Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд æмбæстæгтимæ, кæцытæ Президенты Æхсæнадон исæнуатмæ бахатыдысты куырдиæттимæ сæ хæдзæрттæ сын сцалцæг кæнын æмæ агъуыстытæ раивыны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй æмбæстæгты куырдиæттæм иууылдæр æркастысты, анализ сын скодтой æмæ сæ домæнтæ æххæст æрцæудзысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, коронавирусимæ баст уавæр бахаста йæхи ивындзинæдтæ, уымæ гæсгæ сæ арæзтад фылдæрбæрцæй райдайдзысты  иннæ аз.

Скъуыддзаг æрцæудзысты сæ проблемæтæ

«Æз уæ уымæн æрæмбырд кодтон, цæмæй уын ныфс бавæрон, иу куырдиат дæр æнæ хъусдардæй кæй нæ баззайдзæн, уый тыххæй. Æз дæн конкретон фарстытæ скъуыддзаг кæныны фарсхæцæг. Æмæ кæд ацы аз дæр махæн бантыса æхцайы фæрæзтæ самал кæнын, уæд мах дарддæр дæр араздзыстæм.  Алы куырдиаты фæдыл махæн ис хæдзары уавæры тыххæй æххæст æмбарынад. Ныфс уын æвæрын, мах хæдзæрттæ кæй араздзыстæм, фæлæ ныртæккæ махæн уыцы фадæттæ нæй, цæмæй уын  уæ проблемæтæ иууылдæр скъуыддзаг кæнæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Æрæмбырдуæвджытæ бамбæрстой паддзахады сæргълæууæджы позици, чидæртæ дзы бахатыдысты, цæмæй сæм къамис æрбарвитой сæ цæрæнуатон уавæртæн саргъ кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.