггæнгæ æрæвæрдта æмæ æвæндонæй фыссын райдыдта: «Мæ зынаргъ Оличкæ Тъытъылы чызг!..» Хингонд фыссæн сис та гуымыдза фысау слæууыд æмæ размæ нал комы. «Цæй фыды ном æмæ цæй цыдæр! Кæд ма йæм чи дзырдта фыды номæй!» – рамæсты йæхимæ æмæ фыды ном ныххахх кодта. Рауад дзы «Мæ зынаргъ Оличкæ». Фæлæ та уый дæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. «Мæ зынаргъ Фари æмбæлы, мæ зынаргъ Зæринæ æмбæлы, фæлæ мæ зынаргъ Оличкæ! Нæ, цыдæр аив нæу… стæй зæрдæйæ дæр нæ цæуы æмæ… Цал æмæ мæм цал хатты бартхъирæн кодта, йæ мæллæг мустучъи мын мæ мукъутæм бахæсгæйæ, мæ чызгмæ, дам, мын зул цæстæй дæр бакастæ, уæд, дам, мæ дæхи хиз! Мæ мæллæджытæм, дам, мын ма кæс! Уæдæ мын зынаргъ куыд у, мæ хъуырыл æй æгънæгæн хуыйын?» «Æмæ та уыцы ныхæстæй дæр «мæ зынаргъ» арæцыгъта. Аззадис ма дзы «Оличкæ.

«Æрмæст «Оличкæйæ» райдайон фыссын? Цыдæр уый дæр аив нæу. Нæй дзы хъармдзинад, бæрæгбонон зæрдæйы равг», – хъуыдыты та аныгъуылд Мухтар.

Уæдæ ма цы ‘рхъуыды кæна, куыд райдайа йæ арфæйы фыстæджы? Йæ дыууæ армы тъæпæны йæ роцъо æрцавта æмæ æмырæй лæууы, кæсы йæ разы гæххæттытæм. Ницыуал æрхъуыды кодта æмæ сæм  фæлæбурдта, йæ армы сæ сæууæрста æмæ сæ брондоны нывзылдта.

Пост ласта æрмæстдæр Фари æмæ Зæлинæмæ арфæйы фыстæджытæ.

ÆНÆФСИС ЛÆДЖЫ ХЪУЫРДУХÆНТÆ

Бады Михел цины фынджы фарсмæ æмæ цæл-минас кæны. Фынг та ахæм уыд æмæ алыгъуызон хæринæгтæ æмæ нозтыты уæзæй тасыд. Рæдау фысым йæ къæбицы фæстейæ ницы фæуагъта – иууылдæр фынгыл февзæрдысты. Æрхонгæ адæм зæрдиагæй æрывнæлдтой фынг фæрогдæр кæнынмæ, фæлæ мара зæгъ, цыма хæринæгтæй ницы кайынц, афтæ зындис.

Ацы хъуыддаджы уæлдай тынгдæр Михелæн æнтыст. Хæринæгтæй йæ зæрдæмæ æввахсдæр чи лæууыд, сæ уындæй йын йæ аппетит чи цырын кодтой, уыдон «фынг – дзых – ахсæн» маршрутыл кæрæдзийы фæстæ цыдысты. Фæстагмæ къух ивæрзын райдыдта йæ фарсмæбад-джыты рæзтæм дæр, уæдæ цы! Æмæ уæдæ æндæр цы кодтаид. Бакæс сæм æмæ дзурыныл схæцыдысты. Кæд нозты фæстæ исты айсынц, æндæр мара зæгъ, сæ дзыхмæ хæринаг нал хæссынц бирæтæ. Михел нæ уарзы фынджы фарсмæ бирæ дзурын, – бирæ дзурын нæ, фæлæ  цъус дзурын дæр. Йæ зæрдыл хорз дары ирон æмбисонд, хæргæ хæрын, дам, куыдз дæр нæ рæйы. Æмæ нæ рæйы, хатыр, нæ дзуры Михел дæр. Хæргæ – уæд хæргæ! Минас – уæд минас!

О, фæлæ хæргæ дæр цас хъуамæ кæнай, цас хъуамæ минас кæнай! Хæринæгтæ бирæ – гуыбын-гæлдæр та иу у. Арæзт у гæлдæрæй Михел, фæлæ уый дæр йедзаг кæнын зоны. Бакæс ын æм аивтæй æмæ уæртæ фынджы бын ныддымст – афтæ зыны, цыма фынг ууыл æрæнцой кодта æмæ йæ уромæг уый у.

Адæймаг куы бафсæды, уæд цæст хæринаджы нал фæагуры, зæрдæ йæ нал фæдомы. Бафсæст Михел дæр æмæ ма сæны агуывзæйы фæстæ иннæтау уый дæр фæтчыгъæдæн цы ацаходы, æндæр ницыуал исы. Ницыуал исы æмæ мæсты кæны. Фынгыл уыйæппæт хæринæгтæ æмæ дæ бон хæрын ма уæт! Рамæсты Дунескæнæгмæ дæр, адæймагæн ахæм чысыл ахсæн, гуыбын, гæлдæр чи радта. Иннæмæй та ацы нозтыл дис кæны Михел: «Ай диссаг нæу, сæны агуывзæ æнцонæй ары фæндаг ахсæнмæ, хæринаг – нæ!»

Бадт кæронмæ хæццæ кæны. Хъæлдзæг хъæр-хъæлæба сытынг, фæлæ йæ зæрдæйы равг хорз нæу Михелæн. Йæ фарсмæбадджытæй чидæртæ сыстадысты æмæ ацыдысты.

Йæ фарсмæ бадт йæ сыхаг Исмел æмæ йæм уый бадзырдта:.

– Цом, фæцæуæм нæ хæдзæрттæм, адæм сыстадысты.

– Фæлæуу ма, кæдæм тагъд кæныс, алы бон цæлы фынгыл бадыс, – йе ‘нæразы-дзинад равдыста Михел. Сыстид æмæ ацæуид  Михел, фæлæ… «Гъехх, цæмæн у  худинаг ахæм дзаджджын фынгæй хызыны демæ истытæ айсын» æмæ та фынгыл йæ цæст ахæссы.

Уыцы хъуыддагæн æрцæуæн кæй нæй, уый зоны Михел. Фæлæ уæддæр сыстын æмæ йæ хæдзар бацагурыныл нæ тагъд кæны. Уымæн æмæ нырма йæ бон нуазын у…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.