Цхинвалы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къæбулты Зауыры. Зынгæ ахуыргонд-дендролог йæ цардæй ахицæн 82-аздзыдæй.

Къæбулты Зауыр куыста Паддзахадон тобæгонд хъæды директоры хæдивæгæй. Хæрзбон зæгъынмæ йæм æрбацыдысты æхсæнады минæвæрттæ, коллегæтæ, афтæ ма республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, хæрзбонкæныны митинджы æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, банысан кодта ахуыргонды хайбавæрд зонадмæ, йæ профессионализм æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад.

Паддзахады сæргълæууæджы фæндонмæ гæсгæ Къæбулты Зауыр ныгæд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.