НОГ   ÆМГУЫСТАДЫ ФÆДЫЛ  БАДЗЫРДТÆ

 

Æрæджы куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстон архайдта Сочийы æрвылазон инвестицион форум “Сочи – 2019”. Уым республикæ адæмы рæгъмæ рахаста 32 проекты æндæр æмæ æндæр къабæзты.

Форумы Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ къух æрфыста   æмгуыстады фæдыл цалдæр бадзырдыл. Уыдонæй иу у Тагъд  медицинон æххуысы куысты системæ аивын. Æнæкоммерцион автономон организаци “Агенство инвестиций в социальной сфере”-йы æххæстгæнæг директор Илья Ковалев æмæ Битарты Вячеслав бæстон æрдзырдтой ног проектыл, хуыйны “Новая скорая и неотложная помощь”. Проекты нысан у тагъд æххуысы машинæты автопарк рацаразын, транспорт сног кæнын æмæ тагъд æххуысмæ фæдзурыны фæтк аивын. Куыд  у, уый тыххæй ма ноджыдæр бакусдзысты проектыл.

Ноджы ма, медицинæимæ баст чи сты, ахæм  дыууæ бадзырдыл, æрфыста йæ къух Республикæйы Сæргълæууæг компани “Джии Хэлскеа” æмæ корпораци “Дженерал электрик”-имæ. Уыдон сты медицинон техникæ уадзыны  зынгæ куыстуæттæ. Бадзырдмæ гæсгæ, республикæйы ифтонг кæндзысты медицинон техникæйæ æмæ фидæны та ахæм куыстуат  бакæндзысты Дзæуджыхъæуы. Куыстуат æрмæст уæй нæ кæндзæн амынд техникæ, фæлæ цалцæг дæр. Стæй хъуамæ иннæ регионтимæ дæр сфидар кæной базарадон бастдзинæдтæ.

“Фæстаг азты медицинæ размæ стыр къахдзæфтæ акодта республикæйы. Бакодтам цалдæр центры  æмæ рынчындоны алыхуызон низтæй хос кæнынæн. Ис нæм бирæ курдиатджын дохтыртæ. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ нæм тынг бирæ рынчынтæ кæй цæуы сыхаг республикæтæй дæр. Уæдæ ахæм уавæры цæмæн хъуамæ уæм цух хорз медицинон ифтонггæрзтæй? Ног бадзырдтæм гæсгæ, нырæй фæстæмæ уыцы фарста скъуыддзаг æрцæудзæн æмæ нæ медицинæ ноджыдæр хъомысджындæр фæуыдзæн”, – фехъусын кодта Битарты Вячеслав.

Форумы рæстæджы ма Битарты Вячеслав æмгуыстады фæдыл бадзырд сарæзта ахуырадон центр “Сириус”-ы разамонæг Елена Шмелеваимæ. Шмелева куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстоны ис æвзыгъд, курдиатджын фæсивæд æмæ ахæм центр бакæнын Дзæуджыхъæуы уыдзæн æнæ-мæнгхъæуæг. Уымæ гæсгæ центры разамынд цæттæ сты алывæрсыг æххуыс бакæнынæй.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй республикæйы разамынд æппæт дæр аразы курдиатджын сывæллæттæн æххуысæн, фæлæ “Сириус” уыцы куыст ракæндзæн бæрзонддæр æмвæзадмæ. Уый ахъаз фæуыдзæн бирæ æрыгæтты дарддæры профессионалон рæзтæн æмæ кад скæндзысты сæ республикæйæн.

Ног бадзырдтæ рæхджы царды æххæст æрцæудзысты.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.