Фæстаг рæстæджы республикæйы разамынд æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæм се ‘ргом куыд аздæхтой, уый бæрæ цæмæйдæрты фæбæрæг уавæрыл. Республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав суткæйы цавæрфæнды афон дæр бацæуы медицинон уагдæттæм, уæлдайдæр рынчындæттæм, æмæ сбæрæг кæны æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр. Уайдзæф бакæнын, бафхæрын кæй фæхъæуы, уыдон æвыдæй нæ баз-зайынц. Æмæ уыцы бæрнондзинад æнкъаргæйæ, алчидæр архайы йæ куыст æмбæлон уагыл сæвæрынмæ. Битары фырт æрæджы иу æмбырды рæстæджы куыд дзырдта, афтæмæй разы нæу медицинæйы къабазы цы уавæр сæвзæрд, уымæй. Уымæ гæсгæ йæ зæрды ис медицинæйы къабазы куыст бындуронæй рацаразын, рынчынтæн лæггад кæныны ног системæмæ ахизын. Уый тыххæй дæр æмæ бирæ æндæр фарстаты фæдыл Битарты Вячеслав цы бирæ ахсджиаг фембæлдтытæ æмæ бадзырдтæ саразы Мæскуыйы, уыдонæн ис стыр ахадындзинад. Уыцы бадзырдты фæлгæтты æрæджы Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты федералон ведомствоты специалисттæ æмæ экспертон æхсæнады минæвæрттæ, кæцытæ се ‘ргом аздæхтой уæлæмхас контроль кæуыл хъæуы, уыцы хъуыддæгтæм. Уыдонимæ медицинæйы къабазы дæр.

Амынд къамисы фиппаинæгты фæдыл ныр та республикæмæ ссыд Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Вероника Скворцова цалдæр бæрнон разамонæгимæ. Уазджытыл аэропорты фембæлдысты Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Александр Реутов, æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Реуазты Таймураз æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Уазджытæ æмæ фысымтæ, фыццаджыдæр, бабæрæг кодтой Беслæны теракты амæттæгты уæлмæрд æмæ дидинджытæ сæвæрдтой «Хъыджы бæлас»-ы раз. Уый фæстæ федералон разамонджытæ бабæрæг кодтой Беслæны бирæпрофилон медицинон центр, тарнизæй рынчынты диспансер, тагъд æххуысы клиникон рынчындон, онкологон диспансер æмæ æндæр медицинон уагдæттæ.

Вероника Скворцова куыд бафиппайдта, афтæмæй бæлвырд æркаст Беслæны медицинон центры куыстмæ, федта бæрзонд технологитыл арæзт прибортæ, операции-гæнæн блоктæ, компьютерон æмæ магнитон томографийы бæстыхай, лабораторитæ, сбæрæг кодта дохтырты фæлтæрддзинад æмæ баззад тынг разыйæ. Уый тыххæй бузныг загъта йæ сæйраг дохтыр Уыртаты Роланæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй центр у æнæхъæн Цæгат Кавказы æмæ бæрндзинад дæр фылдæр хæссы. Центр ма хъуамæ суа зонадон-иртасæн æмæ ахуырадон центр дæр. Æххуыс ма цæмæй бахъæуа, уымæй зæрдæ бавæрдта.

Тынг бирæ хъуагдзинæдтæ разынд медицинæйы иннæ уагдæтты. Министр тагъд æххуысы клиникон рынчындоны бабæрæг кодта кардиологон æмæ реанимацион хайæдтæ, стæй йе ‘ргом аздæхта, цалдæр азы размæ амынд рынчындоны цур арæзт чи хъуамæ æрцыдаид, тугдадзинты низты центры уыцы арæзтадмæ. Йæ сæйраг дохтыр Саламты Анатоли куыд бамбарын кодта, афтæмæй центры арæзтады фæуынмæ бирæ нал баззад, æлхæд æрцыд æппæтдæр, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ уал уыд, уый аххосæй бакъуылымпы сты. Министр ныфс бавæрдта баххуыс кæнынæй, цæмæй центр 15 сентябрмæ скуса. Федералон чиновник ма ныфс бавæрдта тарнизæй рынчынты диспансеры зæронд бæстыхæйттæ ногтæй раивынæй, дохтырты сæ квалификаци фæфылдæр кæныны тыххæй Уæрæсейы стырдæр гæрæттæм арвитынæй, иуæй-иу рынчындæтты медицинон техникæйæ сифтонг кæнынæй æмæ афтæ дарддæр.

Уыцы бон ма мæскуыйаг уазджытæ медицинон академийы фембæл-дысты республикæйы æмæ медицинæйы къабазы разамонджытимæ, студенттимæ. Вероникæ Скворцова йæ раныхасы загъта: «Абоны æрцыд нын фадат радта хи цæстæй фенын æмæ банкъарын уавæр. Советон дуджы Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны къабаз уыд тынг размæцыд, нæ бæстæйы ахста фæндзæм бынат. Хос кодтой æрмæст Цæгат Кавказы нæ, фæлæ Уæрæсейы бирæ регионты рынчынтæн. Мах иумæ саразын хъæуы æппæт дæр, цæмæй республикæйы медицинон къабазмæ йæ раздæры кад раздæха, рын-чынты дзæбæх кæнынæн уа æппæт фадæттæ дæр. Уымæн та ис æппæт гæнæнтæ дæр. Цы хъæуа, уымæй баххуыс кæнынмæ цæттæ стæм».

Фембæлды ма ныхас цыд медицинæйы бирæ фарстатыл. Журналисттæ уазджытæм радтой бирæ фарстатæ хостæй ифтонг кæныны, медицинон фæдзæхстады, мызды æмæ бирæ æндæрты тыххæй.

Битарты Вячеслав уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта, Ирыстоны кæй бабæрæг кодтой, уый тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм делегацийы фæстæ ныфс бавæрæн ис, медицинæйы къабазы куыст бындуронæй ивд кæй æрцæудзæн, уымæй. Рæгъмæ цы фарстатæ æрцыд хаст, уыдон куыд æххæст цæуынц, уый та бæрæг кæндзысты республикæйы разамонджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.