Адæймагæн курдиат æрдз радты, фæлæ йæ хатт фæхъæуы фæрсæрдыгæй дæр æххуыс, цæмæй тагъддæр æмæ тынгдæр райхæла.

Нæ университеты бирæ дæсныйæдтыл ахуыр кæнынц студентон фæсивæд. Уымæй дарддæр ма дзы архайынц алыгъуызон къордтæ, кружоктæ, цыран æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн фадат ис сæ арæхстдзинад æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты равдисынæн.

Университеты ахуыр-хъомыладон куыст раст организаци кæнын сæйраджыдæр баст у йæ къухдариуæггæнæгыл – ректорыл. Уыцы стыр бæрндзинад йæхимæ æнкъары Тедеты Вадим Ботазы фырт, æмæ æппæт дæр аразы, цæмæй равзаргæ дæсныйады фæдыл æмбæлон зонындзинæдтæ райсыны æмрæнхъ фадат уа сæ æппæтварсон рæзтæн.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет нæ республикæйы у, ахуыры нырыккон стандарттæн æххæстæй дзуапп чи дæтты, ахæм иунæг уæлдæр ахуыргæнæндон. Æмæ кæд нырма йæ ног арæзт корпустæ сæ дуæрттæ æрæджы байгом кодтой, уæддæр дзы алцыдæр тагъд æрбæстон. Афтæ æмæ, махæн, ныры студенттæн, нæ университеты цы уавæртæ æмæ фадæттæ ис, уыдон никуы уыдысты йæ уæвынады бирæазон историйы. Уыцы хъуыддагмæ та йæ уæзгæ бавæрд хæссы нæ ректор.

Уый æнæрынцойæ архайы, цæмæй алы хъуыддаджы дæр университет уа размæ-дзыд. Хорзæй хорз куы зæгъай, уæд уый æппæлыны миниуæг нæу. Адæймаг йæ хъуыддæгтæй рабæрæг вæййы.

Стыр хъусдард здæхт цæуы хæрзæгъдауон хъомылады фарстытæм. Æрвылбон дæр уагъд фæцæуы алыгъуызон мадзæлттæ, фембæлдтытæ æмæ ерыстæ. Арæх уадзынц тымбыл фынгтæ, онлайн-видеоконференцитæ.

Ис дзы спортивон комплекстæ, автошкола, типографи æмæ йæхи видеостуди. Студенттæн дзы арæзт цæуы æппæт фадæттæ дæр дæсныйадимæ алывæрсыг зонындзинæдтæ исынæн. Æппæт ацы мадзæлттæ пайда сты студенттæн сæ фидæны дæсныйад бауарзын кæнынæн. Куыд ахуырмæ се ‘взыгъддзинæдтæ, афтæ се сфæлдыстадон курдиат раргом кæнынæн дæр университеты арæзт цæуы æппæт уавæртæ. Æнтысгæйæ дзы архайы кафджыты къорд, ансамбль. Спортивон залты ис æппæт хъæугæ спортивон инвентарь. Æмдзæрæндон дæр æрцыд цалцæг, йæ хатæнтæ сты сыгъдæг æмæ райдзаст.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ фæстаг азты нæ университет хъуыддагон бастдзинæдтæ кæй аразы Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ.

Æппæт уыдæттæ сты нæ паддзахады æмæ ректор Тедеты Вадимы хъæппæрисон архайды фæрцы.

Ирон дзырды зæрингуырд, дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил афтæ фыста: «Нæ удыхъæд афтæ арæзт у, æмæ сгуыхт лæг агурæм кæнæ историйы, науæд – таурæгъты. Афтæмæй сгуыхт арæх сæнтысы нæ разы, фæлæ йæ нæ уынæм, нæ хатæм». Уыцы ныхæсты, æвæццæгæн, ис рæстдзинад, фæлæ нæ ректормæ ахасты афтæ нæу. Мах, университеты студенттæ æмæ нæ  ахуыргæнджытæ дæр, уынæм нæ ректоры хæрзиуæгон архайд Ирыстоны сомбоны сæраппонд.

Афтæ кæй у, уымæн æй равзæрстой дыккаг æмгъуыдмæ дæр ректорæй.

ДРИАТЫ Лейла,

5-æм курсы  журналистикæйы

факультеты  студенткæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.