ХÆРЗИУÆГ – ЧЕРЧЕСТЫ  СТАНИСЛАВÆН

Ирыстоны номдзыддæр адæймæгтæй иу, зындгонд футболист, Уæрæсейы иугонд командæйы тренер Черчесты Станиславæн йе стыр хайбавæрд Уæрæсейы спортмæ банымадта Цæгат Ирыстоны Хицауад. Номдзыд футболистимæ фембæлдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ иннæ разамонджытæ.

Битарты Вячеслав Черчесы-фыртæн зæрдæбын арфæ ракодта йе стыр уæлахизты тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы иугонд командæйæн ахæм стыр æнтыстытæ йæ къухы бафтыд фыццаг хатт. Черчесты Станислав та æнæхъæн дунейы цæсты скадджын кодта йæ чысыл Ирыстоны, æмæ дзы се ‘ппæт дæр сæ сæртæ бæрзонд хæссынц.

Уый фæстæ Битарты Вячеслав Черчесты Станиславы схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг “Ирыстоны Намыс”-æй. Ацы хæрзиуæгæй Ирыстоны нырмæ хорзæхджын æрцыдысты æрмæстдæр цалдæр адæймаджы.

Футболистæн ма арфæ ракодтой Хицауады иннæ уæнгтæ: Физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, республикæйы Парламенты национ ахастдзинæдты æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Хуыгаты Алан æмæ иннæтæ. Се ‘ппæтæн дæр сæ ныхас арæзт уыд иу нысанмæ: æнхъæлмæ кæсынц ноджы стырдæр сгуыхтдзинæдтæ равдисынмæ.

Черчесы-фырт бузныг загъта се ‘ппæтæн дæр, йæ фыдæбонæн ын ахæм аргъ кæй скодтой, уый тыххæй. Загъта, ацы хæрзиуæг ыл ноджы бæрнондæр хæс кæй æвæры æмæ ноджы разæнгарддæрæй кæй архайдзæн. Уый фæстæ республикæйы Сæргълæууæгæн балæвар кодта Уæрæсейы иугонд командæйы майкæ къухфыстытимæ.

СПОРТУАРЗДЖЫТÆН – ÆВÆДЖИАУЫ  ЛÆВАР

Кæронмæ фæхæццæ кæнынц Дзæуджыхъæуы стадион “Спартак”-ы экспертизæтæ. Уый фæстæ, январы райдайæнæй, бавналдзысты стадионы арæзтадон куыстытæм. Ахæм лæвар Ирыстонмæ æрхауд, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольга Голодец, Цæгат Ирыстоны уæвгæйæ, стадионы кæй федта, уый руаджы. 1961 азы арæзт стадион ис кæлæдздзаг уавæры. Бакæнын дзы хъæуы бирæ алыхуызон куыстытæ: ивинаг у футболон фæз, техникон хæйттæ хъæуы фæтыхджындæр кæнын, трибунæтæ – рацаразын, рухсы системæ – цалцæг кæнын æмæ бирæ æндæртæ. Тæссаг у фыдбылыз æрцæуынæй. Ахæм уавæр фенгæйæ, федералон чиновник æвæстиатæй бардзырд радта арæзтад райдайыны тыххæй.

“Республикæ хъæздыг у курдиæттæй, хъахъхъæны спорты зындгонд традицитæ, фæлæ сын æххуыс хъæуы. Нæ футболисттæ абон се спортивон æнтыстытæ æмæ уæлахизтæй канд ирон спортуарзджытæн нæ хæссы æхцондзинад, фæлæ дзы бирæтæн сæ кой ныхъхъæр дунетыл. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй æмæ ма нæ фæнды, цæмæй нæм ног нæмттæ дæр фæзына. Черчесты Станиславы, Гæззаты Валери æмæ Юри, Зæгъойты Алан, Гæбулты Владимир æмæ иннæты хуызæн футболисттæ кæмæ ис, уыдон сæ хъуамæ сæ-рыстыр уой. Уымæ гæсгæ нæ хæс у Цæгат Ирыстоны сывæллæтты – æвзæнгты футболы рæзтæн нырыккон уавæртæ саразын, цæмæй ма нæм ахæм гуырдтæ фæзына”, – фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый ма уыцы фарста уый размæ сæвæрдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы раз дæр æмæ, æппынфæстаг, хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуыст.

11 гектар фæзуатыл цы стадионы арæзтад райдайдзæн, уым бынат уыдзæн 27 мин адæймагæн, йæ аргъ та слæудзæн иу миллиард сомæй фылдæр.

ХЪÆУУОН  ХÆДЗАРАДЫ  РÆЗТÆН

Ацы фæззæг республикæйы 200 гектар фæзуаты сагъд æрцыд æнгуз æмæ æхсæр бæлæстæ. Хъæууон хæдзарады министрады нымадмæ гæсгæ, уыдон сты хъæугæ продукттæ, афтæмæй кадавар сты республикæйы. Фылдæр сæ ласынц Кæсæг æмæ Гуырдзыстонæй, уымæ гæсгæ сæ аргъ дæр кæддæриддæр у бæрзонд.

Цæмæй ног сагъд талатæ хорз тыллæг дæттой, уый тыххæй  сæ садзынæн хъæуы йæхи технологи. Уымæ гæсгæ Молдавийæ РЦИ-йы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбеджы хуындмæ гæсгæ æрцыд зындгонд специалист Исидор Балан. Уый бирæ азтæ кусы æнгуз æрзайын кæныны программæйыл.

Специалист куыд банысан кодта, афтæ-мæй Цæгат Ирыстон у ахæм регион, æхсæр æппæты хуыздæр кæм æрзайдзæн.

Республикæйы æхсæр æмæ æнгузæй хъæздыг тыллæг райсынмæ хъавынц фондз азы фæстæ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.