ÆРВЫЛАЗОН НЫСТУАН РЕСПУБЛИКÆЙЫ  ЦÆРДЖЫТÆМ

Цæгат Ирыстоны социалон – экономикон рæзты сæйраг фæндæгтæ æмæ республикæйы Хицауады ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй республикæйы цæрджытæм йæ æрвылазон ныстуаны радзырдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Уый алы къабазы дæр фæнысан кодта ахсджиагдæр куыстытæ, 2018 азы цы арæзт æрцыд æмæ ацы азыл цавæр фæндтимæ сæмбæлдысты. Битары фырт бæстондæр æрлæууыд æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстатыл. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæ архайы медицинæйы райрæзтæн ахъазгæнæг авд федералон проекты. Уымæ гæсгæ къухы бафтыд бирæ саразын. Арæзт æмæ реставраци æрцыдысты тарнизы диспансер æмæ онкологон рынчындæттæ, стæй тугдадзинтæ дзæбæгæнæн центр. Сæвæрдтой сæ нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ифтонггæрзтæ. Зæгъæм, онкологон рынчындоны æвæрд æрцыд ахæм аппарат, рæсыд бынат рагацау чи раиртасы æмæ йæ иннæ органты нæ бахъыгдаргæйæ, чи куынæг кæны. Арæзт ма дзы æрцыд паллиативон æххуысы хайад. Уым психологон æххуыс цæудзæн канд рынчынтæн нæ, фæлæ сæ хиуæттæн дæр. Уыимæ фелдшерон- акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ арæзт æрцыдысты æхсæз хъæуы, иу ахæм та ацы аз байгом уыдзæн. Ахæм пункттæ кæм нæй, уыцы чысыл хъæуты медицинон лæггæдтæ кæндзæн цæугæ пункт. Авариты рæстæг æвæстиат æххуыс кæй бахъæуа, уый рынчындонмæ фæхæццæ кæндзæн сæрмагонд вертолет. Ивд цæуынц Тагъд æххуысы куысты системæ æмæ хæдтулгæтæ.

Республикæйы Сæргълæууæг ма ранымадта хæстæгдæр рæстæджы медицинæимæ баст плантæ: бындуронæй сцалцæг кæнын Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дыууæ хайады, психиатрон рынчындон, медицинон колледж. Тагъд цæттæ уыдзæн Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы райрæзты паддзахадон программæйы проект. Уый æмткæй фадат ратдзæн медицинæйы къабаз республикæйы ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын.

Битарты Вячеслав ма бæстон радзырдта социалон, экономикон, культурæ, ахуырады, туризм, экологи, кондад, спорт æмæ цардуаджыбирæ æндæр къабазты тыххæй æмæ арфæ ракодта, уыдон рæзтмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыдонæн: “Арфæ кæнын Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы разамындæн сæ æгæрон æххуысы тыххæй. Бузныг ма дæн республикæйы фидæныл зæрдæйæ чи тыхсы, йе ‘рвылбоны архайдæй Цæгат Ирыстоны рæзт æмæ фæрныгадмæ йæ бавæрæн чи хæссы, уыдонæy. Нырма нæ бирæ цæуылдæрты хъæуы бацархайын, æмæ мæ ныфс ис, нæ разылæууæг хæстæ кæй сæххæст кæндзыстæм. Уыдон та нæ къухы бафтдзысты æрмæстдæр нæ хъарутæ баиу кæнгæйæ”.

Хицауад æмæ æхсæнады размæ лæууынц, алы къабазыл чи æххæссы, ахæм лыггæнинаг фарстатæ. Уыдон сты 50 нысанмæздæхт проекты. Сæ сæххæст кæнынæн ацы аз республикæ райсдзæн æхсæз миллиард сомы бæрц хæстæг. Æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыд кусæг къорд, уыдон паддзахадон национ проектты фæлгæтты бацархайдзысты регионалон программæтæ сæххæст кæнын.

Нæ   уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.