Æвæдза, ирон æмбисæндтæй растдæр нæй: «Иутæ фæдисмæ, иннæтæ къæбицмæ». Ацы фæстаг бонты та адæм мæлдзыджыты губаккау сызмæлыдысты. Цыдæр тас та сæ бацыд. Æрмæст хæсты тыххæй нæ, фæлæ, мыййаг, æххормагæй куы баззайой. Уайынц иу дуканийæ иннæмæ, фæрсынц, агурынц, æлхæнынц алцы дæр. Дæ рæбыны йæ æрæвæр æмæ йæм кæс. Цы нæ вæййы… Мыййаг хойрагæй куы фæцух уой. Стæй канд хойраг не ‘лхæнынц, фæлæ æппæт дæр. Уæдæ дзы товартæ дих кæныныл хылтæ дæр арæх æрцæуы. Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууы, ковиды эпидеми йæ тынгыл куы уыди, уыцы рæстæг. Уæддæр ахæм ныв уыдтам. Адæм машинæты дзæгтæ ластой дуканитæй дыргътæ, халсæрттæ, алыхуызон продукттæ, дыгай, æртыгай голджытæ сæкæр, ссад, æхсæн фæрæзтæ æмæ æндæртæ. Фырадæргæй аргъыл дæр ничиуал фæдзуры. Æмæ цы, спайда сæ кодтой? Сæ фылдæрæн калинаг фесты. Мæ сыхаг мын куыд радзырдта, афтæмæй йæ продуктты стыр хай фесæфт, йæ сæкæр, йе ссад ныддур сты, йæ кърупатæ схъæндил сты, кæ-мæн дзы йе ‘мгъуыд фæцис…

Æмæ цавæр æххормаг рæстæг æркодта? Ницавæр. Куыд ис афтæ зыдгæнæн, цас хъуамæ бахæра адæймаг! Фæлæ кæрæдзи тæрсын кæнынц, уæд та цынæ вæййы, уæд дæ къуымæй цы райсай, уый уыдзæн. Æмæ ма фæлхасгæнджыты дæр æндæр цы хъæуы. Уæларвмæ сынтъæрдтой æргътæ. Уæддæр сæ æлхæнæг ис æмæ цы! Ацы фæстаг бонты бирæ дуканитæй сæкæр фæдæлдзæх, цæмæй адæм тынгдæр куы сызнæт уой, уæд æй стырдæр аргъыл ауæй кæной. Ныртæккæ дæр кило 80 сомæй фæуæлæмæ ис.

Цымæ цæмæн хъæуы кæнгæ дефицит аразын, хорз адæм, Ленинграды æрхъулайы бахаудтат? Дуканиты чи ис, уыдонæн сæ нæуæдз проценты фыдыбæстæйон продукци куы сты, уæд сын сæ æргътæ долларимæ цæмæн бæттут.  Украинæйæ цалдæр бонмæ кæй æрластой, уыцы æнудæс зынгхуыст лæппуйыл бамаст кæнын дæр уæ куынæуал æн-давы, уæд уый кæуинаджы хъуыддаг нæу, уыдоны рухс нæмттæй уæддæр фефсæрмы кæнут! Ай дунетыл хæсты трагеди анхъæвзта, ныхъуыры фæсивæды, сымах та уæ гуыбынтæ бафсадыныл тох кæнут. Японийы цунами куы уыд, уæд адæмæн сæ фылдæр ихы сæрыл баззад, нал сын уыд хæринаг, фæлæ-иу сын гуманитарон æххуыс куы баластой, уæд сæ никуы ничи базыд кодта æмæ иу уæлдай къæбæр ничи райста.

Уыцы æнæрастдзинады тыххæй ныртæккæ адæмæй бирæ хъæстытæ цæуы Хицауадмæ. Ахæм уавæр цæмæ æмæ кæй аххосæй равзæрд, уый фæдыл æрæджы уыд Хицауады æнæрадон æмбырд æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмбæлгæ органтæй карзæй бадомдта æргъты æнæбындур рæзт бауромын. «Рабæрæг та, иуæй-иу æдзæсгæмттæн кæйдæр трагеди стыр пайдатæ кæй æрхæссы, уый. Цы аххосагæн бафтыд æргътыл цалдæр ахæмы, уый бæрæг нæу, фæлæ та чидæртæ уавæрæй спайда кодтой. Дуканиты социалон нысаниуæджы товартæ куыд уыд, афтæ ис ныр дæр. Уæрæсемæ йæ адæмы фаг хæлц ис, уæд цæмæн зыд кæнынц адæм æмæ продукцийы хицæуттæ дæр уымæй ма пайда кæной! Æнæмæнг у æргъты рæзт бауромын æмæ бацархайын, цæмæй дефицит мацæмæй уа. Ацы тыхст заман йæ нысан æхца бакусын кæмæн у, уыдон цæудзысты карз æфхæрд. Сæйраг у ныртæккæ кæрæдзи фарсмæ балæууын», – загъта Сергей Меняйло. Уый  бафæдзæхста æмбæлгæ органты, цæмæй алы бон дæр  бæрæг кæной дуканиты, афтекты æмæ мониторинг сæвæрой æргътыл, стæй транспорты цæуыны аргъыл.

Маниторингы бæрæггæнæнтæ лæвæрд цæудзысты федералон министрадмæ. Республикæйы æргъты рæзты тыххæй цы закъон сфидар кодтой, ууыл уыдон сæмбæлдысты разыйæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.