Республикæ Хуссар Ирыстоны националон æфсады фæззыгон æрсиддонты ротæйы салдаттæ æвзонг хæстоны курс рацæуыны фæстæ нæ горæты Æнусон арты раз Кады Аллеяйы цытджын æгъдауæй ард бахордтой Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады охыл.

Ацы кадджын мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли, Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министртæ Гассеты Ибрагим æмæ Наниты Игорь, Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинады фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл министр Тадтаты Алан  æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Цытджын ардбахæрды фæстæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Кады Аллеяйы, Советон Цæдисы Хъайтарты цыртыты раз Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады ардбахæрд дзурæг у ууыл, æмæ алы æвзонг лæппу дæр йæ службæ намысджынæй æххæст кæндзæн.

«Нæ кадджын фыдæлты – инæлартæ, салдаттæ æмæ афицерты традицитæ дарддæр кæнгæйæ, абон сымах ард бахордтат намысджын æфсæддон службæйы тыххæй æмæ сын сæ кад нæ фæхудинаг кæндзыстут. Уыцы ардбахæрд куы басæттат, уæд уæ, æцæгæйдæр, баййафдзæн адæмы фыдæх æмæ æнæуынондзинад. Ныфс мæ ис, æмæ уæ ныййарджытæ, уæ командиртæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæм сымахæй сæрыстырæй кæй дзурдзысты, нæ бæстæйы Гарзджын тыхты службæгæнджытæ сæ æвæджиаг хæс кæй æххæст кæнынц намысджын æмæ аккагæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæджы цæст ацы бон æвзонг æрсиддонтæн ноджыдæр бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ удвидар. Уадз, зæгъгæ, уæ макуы ферох уæд, Гарзджын тыхты кæй службæ кодтат, уыцы сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ.

Æвзонг æрсиддонты хиуæтты номæй цытджын церемонийы арфæйы ныхæстæ загъта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уый æхсызгонæй банысан кодта, æрсиддонты æхсæн бирæ студенттæ кæй ис, кæцытæ райстой академион улæфт, уымæн æмæ æнæмæнг хъуыддагыл банымадтой Фыдыбæстæйы раз сæ æвæджиаг хæс æххæст кæнын.

Æвзонг хæстоны курс рацæуыны фæстæ, æвзонг курсанттæ абон цытджын ардбахæрды фæстæ  æрæвналдзысты сæ дарддæры службæмæ. Вадим бузныг загъта командиртæ, сержанттæ, прапорщиктæ æмæ афицертæн сæ ахсджиаг куысты тыххæй. Уадз, зæгъгæ, уæ хъарутæ сабыр цардæн ахъазгæнæг уæнт.

Бæстæйы къухдариуæгад æмæ хъахъхъæнынады министрадæн æвзонг курсантты номæй бузныджы ныхæстæ загъта æвзонг æрсиддон Нанийы фырт. Уыдон руаджы, зæгъгæ, махæн ис æфсæддон хъуыддагыл ахуыр кæныны фадат, уымæн æмæ уыцы хъуыддаг ахсджиаг у алы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн дæр. Бузныг загъта сержанттæ æмæ афицертæн, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ хæлар кæнынц æнæвгъауæй æвзонг æрсиддонтæн.

Цытджын мадзалы фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттæ æмæ æвзонг курсанттæ цытджын маршæй рацыдысты Æнусон арты раз Кады Аллеяйы. Уый фæстæ æвзонг æрсиддонтæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ хъахъхъæнынады министрады командæкæнынады скондимæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.