РЕСПУБЛИКОН КЛИНИКОН РЫНЧЫНДОН РАЙДАЙДЗÆН КУСЫН ПЛАНМÆ ГÆСГÆ

Республикон Клиникон Рынчындон райдайдзæн кусын планмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта рынчындоны сæйраг дохтыр Митциты Астан.

Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр хуыздæр кæны. Коронавирусæй чи фæрынчын, уыдонæй алкæй нæ бахъæуы рынчындоны медицинон æххуыс. Цы уæлæмхасæн бынæттæ ис, уыдоны руаджы, раздæр цы рынчындæттæ бацæттæ кодтой COVID пациенттæн, уыдон фæстæмæ сæ куыст фæткмæ гæсгæ кæндзысты.

Ныртæккæ Республикон Клиникон Рынчындоны цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ. Коронавирусæй рынчынты рафыстой, ныр хъуамæ скæной егъау санитарон сыгъдæггæнæн куыстытæ. Къуымтæ ныссыгъдæг кæндзысты. Фæнд кæнынц, рынчындон йæ куыст куы сног кæна, уæд уæттæ кæрæдзийæ фæдарддæр кæнын. Агъуыстыты æппынæдзух уæлдæф сыгъдæг кæндзысты.

ФЫДЫБÆСТÆЙЫ СТЫР ХÆСТЫ ЦЫРТДЗÆВÆНТЫЛ СÆВÆРДТОЙ ЗÆРДЫЛДАРÆН НЫСÆНТТÆ QR-КОДИМÆ

Дзæуджыхъæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой зæрдылдарæн нысæнттæ QR-кодимæ. Ацы акци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты хъæппæрисæй.

Æдæппæтæй сты 30 таблицæ, сæвæрдзысты сæ Республикæйы 7 районы. Ныридæгæн ацы нысæнттæ сты Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар Плиты Иссæйы цыртдзæвæныл, Намысы мемориалы, Уæлахизы фæзы.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, QR-код таблицæты фæрцы базонæн ис цыртдзæвæнты æппæт истори дæр.

МАДЫ КАПИТАЛÆЙ БАФИДÆН ИС БИНОНТЫ КÆЦЫФÆНДЫ СЫВÆЛЛОНЫ АХУЫРÆН ДÆР

Пенсион фонд адæмы зæрдыл лæууын кæны, мады капиталæй бафидæн кæй ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр. Капитал ис хардз кæнæн скъолайы агъоммæйы ахуырадыл. Уый тыххæй сывæллоныл æртæ азы сæххæстмæ æнхъæлмæ кæсын ныр нал хъæуы.

Уыимæ, мадæлты капиталæй бафидæн ис æмдзæрæны аргъ, кæд студент æндæр горæты цæры, уæд. Сертификаттæ цы программæмæ гæсгæ дæттынц, ууыл ис стыр хæсæвæрд. Йæ нысан у бæстæйы демографион уавæр фæхуыздæр кæнын.

Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæджы ноггуырдты нымæц кæны фылдæр. Ныййарджытæн сæ фылдæры фæфæнды æхцайы фæрæзтæ хардз кæнын сæ цæрæнуæттæ фæхуыздæр кæныныл, стæй сæ хистæр сывæллæтты ахуырадыл. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фиддонты бæрц ацы аз у 466 мины æмæ 617 сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.