ХÆРЗАУДÆН  ХЪУЫДДÆГТÆ – ДАРДДÆР

   Республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеслав хæрзаудæн хъуыддæгты архайын раджы райдыдта, «Бавари»-йæн фыццаг чысыл куыстуат куы фæзынд, уæдæй нырмæ. Уæдæй фæстæмæ, кæм фæнды ма куыстаид, æдзух кодта йе ʻххуысы хай тыхст, фæкæсынхъуаг адæмæн. Республикæйы хæрзæбонæн цас хорз хъуыддæгтæ сарæзта, арæх йæхи фæрæзтæй, уыдон дардыл нымаинаг сты.

Уыцы хæрзаудæн хъуыддæгтæм хауы «Операция улыбка»-дæр. Зындгонд пластикон хирург Хасан Баиев, Битары-фыртимæ бадзырды фæлгæты, æрвылаз дæр æрцæуы Ирыстонмæ æмæ дæсгай сабиты цæсгæмттæ æмæ æфсæрты аиппытæ, операцийы руаджы,  аиуварс кæны. Уый хонынц дунейы æмвæзады дохтыр. Операцитæ цæмæй æнæкъулымпыйæ цæуой, уый тыххæй æдзух материалон æххуыс кодта Битарты Вячеслав.

Æрæджы Битары-фырт фехъусын кодта, Хасан Баиевимæ йæ хæрзаудæн проект йæ зæрды адарддæр кæнын кæй ис, уый. Куыд загъта, афтæмæй уый у сыгъзæрин къухты хицау, фервæзын кодта æнæхъæн бæстæйы мингай сабиты æмæ стыр æхсызгонæй цæттæ у дарддæры æмгуыстадмæ.

Хорздзинæдтæ аразын дæ куы фæнда, уæд сæ кæддæриддæр сараздзынæ, кæм фæнды ма кусай. Республикæйы раздæры разамонæг  та цæттæ у дарддæр дæр йæ адæмæн лæггад кæнынмæ.

 

ÆРЫГÆТТÆ  РАСТ  ФÆНДАГЫЛ  ЛÆУД  КУЫ  УОЙ…

Цæгат Кавказы паддзахадон металлургион институт  (ГМИ) æмæ Норильскы «Норникелы» куыстуæттæ цалдæр азы размæ цы бадзырд сарæзтой, уый абон дæр æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы. Бадзырды нысан у амынд институты хуыздæр студенттæй арæзтадон къордтæ аразын æмæ сæ Норильскмæ æрвитын æрвылаз 3-4 мæйы æмгъуыдмæ, цæмæй хуыздæр базонгæ уой нырыккон технологитимæ. Уыдон ифтонг кæнынц куыст, цæрæнуат æмæ хæринаг æмæ хорз мыздæй. Сæрды каникулты цалдæр мæйы практикæйы рæстæг студенттæ райсынц «Норникелы» куыстуæтты хорз фæлтæрддзинад æмæ уырдыгæй æрæздæхынц цæттæ специалисттæй.

Фæлæ йæ сæйраг æнтыст уый мидæг ис æмæ нæ лæппутæ уыцы куыстуæтты ныууадзынц хорз фæд, Ирыстоны кад сисынц бæрзонд. Хорз куысты уæлдай ма сæхи хæдæфсарм æмæ уæзданæй кæй æвдисынц, уый фæдыл институтмæ алы аз дæр æрцæуы бирæ æппæлæн фыстæджытæ куыстуæтты разамонджытæй. Уымæ гæсгæ, практикæйы тыххæй кæддæриддæр бадзырд æхсызгонæй адарддæр кæнынц.

Йæ хорздзинад ма уый мидæг ис æмæ студенттæн уым сæ бон у металлургиимæ баст уæлæмхасæн дæсныйадыл сахуыр кæнын. Ахуыры фæстæ та бадзырд бафыссын æмæ уым кусгæйæ баззайын.

Ныр дæр, майы мæйы Норильскмæ абалц кодтой 230 студенты. Уыдон сты хорз чи ахуыр кæны, æнæниз, æнæзивæг, активон чи у, ахæмтæ. Семæ, æнæмæнг, æрвылаз дæр ацæуы ахуыргæнджытæй исчи. Уым æнгом бастдзиад дарынц Норильскы ирон диаспорæимæ. Институты ректор Юрий Дмитрак куыд загъта, афтæмæй ацы практикæ у лæгдзинады скъола. Ам рабæрæг вæййы адæймаджы миддуне алывæрсыгæй дæр.

Æгайтма нæм ахæм кæстæртæ ис æмæ сæм кæмдæр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц.

 

АХУЫРАДОН  УАГДÆТТÆ  БАИУ  УЫДЗЫСТЫ

Æвæццæгæн, хæстæгдæр рæстæджы баиу уыдзысты Цæгат Ирыстоны дыууæ стыр ахуырадон уагдоны: паддзахадон университет æмæ педагогон институт.

Ацы хъуыддагыл ныхас рагæй цæуы федералон хицауады ʻрдыгæй. Уыцы фæндон фыццагдæр бахаста Уæрæсейы Хицауады Сæрдары уæды хæдивæг Ольга Голодец, 2016 азы кусæг балцы ам куы уыд, уæд.  ЦИПУ рагæй у федералон центры дæлбар, институты та республикæйы бюджет дары.

Ацы фæндоны æвварс рахæцыд республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ, куы баиу уой, уæд дыууæ дæр бацæудзысты федералон центры бæрны æмæ педагогикæ рæздзæн активонæй, фæзындзæн хорз цæттæ кадртæ. Сæ арм сыл дардзысты Мæскуыйæ. Уæдæ се ‘рбаиу кæнынæй бирæ фæкъаддæр уыдзысты финансон хæрдзтæ.

Фæлæ уæддæр, стыр хъыгагæн, йæ сæйраг аххосаг у студенттæ кæй нæ уал ис, уый. Уæлдайдæр, филологон факультеты. Уымæн æмæ ныры фæсивæд ахуырмæ дæр акастысты пайдайы цæстæй. Цалдæр азы размæ дæр ма иу бынатмæ цалдæр адæймаджы кæм уыд, уыцы факультеттæ ныр та сæхæдæг агурынц абитуренттæ. Рагæй дзы нал фаг кæны студенттæ дыууæ уагдоны дæр. Уæдæ ахæм уавæры цы пайда сты дыууæ стыр ахуырадон уагдоны иу горæты, бюджетыл уæлдай  уаргъ æвæрын цæмæн хъæуы?..

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.