ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД «ÆХСАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ» МАЙДАНÆЙ

Сергей Шойгу æфсæддонты иу къорды схорзæхджын кодта Уæрæсейы хъæбатыры стъалыйæ, Хъæбатырдзинады орден æмæ «Æхсардзинады тыххæй» 10 майданæй. Ахæм барамындыл йæ къух æрфыста президент Владимир Путин.

Цæгат Ирыстонæй рацæуæг лейтенант Мария Мирошниченко хорзæхджын æрцыд «Æхсардзинады тыххæй» майданæй. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы цы æфсæддонтæ фесгуыхт, уыдоны. Бабæрæг сæ кодта æфсæддон госпиталы.

Æрыдоны фыццæгæм скъолайы рауагъдон, фæстæдæр Паддзахадон медицинон академийы студенткæ, Кантемировы дивизийы хирургион хайады лейтенант-ординатор Мария Мирошниченко сæрмагонд операцийы архайы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæхæдæг цæф, афтæмæй мæлæтæй аирвæзын кодта фельдшеры. Ныртæккæ Мария Мирошниченко ис госпиталы.

 

КОРОНАВИРУСЫ НЫХМÆ ДОМÆНТÆ ФÆЛÆМÆГЪДÆР КОДТОЙ

Æнæниздзинадмæ цæстдарды регионалон службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны коронавирусы ныхмæ домæнтæ фæлæмæгъдæр кодтой. Уый тыххæй оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта Фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон разамынды сæргълæууæг Тыбылты Алан. Фæстæдæр сæрмагонд барамындыл уый фæдыл йæ къух æрфыста Сергей Меняйло дæр. Цы аивтой?

Зæгъæм, æхсæнадон социалон дæрддзæг æххæст кæнын нал хъæудзæн, хæрæндæтты дæр метр æмæ ‘рдæгæй хæстæгдæр бандæттæ æвæрынæн бар ратдзысты. Аивадон уагдæттæн уыдзæн сæ залтæ æххæстæй дзаг кæныны фадат. Республикон клиникон рынчындон та рахиздзæн æрвылбоны куысты фæткмæ.

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны байгом кæндзысты терапийы æмæ медицинон реабилитацийы хайадтæ.

 

БЮДЖЕТÆЙ СЫН РАХИЦÆН КÆНДЗЫСТЫ 500 МИЛЛИАРД СОМЫ

Сабиты фиддонтæн паддзахадон бюджетæй рахицæн кæндзысты 500 млрд. сомæй фылдæр. Ныхас цæуы 8 азæй 16 азы кары сывæллæттыл.

Уый тыххæй Уæрæсейы президентимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта фæллойы министрады сæргълæууæг Антон Котяков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллонджын бинонтæн æххуысы мадзæлттæ хицауад æххæст кæны фæткмæ гæсгæ. Фæллойы министр ма куыд банысан кодта, афтæмæй фиддонты бæрц уыдзæн 6 минæй 12 мин сомы онг. Уый аразгæ уыдзæн регионтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.