МУЛЬТФИЛЬМТÆ  –  ИРОН  ÆВЗАГЫЛ

Йæ Ирыстоны æрмæст ныхæстæй нæ, фæлæ иучысыл дæр хъуыддагæй чи уарзы, уыдон сæ адæмы фидæныл тыхсынц, уыдон арфæйаг хъуыддæгтæ аразынц.

Мультфильмтæ нæм ирон æвзагыл цалдæр азы размæ фæзынд комкоммæ тæлмацæй. Фæлæ æрæджы студи “Франк Аниматор”-ы чи фæзынд, уыдонæн дзы æмбал нæма ис. Республикæйы информацион технологитæ æмæ бастдзинады комитеты разамонæг Сæлбиты Алан сарæзта ахæм проект, кæцыйы мультикты руаджы сывæллæттæ ахуыр кæндзысты ирон æвзаг. Цы æртын сери бацæттæ кодтой, уыдонæй уал æвдыст æрцыд дæс: “Тæппуд цуанон”, “Адджын фын”, “Ног аз”, “Æххормаг мыст”, “Мæ фыды фыд”, “Мады фарн”, “Зондджын уыг”, “Мæ бæрæгбон”, “Райгуырæн зæхх” æмæ “Уæрдон тулы”. Адонæй алкæцы дæр скъолайы кæстæр кары æмæ рæвдауæндæтты сабиты ахуыр кæны ирон æвзагыл. Зæгъæм, “Уæрдон тулы”-йы хæрæг йæ хицау чысыл лæппуимæ уайынц æмæ иронау зарынц хæдзарон фос æмæ мæргътыл. Уæрдоныл амад хосы цъуппæй иугай сæ сæртæ сдарынц, куы – уасæг, куы – куыдз, хъаз, сæгъ, фыс æмæ æндæртæ, æмæ семæ базарынц. Уæрдоныл амад хосæй кæй сæр сзыны, уый фарсмæ фыстæй разыны йæ ном ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл. Афтæмæй сывæллæттæ канд ирон зарæгмæ нæ хъусынц, фæлæ цæрæгойты нæмттыл ахуыр кæнынц иронау. Ахæм уагыл арæзт сты иннæ мультиктæ дæр.

Проекты автор, Сæлбийы фырт куыд зæгъы, афтæмæй иннæ сери “Чъынды бирæгъ” та ахуыр кæндзæн хуымæтæг арифметикæйыл: нымайын, нымæцтæ ахуыр кæнын, хатт кæнын, байуарын, баппарын, раппарын æмæ афтæ дарддæр. Ахæм хъазты æмæ зарджыты хуызы ахуыр кæндзысты дамгъæтæ дæр, стæй цардуаджы æппæт хъæугæ предметтæ дæр.

“Ныридæгæн цы мультфильмтæ рауагътам, уыдоны тыххæй райстам бирæ арфæтæ. Рæвдауæндæтты æмæ сæ скъолаты райдыдтой инсценировкæтæ æвæрын. Махæн нæ нысан у, цæмæй алы сери дæр пайда уа сывæллæттæн æмæ сын сæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæна”, – зæгъы Сæлбийы фырт.

Хорздзинад аразынмæ æдзухдæр искæмæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ раздæр хъуамæ дæхицæй райдайай. Сæлбиты Алан тынг тыхсти йæ чысыл фыртыл, мыййаг, иронау рæстмæ куынæ сахуыр уа, зæгъгæ, æмæ йын алы фæрæзтæ агуырдта цæстуынгæ æрмæгæн чингуыты, интернеты, афтæмæй йæм фæзынд ацы арфæйаг фæнд. Ныр сабитæн се ʻппæтæн дæр сæ бон у мультикты руаджы сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнын.

Мультфильмтæн зарджыты тексттæ дæр Алан фыссы йæхæдæг, редакци та йын сæ кæны йæ мад, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Дзарасаты Беллæ. Тексттæн музыкæ фыссы æмæ сæ зары рок-музыкант Дзиойты Михал.

Ацы проект Ирыстоны культурæмæ, мадæлон æвзаджы рæзтмæ, сабиты хъомыладмæ у стыр бавæрæн.

ÆХХУЫС  –  ÆВÆРÆЗ  АДÆМÆН

Æрæджы Дзæуджыхъæуы кинотеатр “Терек”-ы раз бирæ адæм змæлыд. Уый хæрзаудæн фонд “Открытое сердце Алании”-йы волонтертæ сæхи фæрæзтæй балхæдтой хæлцадон продукттæ: дзул, дыргътæ, халсæрттæ, адджинæгтæ æмæ сæ уæрстой æвæрæз адæмыл, инвалидтыл, бирæсывæллонджын бинонтыл. Ацы акци арæзт æрцыд дыккаг хатт æмæ йæ саразджытæ куыд загътой, афтæмæй продукттæ æлхæд æрцыд 400 адæймаджы фаг. Активистты уырны, ацы акцимæ сæм кæй æрбаиу уыдзысты зæрдæхæлар адæм, амалхъомтæ æмæ уæд суыдзæн æрвылмæйон, аххæсдзæн фылдæр адæмыл.

Организатортæй иу, Цопанаты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй æвæрæз адæмы уавæрыл волонтерты зæрдæ тынг риссы, æмæ сæ сæ уавæр куыд амоны, афтæ сын лæггад кæнынц. Хæрзаудæн акцитæ та цæудзысты дарддæр.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.