АРÆЗТАДÆН  –  ХУЫЗДÆР  ФАДÆТТÆ

Бирæтæ йæ зондзысты, кæлæддзагыл-иу цы хæдзар æрцыд нымад, уый цæрджытæ-иу дæсгай азты дæр фæлæууыдысты рады ног хæдзар райсынмæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зындзинæдтæ æвзæрын кодта адæмæн. Фæлæ ныр уавæр аивта.

Æрæджы Ирыстонмæ ссыд Уæрæсейы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Сергей Степашин. Федералон министр азылд республикæйы, федта кæлæддзаг хæдзæртты уавæр æмæ рахаста хъæугæ уынаффæтæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ бакуыстой ног уæлæмхасæн программæйыл. Уыцы документмæ гæсгæ, йæ хæдзæрттæ 2017 азæй 2021 азы январмæ официалон æгъдауæй кæлæддзагыл нымад кæмæн æрцыдысты, уыдон ног хæдзæрттæ хъуамæ райсой 2023 азы кæронмæ, ома, дыууæ азы æмгъуыдмæ. Уый тыххæй уал федералон бюджет рахицæн кодта 128 милуан сомы. Ныртæккæ уал ног цæрæнуæттæ исынц, 2016 азы кæронмæ сæ хæдзæрттæ кæлæддзагыл нымад кæмæн æрцыдысты, уыдон. Степашин куыд загъта, афтæмæй республикæйы, стæй æнæхъæн Уæрæсейы 2025 азмæ иунæг кæлæддзаг хæдзар дæр мауал хъуамæ уа. Уый тынгдæр хауы «хрущевкæтæ» кæй хонын, уыдонмæ. Уый тыххæй ма ноджыдæр ног бадзырд бафысдзысты 2023 азы.

Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныны тыххæй уыд йæ ныхас Владимир Путинæн дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уæлдæр ранымад азты рады чи слæууыд, уыдон ног азæй хъуамæ райдайой ног, æппæтфадатджын хæдзæрттæ исын. «Нæ нысан у адæмы пырх хæдзæрттæй  рæстæгыл ракæнын хæрзвадат цæрæнуæттæм. Уый тыххæй хъæуы ног программæтæ царды рауадзын.  Горæтты æмæ хъæуты рæзты тыххæй дæр нæ размæ æвæрæм стыр нысантæ. Цалдæр азмæ Уæрæсейы регионты зæронд бæстыхæйттæ мауал хъуамæ уа, фæлæ  иууылдæр ифтонг æрцæуой ног хæдзæрттæй», – загъта бæстæйы разамонæг.

 

ФЫЦЦАГРАДОН  ХÆСТÆ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайад йæ къухмæ райста йæ фыццаградон хæстæ. Партийы уæнгтæ фæндон бахастой социалон рæзт æмæ фæсивæдон политикæйæн баххуыс кæнын, стæй æнæкоммерцион организацитæн паддзахадон субсидитæ рахицæн кæнын. Социалон къабазы цы программæтæ бацæттæ кодтой, уыдон сты, инвалидтæй 2005 азы онг хæдзар райсынмæ рады чи æрлæууыд, уыдонæн цæрæнуæттæ раттын, стæй ацæргæ рынчын адæммæ чи кæсы, уыдонæн æххуысæн уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кæнын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы программæтæм дæр хаст æрцыд ивддзинæдтæ. Уыдонæй иу у ВИЧ рынчынты хостæй ифтонг кæнын æмæ донорты куыстæн æхца рахицæн кæнын, æппæт рынчындæтты фаг дæр куыд уа, афтæ. Уымæй дарддæр, арæзт æмæ цалцæг æрцæудзысты бирæ медицинон уагдæттæ, Тагъд æххуысы машинæтæ ма ноджыдæр райсдзæн республикæ.

Алы къабазы программæты хæрдзтæ дæр нымад æрцыдысты æмæ лæвæрд æрцæудзысты федералон бюджеты сыл бакусынмæ.

«Мах архайæм программæты ахсджиагдæр пункттæ царды рауадзыныл, ацы тыхст рæстæджы уый хъæугæ хъуыддаг у. Уыдонмæ хауынц хистæр фæлтæр, ин-валидтæ, уæззау рынчынтæ. Нæ сæйраг хæс у ныртæккæ бюджетæй  уæлæмхасæн фæрæзтæ райсын, цæмæй ацы пункттæ сæххæст кæнын нæ къухы бафта», – банысан кодта пар-тийы регионты ‘хсæн ко-ординацион советы разамонæг Мæхъиты Зураб.

 

ВОЛОНТЕРТÆ  РАЦЫДЫСТЫ ÆХХУЫСМÆ…

Ацы фæстаг рæстæг та низимæ баст уавæр æгæр вазыгджын кæй сси, уый нымайгæйæ, ногæй байгом волонтерты штаб. Уыдон расидтысты акци «Мы вместе» æмæ æрæвнæлдтой хæрзаудæн куыстмæ. Ацы штаб ма куыста ивгъуыд аз уалдзæджы, пандемийы райдайæны, стæй низ куы фæсабыр, уæд сæ архайд æрурæдтой.

Акцийы архайынц цалдæр организацийы. Сæ тых-тæ баиу кодтой Æппæтуæрæсейон адæмон фронт, фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет, хæрзаудæн фонд «Быть добру», фæсивæдон парламент, студентты æппæтуæрæсейон ирвæзынгæнæг корпус, фæстауæрцон центр «Доброволец Кавказа»… Уыдонмæ ма æрæджы æрбаиу сты «Иугонд Уæрæсейы» минæвæрттæ æмæ райтынг волонтерты архайд. Уыдон æххуыс кæ-нынц рынчындæтты дохтыртæн, рæстæгмæ æхсæнадæй кæй фæиппæрд кодтой, уыцы ацæргæ адæймæгтæн та сæ хæдзæрттæм хæссынц продукттæ, хостæ, куы бахъæуы, уæд сæм фæхонынц дохтырты.

Волонтертæ сæхи транспортыл кæй архайынц, уый нымайгæйæ иуварс нæ баззад хæрзаудæн фонд «Фарн»-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зураб. Волонтертæ кæуыл кусынц, уыцы машинæты артагæй ифтонг кæныны хæс райста йæхимæ æмæ куыст рæвдздæр ацыд. Акци «Мы вместе»-йы архайджытæ бузныг загътой ахæм æххуысы тыххæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.