КАДРОН  ИВЫНДЗИНÆДТÆ – ХИЦАУАДЫ

Республикæйы дарддæр цæуынц кадрты ивддзинæдтæ. Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразы бынатмæ Мæскуыйæ хуынд æрцыд Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын ми-нæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй Дзанайы-фыртмæ федералон органти-мæ кусынмæ ис стыр фæлтæрддзинад. «Цалдæр азы дын уынын дæ куыст æмæ мæ фæнды дæ фæлтæрддзинадæй спайда кæнын республикæйы хæрзæбонæн. Дарддæр æнæмæнг саразын хъæуы куыст федералон хицауадимæ, регионы министрадтимæ æмæ ведомствотимæ, цæмæй республикæ йæ рæзты фæндагмæ ахиза. Уыцы хъуыддаджы мæ стыр ныфс ис дæуæй», – загъта Сергей Меняйло.

Кадрты ивддзинæдтæ æрцыд республикæйы фондз районы, стæй хъæуты разамынды дæр. Алагиры районы Сæргълæууæг Бутаты Арсены раивта районы прокурор Дзантиаты Ислам; Æрыдоны  районы хицау Тотраты Владиславы хæстæ йæхимæ райста Мæрзаты Владислав; Дыгуры районы сæргълæууæг Цъебойты Ацæмæзы бынаты æрлæууыд Дур-Дуры хъæуы сæргълæууæг Цагъаты Сослан; Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты сæргълæуджытæй фæстæмæ æвзæрст æрцыдысты Гаглойты Алан æмæ Фрайты Сослан.

Уыналы хъæуыхицауæй фæстæмæ равзæрстой Мæргъиты Тамерланы; Мустыздæх æмæ Гæлиаты хъæуты сæргълæуджытæй та æвзæрст æрцыдысты Арсæгты Хæмыц æмæ Хъæрджынты Сергей.

 

НОГ ПРОЕКТТÆ – ЦАРДЫ

Ацы аз апрелы мæйы Уæрæсейы Президент Владимир Путин куыд фехъусын кодта, афтæмæй культурæ æмæ сфæлдыстадон къабазы хуыздæр проекттæн баххуыс кæндзæн гранттæй. Уый регионты ракæндзæн культурон рæзты бæрзонддæр æмвæзадмæ. Конкурсы нысан у хуыздæр проекттæ сбæрæг кæнын æмæ сын баххуыс кæнын.

Цæгат Ирыстонæй гранттæ райсыны конкурсмæ балæвæрдтой ссæдз куырдиаты. Уыдонæй къамис грантты аккаг скодта цыппар проекты.

Уæлахиздзаутæй иу у æхсæнадон-культурон рухстауæн организаци «Мыггæгты мæсгуытæ». Гранты фæрæзтæй хъуамæ арæзт æрцæуа фынддæсæм æнусы арæзт мæсыджы халдих. Организацийы разамонæг Цæллагты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй уый уыдзæн Уыналы хъæуы историон фарс, кæцыран цардысты сæ фыдæлтæ æмæ дзы ис æндæр мæсгуытæ дæр, уыимæ сæ мыггаджы мæсыг дæр. «Уый уыдзæн мæсыг – гæнах, нæ фыдæлтæ тох кæцæй кодтой, ахæм нæ, фæлæ цæргæ кæм кодтой, ахæм. Нæ нысан у ацы историон бынатмæ туристты æргом раздахын. Хъуамæ дзы арæзт æмæ æвдыст æрцæуа 15 æнусы нæ фыдæлты царды уаг, сæ культурæ, уазæгуарзондзинад, сæ хæринæгтæ, бинонты традицитæ. Уымæй дарддæр дзы уыдзæн музейтæ, арæзт дзы цæудзæн культурон мадзæлттæ», – зæгъы Цæллагы-фырт.

Дыккаг гранты хицау, организаци «Арфа» хъуамæ аивады къабазы сбæрæг кæна регионты хсæн æрыгон курдиæттæ. Дунеон фестиваль-конкурсы театруарзджытæ равзардзысты хуыздæр режиссерты, артистты, нывгæнджыты, музыкантты. Уыдон хъуамæ бацæттæ кæной спектакльтæ театралонр архайджыты сайтыл. Аргъ сын цæудзæн сæ куыстытæм гæсгæ. Уæлахиздзаутæн дарддæр байгом уыдзысты уæрæх фæндæгтæ аивад æмæ культурæйы.

Æртыккаг проект «Уарзон анимаци»-йы нысан у сывæллæттæн хуымæтæг хуызы ирон æвзаг амонын, фыдыбæстæйон зындгонд аргъæуттæ æмæ мультиктæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын, Нарты кадджыты бындурыл анимацион сериал саразын.

Цыппæрæм гранты хицау, амалхъом Аида Харкиладзе фæнд кæны ирон драматургийы антологи нымæцон хуызы рауадзын, интернеты сæ ссарæн æмæ бакæсæн куыд уа, афтæ.

Ацы цыппар проектæн фæрæзтæ райстой фараст милуан сомы, сæ саразыны æмгъуыд та у афæдз æмæ дыууæ мæйы.

                                                                                           Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.