19 декабры Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы уыд радон æмбырд. Архайдтой дзы цæдисы уæнгтæ æмæ журналисттæ. Цæдисы уæнгтæ рæгъмæ рахастой ахсджиаг фарст: ног сæрдар равзарын.

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй цалдæр азы бакуыста зындгонд фыссæг, прозаик Агънаты Гæстæн. Уыцы рæстæджы Агънайы фырты къухы бирæ саразын бафтыд. Цæдисмæ бацæттæ кодта æмæ райста бирæ ног æрыгон фæлтæр, æнгом бастдзинæдтæ сарæзта Кавказы регионты æмæ Уæрæсейы Фысджыты сæйраг цæдистимæ. Æрæджы Гæстæн, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ барвæндонæй ацыд йæ куыстæй.

Æмбырды архайджытæ, ног сæрдар æвзаргæйæ, æмвæндæй схъæлæс кодтой ног сæрдар равзарыныл. Уый у зындгонд  журналист æмæ ахуыргонд, газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæйраг редактор Хозиты Барис. Уый уал, фæткмæ гæсгæ, рæстæгмæ æххæст кæндзæн сæрдары хæстæ, цалынмæ фидæн азы Фысджыты съезд арæзт æрцæуа, уæдмæ.

Хозийы фырт йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй зæрдиагæй бацархайдзæн, цæмæй ирон фысджыты традицитæ дарддæр кæна æмæ ма куыстмæ бирæ ногдзинæдтæ бахæсса.

 

ИВГЪУЫД  АЗЫ БÆРÆГГÆНÆНТÆ ÆМÆ ФИДÆНЫ ПЪЛАНТÆ

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис радон æмбырды ранымадта аивгъуыйгæ азы æнтыстытæ æмæ фидæны пълантæ. Сæйрагдæр æрлæууыд, Мамысоны цы къахдзоныгътыл бырæн стыр курорты арæзтад райдыдта, ууыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй уал сæйрагдæр у курортмæ фæндæгты арæзтад, уыдон кæронмæ фæхæццæ кæнынц.

«Нæ къухы бафтыд, кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног фатертæм раивыны программæ æмгъуыдæй раздæр сæххæст кæнын. Ацы аз 43 бинонтæн лæвæрд æрцыд ног фатертæ. Уый у иннæ азтæй бирæ фылдæр. Ацæугæ азы бындурон æгъдауæй цалцæггонд æрцыдысты ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, культурæ, спорт, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, экологи æмæ фæндаггон инфраструктурæйы бирæ бæстыхæйттæ». Дзанайты Барис ма бæлвырд радзырдта, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй. Бузныг загъта районты разамонджытæн дæр сæ архайды тыххæй.

Æмбырды архайджытæм сидгæйæ, Хицауады Сæрдар банысан кодта, цæмæй æппæт мадзæлттæн уагъд фæрæзтæ дæр хардз æрцæуой нысанмæ здæхт куыстытыл æмæ цыбыр æмгъуыдмæ хæрзхъæдæй арæзт æрцæуой.

Дзанайты Барис ма фæсидт барадхъахъхъæнæг органтæм æмæ иннæ æмбæлон ведомствæтæм, цæмæй Ног азы бæрæгбоны мадзæлттæм куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кæной. «Пъæлицæйы кусджыты хæс у бæрæгбонты рæстæджы цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæнын, уæдæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн дæр бирæ куыст ис. Раиртасын хъæуы зынгсирвæстæй тæссаг бынæттæ ахуырадон уагдæтты, организациты… Медицинон кусджытæ дæр уыцы бонты къæрцхъусдæр хъуамæ уой. Уымæн æмæ, куыд зонæм, афтæмæй æгъдаухалыны цаутæ фылдæр цæуынц бæрæгбонты рæстæджы». Уый фæстæ Дзанайы фырт бæлвырд хæстæ радта йæ хæдивджытæн ацы фарстатыл бацархайыны тыххæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.