Кæцыфæнды нацийæн дæр йæ удварны рæзтæн сæйраг ахъазгæнæг вæййы йæ культурæйы æмвæзад, стæй йын æндæр адæмтæ дæр фæаргъ кæнынц йæ культурæмæ гæсгæ. Ацы аз Уæрæсейы горæтты æмæ сыхаг республикæты адæмтæ æввахсдæр базонгæ сты ирон культурæ æмæ традицитимæ.

Ног 2023 аз куы ралæууыд, уæд нæ республикæйы Культурæйы министрад йæ разы æрæвæрдта хæстæ, цæмæй нæ культурон цардуаг уа цымыдисон æмæ æмбæлон æмвæзадыл. РХИ-йы Культурæйы министрадæн ацы аз цы бантыст бакусын æмæ саразын, иууыл ирддæр культурон цаутæ цы уыдысты, уыдоныл нæ фæнды чысыл афæлгæст саразын.

Фыццаджыдæр банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы аз ивгъуыд азимæ абаргæйæ нæ республикæйы культурон цард кæй у бирæ мидисджындæр æмæ цымыдисондæр, уымæн æмæ хъæздыг у алыгъуызон бæрæгбонон, тематикон, концертон, юбилейон æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ æмæ цаутæй. Ацы аз æнтыстджын уыдысты нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ, арæх-иу абалц кодтой гастролты, афæдзы дæргъы хайад истой æндæр æмæ æндæр фестивальты, конкурсты, æвдыстой солон концерттæ æмæ-иу хорзæхтимæ æрæздæхтысты фæстæмæ.

РХИ-йы Культурæйы министрад сæрмагондæй развæлгъау бакусы æмæ реализаци кæны культурæйы æмæ аивады къабæзты фыццаградон хæстæ, афтæ ма мадзæлттæ исы ирон адæмы культурон бынтæ бахъахъхъæныны фæдыл. Иумæйагæй сисгæйæ 2023 азы Культурæйы министрадæн уыд фæстиуæгджын, бантыстис сын дзæвгар хæстæ сæххæст кæнын. Уыдон æмгуыстад кодтой Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрадимæ.

Æхсæнведомствойон сразыдзинады фæлгæтты реализацигонд æрцыд æрвылазон программæ «Обменные культурные мероприятия между Российской Федерацией и Республикой Южная Осетия». Ацы программæйы бындурыл Культурæйы министрад «Росконцертимæ» иумæ ансамбль «Симд»-æн сорганизаци кодта горæт Ростов-на-Донуйы стыр концерт. Ахæм иумæйагон мадзæлтты фæрцы адæмы культурон цард фæмидисджындæр. Цыфæнды куыстуаты æнтыстытæ дæр баст вæййынц хорз сæргълæууæджы къухдариуæгаразамынадимæ. Æмæ уый æфты Зæгъойты Радайы къухты. Йæхæдæг арæх фæдзуры, зæгъгæ, сфæлдыстадон коллективтæ æдзухдæр хъуамæ сæхиуыл кусой æмæ арæхдæр цæуой гастролты. Рада ма сæйрагыл нымайы, цæмæй Уæрæсейы Федерациимæ æмгуысткæнынады динамикæ къаддæр ма кæна, æмæ ноджы активонæй дæр не сфæлдыстадон коллективтæ архайой семæ æмдзу кæныныл.

Культурæйы министрад ма зæрдиагæй архайдтой, цæмæй хореографион скъола-студийæн Инвестпрограммæйы руаджы арæзт æрцыдаид сæрмагонд бæстыхай национ хореографийы райрæзты тыххæй, фæлæ йæм, хъыгагæн, нæ бахаудтой. Скъола-студийы ахуыргæнинæгты иу хай репетицитæ кæнынц киноконцертон зал «Чермен»-ы, иннæ хай та – 2-æм астæуккаг скъолайы спортивон залы. 2024-æм азы скъолайы хъавынц ныппырх кæнын, цæмæй йæ бынаты саразой ног, æмæ хореографион скъола-студи рæстæгмæ йæ ахуыргæнинæгты кæдæм ракæндзæн, уый зын зæгъæн у. Министры хъуыдымæ гæсгæ ацы фарст ис нæ бæстæйы сæргълæууæджы хъусдарды бын æмæ, уымæй ныфсджын стæм, проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис.

Хореографион скъола-студийæн абон нæй æмбæлон уавæртæ, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ ардæм цæуынц сæдæ ахуыргæнинагæй фылдæр. Ис сын тынг хорз æнтыстытæ сæ разамонæг Четион Майæйы куыстхъомдзинады фæрцы. Уымæн йæ куысты фæстиуджытæ радон хатт фæбæрæг сты Уæрæсейы дунеон фестивалы. Уым ансамбль «Кафт» рамбылдта Гран-при. Арæх сæ концертон программæтæй сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс кæнынц сæ аив кафтæй. Скъола-студимæ æмбæлон хъусдард здæхт кæй хъуамæ цæуа, уый рохуаты нæй министрадæй.

Сывæллæтты кафджыты ансамблтæ «Кафт», «Ирон», «Барс», «Ныфс», «Арвырон» æмæ æндæртæ дæр барухс кæнынц адæмты зæрдæтæ се ‘нтыстытæй.

Нæ республикæйы Культурæйы министрад стыр хъусдард здахы аивады хуызты фæдыл сæрмагонд ахуыр кæм райсынц, ахæм уагдæтты куыстмæ. Культурæйы къабазы иууыл ахсджиагдæр бынат ахсы профессионалон аивад. Нæ республикæйы ацы фæдыздæхты егъау бынат ахсынц Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр æмæ Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы коллективты куыст. Уыдон сæ профессионалон аивадон архайдæй барухс кæнынц куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы регионты æмæ горæтты аивадуарзджыты зæрдæтæ. Ацы аз театр æмæ «Симд»-æн уыд æнтыстджын аз. Уыдон активон хайад райстой «Хуссар Ирыстоны культурон бонтæ»-йы, кæцытæ ацыдысты Ульяновскы областы, Абхаз æмæ Цæцæны республикæты.

Ульяновскы галуан «Губернаторский»-йы «Симд» равдыста солон концерт æмæ И. Гончаровы номыл драмон театры сценæйыл та ульяновскаг сценæмæкæсджытæ аргъ кодтой Роман Габриайы æвæрд спектакль «Къоста»-йæн. Хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон коллективтимæ уыдис РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ фембæлд Ульяновскы областы хицауады сæрдар Владимир Разумовимæ æмæ æруынаффæ кодтой Уæрæсейы регион æмæ Хуссар Ирыстоны дыууæ бæстæйы æмгуыстады тыххæй культурæйы фадыджы.

Фембæлды ма хайад иста Ульяновскы областы аивад æмæ культурон политикæйы министр Евгения Сидорова. Ацы фембæлдæн ис фæстиуджытæ æмæ нырæй фæстæмæ æмгуыстад кæндзысты нæ республикæимæ. Июны мæйы ирон адæмы культурон бонтæ Ульяновскы областы ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл.

Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ бæрзонд æмвæзадыл фыццаг хатт ацыдысты Абхаз æмæ Цæцæны республикæты дæр. Сыхаг республикæты культурон бонтæ ацыдысты Цхинвалы. Нæ адæм зонгæ кодтой Абхаз æмæ Цæцæны адæмты аивадтимæ. Хуссарирыстойнаг адæмы зæрдыл бирæ азты дæргъы чи лæудзæн, ахæм диссаджы программæтимæ нæм фæуазæг сты.

Азы æнæферохкæнинаг культурон цауыл банымайæн ис Хуссар Ирыстоны культурон бонтæ Цæцæны республикæйы куыд ацыдысты, уый. Не сфæлдыстадон коллективты архайд Цæцæны республикæйы къухдариуæгады зæрдæмæ афтæ фæцыдысты æмæ сын радтой æхцайы премитæ. Уым дыууæ боны дæргъы адæм æввахсдæр базонгæ сты ирон культурæ æмæ традицитимæ. Культурон программæйы фæлгæтты официалон мадзæлттæ райдыдтой Ахмат Кадыровы номыл Кады мемориалон комплексмæ бацæуынæй. Цæцæны республикæйы фыццаг президенты цырты раз хуссарирыстойнаг делегаци Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй сæвæрдтой дидинджытæ, уый фæстæ сын сæ фысымтæ сарæзтой экскурси музей æмæ мечет «Сердце Чечни»-мæ. Уæд официалонæй фембæлдысты нæ культурæйы министр Зæгъойты Рада йæ коллегæ Айшат Кадыроваимæ æмæ æруынаффæ кодтой дыууæ республикæйы æмгуыстады тыххæй культурæйы къабазы. Грознайы нæ театр равдыстой зындгонд ирон драматург Хуыгаты Георы уацмысмæ гæсгæ æвæрд премьерон спектакль «Сау нымæт» æмæ йын уым стыр аргъ скодтой. Культурон бонты барæсугъд кодтой «Симд» æмæ популярон зарæггæнджытæ Бекъойты Вано æмæ Харебаты Марта.

Цымыдисон рауадысты Цæцæны культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Нæ театры сценæйыл равдыстой Лермонтовы «Герои нашего времени»-йы мотивтыл æвæрд спектакль «Бэла». Ансамбль «Вайнах» та дыууæ боны дæргъы равдыста диссаджы концерттæ.

31-æм майæ 1-æм июнмæ Абхазы республикæйы адæм зонгæ кодтой ирон культурæ æмæ традицитимæ. Хуссар Ирыстоны культурон бонтæ байгом кæныны цытджын церемони райдыдта дыууæ республикæйы Культурæты министртæ Зæгъойты Рада æмæ Даур Ковейы раныхæстæй. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, дыууæ адæмы кæрæдзимæ æрбангом кæныны тыххæй арæзт культурон мадзæлттæн ахсджиаг нысаниуæг кæй ис. Самсон Чанбайы номыл паддзахадон драмон театры адæмы рæгъмæ хаст æрцыд спектакль «Сау нымæт», кæцыйæн сценæмæкæсджытæ скодтой аккаг аргъ. Абхазæгтæ тынг фæцин кодтой, рагæй дæр кæй зонынц, уыцы легендарон ансамбль «Симд»-ы диссаджы концертыл. Концертон программæ сæ аив зардæй баххæст кодтой нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ.

Азæй-азмæ хъæздыгдæр кæны нæ театры репертуар алыгъуызон спектаклтæй. Æдæппæтæй сæ репертуары ис 25 спектаклы æмæ сæ архайынц, куыд хистæр кары артисттæ, афтæ æрыгæттæ дæр, уыдон нымæцы ХИПУ-йы актерон дæсныйады студенттæ. Ацы аз сæвæрдтой 5 ног спектаклы: «Хивæнд чызг», «Ревизор», «Сау нымæт», Файнустытæ», «Борис Годунов» æмæ ма сног кодтой «Ныййарæджы кадæг». Нæ республикæйы сценæмæкæсджытæн уыд, цæмæ бакастаиккой, уый. Театры къухдариуæгад дарддæр рауæрæх кæндзæн репертуар зынгонд уырыссаг, фæсарæйнаг æмæ ирон классикты уацмыстыл бындурыл æвæрд спектаклтæй. Паддзахадон театры коллектив ма уымæй уæлдай фæархайынц нæ республикæйæн æдтейæ уагъдцæуæг фестивалты, арæх цæуынц гастролты.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æвдисæн сты «Симд»-ы размæцыды къахдзæфтæн дæр. Уыдон ацы аз банысан кодтой сæ 85 азы юбилей дæр æмæ уымæ гæсгæ сæ программæ фæхъæздыгдæр кодтой ног номыртæй æмæ сæ равдыстой сæ юбилейон концерты. Ансамбль ивгъуыд азимæ абаргæйæ ацы аз радта бæрæг фылдæр концерттæ, куыд бынаты, афтæ Уæрæсейы Федерацийы регионты дæр.

Зæгъæм, 17-æм сентябры нæ театры сценæйыл «Симд» æмæ М. Годенкойы номыл Красноярскы кафты паддзахадон академион ансамблæн иумæ уыд стыр цымыдисон концерт. Уæд дыууæ ансамблы артисттæ иумæ акафыдысты «Калинка-Лезгинка» æмæ уыцы хореографион композици ссис концерты кульминацион номыр.

Хорз культурон традицийыл банымайæн ис уый, æмæ нæ республикæйы зындгонд зарæггæнджытæ афæдзы дæргъы сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ хæстон лæппутæн гуманитарон æххуыс бакæныны тыххæй, кæй ауадзынц хæрзаудæн концерттæ.

Стыр культурон цауыл банымайæн ис нæ республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Радайы кусæгон балц Санкт-Петербургы IX-æм дунеон культурон форуммæ. Йæ балцы рæстæджы форумы фæлгæтты Зæгъойты чызг æмæ Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министр Ольга Любимова официалонæй сæ къухтæ бафыстой 2024-2026 азтæн æмгуыстады программæйыл. Ацы хъуыддаг сбæрæг кæндзæн ног фæдыздæхтытæ культурæйы къабазы æмæ ахъаз уыдзæн нæ республикæйы культурæйы райрæзтæн дæр. Ацы æмгуыстады программæ дыууæ азы дæргъы байгом кæндзæн ног фадæттæ библиотекæтæ æмæ музейон хъуыддаджы, ахуырадон программæтæн æмæ культурон къабазы специалисттæ цæттæ кæныны, афтæ ма УФ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны нысаниуæгджын проектты активон хайад исдзысты сфæлдыстадон коллективтæ дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр.

Санкт-Петербурджы Зæгъойты Рада Президент Гаглойты Аланы номæй «Хæлардзинады Орденæй» схорзæхджын кодта Чехойты Асланы Нырыккон аивæдты ног музейы йæ активон архайды тыххæй национ культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ фыдыбæстæйон аивад популяризаци кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд кæй хæссы, уый тыххæй. Чехойты Асланы Ног музей æрбалæууыд ирон нывгæнджыты фарсмæ, цæмæйдæриддæр Уæрæсейы культурон столицæйы организацигонд цæуой сæ равдыстытæ. Майы мæйы ам фыццаг хатт байгом хуссарирыстойнаг æвзонг нывгæнджыты равдыст «Цхинвал 5». Ацы цау æрыгон нывгæнджытæн уыд иттæг хорз къахдзæф се сфæлдыстадон куысты.

Культурæйы къабазы стыр бынат ахсынц нæ нывгæнджытæ. Афæдзы дæргъы уыдонæн хайад райсын бантыст бирæ алыгъуызон равдыстыты. Фыццаг хатт университеты равдыстыты залы цытджын æгъдауæй байгом не ‘мзæххон зындгонд нывгæнæг, ССР-ы Цæдисы æмæ УФ-йы Нывгæнджыты цæдисы уæнг Хаситы Павелы персоналон равдыст æмæ уымæн йæ диссаджы аивадæн саргъ кæнын нæ адæмæн фадат уыд .

Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы фыццаг хатт байгом не ‘мзæххон сылгоймаг нывгæнæг-график Быценты Гулойы персоналон равдыст.

Проект «Обменные культурные ме-роприятия России»-йы фæлгæтты хссарирыстойнаг музыкæуарзджытæн арæх фадат вæййы фадат уæрæсейаг æмæ цæгатирыстойнаг зарæггæнджыты аивадмæ байхъусынæн. Зæгъæм, Уæрæсейы боны цытæн нæ театры сценæйыл цымыдисон концерт радта зындгонд советон æмæ уæрæсейаг джазмен, композитор æмæ дирижер Олег Лундстремы номыл джазон музыкæйы Паддзахадон камерон оркестр, цыран йæ арæхстдзинад æвдыста Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артисткæ, джазон солисткæ Каботы Елизаветæ. Нæ республикæйы Культурæйы министрады æххуысæй Цхинвалы ацыдис Ирыстоны зынгæ композитор, музыкалон этнограф æмæ фольклорист Галаты Барисы номарæн къуыри. Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, стыр балеринæ Адырхаты Светланæйы юбилейы цытæн балеты изæры Хуссар Ирыстоны сæ арæхстдзинад æвдыстой Уæрæсейæ æрхонгæ сфæлдыстадон коллективтæ, уыдон нымæцы паддзахадон ансамбль «Волга», Мариинаг театры Дзæуджыхъæуы филиалы симфонион оркестр æмæ æндæртæ.

Ацы аз йæ сæдæ азты сæрты акаст нæ республикæйы Национ музей. Уый культурон царды у ахсджиаг цау, уымæн æмæ йын æхсæнадон царды ис йæхи сæрмагонд бынат. Уымæ гæсгæ музейы юбилей банысангонд æрцыд уæрæхæй. Национ музейы арæх уагъд æрцæуынц тематикон мадзæлттæ.

Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон та ацы аз банысан кодта йæ сырæзты 55 азы юбилей æмæ уый цытæн организацигонд æрцыд бæрæгбонон концерт.

Культурæйы министрады дæлбар ма сты республикæйы территорийыл чи ис, уыцы историон цыртдзæвæнтæ дæр. Сæ иумæйаг уавæрмæ сын министрад дары бæрнон хъусдард. Ахæм цыртдзæвæнты нымæц Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1500 бæрц æмæ министрады куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сты мæгуырау уавæры, хъæуы сæ реставраци кæнын. Ацы хъуыддаджы нæ æнæмæнг Уæрæсейы специалистты æххуыс кæй бахъæудзæн, уый бæрæг у.

Ацы аз Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ бæрæг куыстытæ æрцыд цыртдзæвæнты алыварс бынæттæ æмбæлон уагмæ æркæныны тыххæй. Ахæм куыстыты сæхи активонæй равдыстой РХИ-йы Президенты Администрацийы кусджытæ, Парламент, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрад.

Куыд уынæм, афтæмæй уæрæх, гуырахстджын уыд культурæйы архайд æмæ се ‘ппæтыл æрдзурын зын у, фæлæ куыд зонæм, афтæмæй, культурæ æмæ аивадæн арæнтæ кæй нæй æмæ ныр нæ министрад архайы, йæ проектты географи фæуæрæхдæр кæныныл. Сæ фæнды ис, Хъырыммæ дæр ацæуын Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтимæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.