Ирыстоны фидӕныл кӕйдӕриддӕр зӕрдӕ риссы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ сӕйраг сагъӕсы сӕр у ууыл, суинаг фӕлтӕры минӕвӕрттӕ сӕ фыдӕлты фарн, сӕ уидӕгтӕм сӕ хъус кӕй нал дарынц, уый. Æмӕ уый ӕнӕхъуаджы дӕр нӕу – ӕгӕр ивазынц сӕхи нӕ фӕсивӕд европӕйаг аслам идеологимӕ, гомгӕрц ӕмӕ ронбӕгъд цардӕй цӕрын ӕнцондӕр кӕй у, бӕрндзинады уӕз хӕссын дзы кӕй нӕ хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Советон дуджы дӕр ма сӕрыстыр цы ӕргъадтӕй уыдыстӕм ӕмӕ, цӕстыгагуыйау, кӕй хъахъхъӕдтам, уыдоны цыма ныр хъуыды дӕр ничиуал кӕны, афтӕ нӕм фӕкӕсы…

Фӕлӕ уый бынтон афтӕ дӕр нӕу – нырма нӕм ис, фыдӕлты туг кӕй тугдадзинты ӕхсиды, ирон фарн табуйаг ӕмӕ ӕххӕсткӕнинагыл чи нымайы, ахӕм кӕстӕртӕ. Уыдонӕй сӕ иу – мӕ ахуыргӕнинаг. Фӕнды мӕ, цӕмӕй ацы скъоладзау саби-чызг афтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй ныффыста, уыцы удылтайгӕ ӕрмӕгимӕ газеты фӕрцы ӕндӕртӕ дӕр базонгӕ уой, уадз цӕвиттон дзы райсой ӕндӕр сабитӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ нӕм ахӕмтӕ цас фылдӕр уа, уый бӕрц къаддӕр катай кӕндзыстӕм нӕ фидӕны тыххӕй, уӕд нӕ сомбон рухсдӕр уыдзӕн.

«Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ арæх хъуыстон мæ хистæртæй иу диссаг æмæ æнахуыр ном. Нырма йæ не мбæрстон, ацы ном мæ мад æви мæ нанайы у? Секъа-баба, Секъа, æмæ та ногæй Секъа-баба…Цасдæр рæстæджы фæстæ мæ ӕввахсдӕр базонгæ кодтой, уыцы алæмæттаг номы хицауимæ. Йæ ном куыд тыхджын, аив, зæрдæмæ хæстæг уыди, йæ уынд та уымæй æмбисонддæр. Къамæй мæм каст рæсугъд лæг ирон цухъайы, халас сæрыхъуын, уæздан, фæлмæн, фæлæ тынг фæллад цæстæнгас… Уæларвон зæды хуызæн мæм фæкаст къамы. Цымæ мæм исты сдзурынмæ хъавыд, кæннод æй рагон хабæрттæ радзурын фæндыд æви йæ бирæ бинонты фæдонтæм йæ зæрдæ хсайы? Цы дын зæгъон? Дæ рыст зæрдæ дын цæмæй барухс кæнон, ме ‘нæзонгæ баба? Уæд та мын дæхæдæг дæ хабæрттæ куы ракæнис. Нæ, æз мӕхӕдӕг дзурдзынӕн дæу тыххæй, мæ баба.

Дисы мæ æфтыдта дæ ахуырмæ тырнындзинад, æстдæсаздзыдæй дын чиныджы уæрæх дуӕрттæ байгом сты. Базыдтай кæсын æмæ фыссын иронау, уырыссагау, гуырдзиагау. Дон нуазын æмæ кæрдзын хæрынæй уарзондæр дын фесты чингуытæ кæсын. Уæлдай æнувыд та уыдтæ Къостайыл, йæ «Ирон фæндыры»-ыл. Кастæ сæ æхсæвæй-бонæй дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, дæ бирæ æмбæлттæн. Дурты бынæй цы стыр курдиат стыдта, уый та домдта йæхимæ уарзон цæстæнгас. Къарандас æмæ гæххæтты гæбаз уыдысты дæ удæнцой, дæ хъуыдыты суадоны гуырæн. Иу уацмыс иннæйæ диссагдæр, зæрдæмæдзæугæдæр. Дзырдтой Иры сылгоймæгтæ сæ уæззау цардыл, æнæзæхх хохаг уæндонӕй кодта йæ царды хабæрттæ, дисы æфтауы абон дæр адæмы Азау æмæ Таймуразы сыгъдæг уарзондзинады симфони. Тæхуды кодтай Ирыстоны хорздзинадмæ, иудзинадмæ, сæрибармæ.

Дæ сæйрагдæр куыст – диакъоны æххуысгæнæг. Ацы куыст фæкодтай дæ цæрæнбонты. Стыр бинонты хицау, æхсæз лæппуйы æмæ чызг: Заликъо, Цомахъ, Адодта, Къоли, Петкæ, Верæ, Афони. Иунæг уæвгæйæ, æнæ хо, æнæ æфсымæр, куыд хъал уыдтæ дæ «бæзджын» бинонтæй! Гыццыл мызд, æнæ зæхх, æнæ фыдæлты мулк, цæй фаг уыдысты? Ныхъхъуыды кодтай æмæ дæ уарзон Хъуды ком, дæ райгуырæн къуым ныууагътай хуыздæр цардагур, ралыгътæ Цæгат Ирыстонмæ. Дæхи ма хæр, мæ уарзон хистæр, уый дæ Фыдыбæстæ нæ ныууагътай, фæлæ сарæзтай фидар æфсымæрон хид дыууæ Ирыстоны хсæн. Дæ амæлæтмæ дæр уыдтæ дæ комæн, Ганисы хъæуæн уарзон, куырыхон хистæр, тæрхонгæнæг, фидауæг, æхсæны лæг. Фæлæ зæхх туджы аргъ уыд, дæ къухы нæ бафтыд ам дæр, æмæ та аргъуаны дæлбазыр бакодтай дæ бинонты. Цæмæй ма тыхстаиккой, уый тыххæй алы куыст дæр кодтай; кæмæн хос карстай, кæмæн хуым кодтай, кæмæн суг састай. Уыцы уæззау рæстæг дæр дæ æнусон бæллиц уыд, дæ кæстæртæн ахуыры фæндаг байгом кæнын. Ды, мæ баба, зыдтай, æнахуыр лæг мæгуыр кæй у, куырм æмæ къуырма. Дæ кæстæртæн не ‘вгъау кодтай зондамонæн ныхас, ахуыр сæ кодтай куыстыл, Фыдыбæстæ уарзын, бинонтæ æмæ мыггаджы кад бæрзонд хæссын, мадæлон æвзагæн – мады кад кæнын. Дæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты, дæ кæстæртæ сахуыр кодтой, аккаг бынӕттæ æрцахстой. Дæ бинойнаг – уæздан Битъарыгон, уыди рæдау æфсин бацæуæгæн, уарзæгой мад уæ цотæн, дæуæн та стыр ныфсдæттæг. Мæгуыр, фæлæ лымæнæй цардыстут. Уæ бинонтыл уæззау рæстæг ныккодта, Цомахъы куы æрцахстой, уæд. Уæхицæн бынат нал ардтат, мад куыдта куы æргомæй куы та – сусæгæй, æфсымæртæ æмæ хо уыцы тызмæгæй æрвыстой сæ бонтæ. Æрмæст ды, мæ баба-Секъа, цыбыр рæстæгмæ ныггуыбыр дæ, де стыр ныфс, дæ уарзондæр хъæбул стыр фыдбылызы бахауд. Дæ зæрдæйы зынæй, дæ уды тыхстæй, де стыр уарзондзинадæй та райгуырдысты хъарæг-зарæджы ныхæстæ.

Ахæстон фæкодтон хос, хъæмпыхæлттæй:

Мæ уалдзæджы цин ды бæргæ уыдтæ.

Ды куысты уæлхъус, йе дæ фæллад уадзгæйæ ацы ныхæстæ зарæджы хуызæн кодтай. Нал фембæлдтæ, нал дын бантыст Цомахъимæ ацæрын. Тынг зæрдæхсайгæйæ, фæлладæй ацыдтæ цардæй. Рæстæг цæуы, иу фæлтæр ивы иннæйы, фæлæ адæмы фарн чи дарддӕр кӕны, ахӕм лæг нæ мæлы, уый ныууадзы рæсугъд фæд.

Дæ кæстæртæ дын дæ ном сыгъдæгæй хæстой æмæ хæссынц. Цомахъ – де стыр ныфс, дæ сомыгæнæн. Йæ адæмимæ æнгом баст уыдис, йæ цард дæр радта йæ адæмы рухс сомбоны сӕрвӕлтау. Тынг хорз зыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмæ фыста сæ дыууæйыл дæр. Йæ фæллæйттæ ирон литературæйы ахсынц зынгæ бынат, абон дæр сты тынг актуалон. Куыста Ирыстоны кусæндæтты бæрнон бынæтты. Уыд Цæгат Кавказы хæххон педагогон институты ректор, Цæгат-Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директор… Дæ иунæг чызг Верæ уæлдæр ахуырад райста æмæ куыста Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Рæзгæ фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ хæларæй лæвæрдта. Бабу Верæйæн æз йæ æртыккаг фæлтæр дæн, Хъазахты Вероникæ. Ахуыр кæнын Дзæуджыхъæуы 45-æм муниципалон гимназы 10-æм къласы. Уæдæ мæ гимназы разамонæг дæр, дæ туг де стæг у. О, О! Дæ фырт Алыксандры чызджы чызг – Мзокты Аллæ. Дæ рæсугъд æддаг бакастæй, зондæй, сæрæндзинадæй бæркадджын хай бакодтай Аллæйæн. Уый хъомыл кæны разгæ фæлтæр, дæтты сын арф зонындзинæдтæ. Йе ‘фсымæрыл та дæ ном сæвæрдтой – Георги (Секъайы аргъуыды ном). Уый уыд булкон,  мидхъуыддæгты министрады фæкуыста 25 азæй фылдæр. Никуы никæй бафхæрдта æнæхъуаджы, барæй, уымæн æмæ йæ тугдадзинты ис дæ уæздан туджы æртах.

Мæ бабайæн æвæрд æрцыди аргъуаны кæрты æмæ Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр уынгтæй иуы цыртдзæвæн, стыр кад ын скодтой. Адæм цæуынц дидинджытимæ, рухсаг у, рухсаг фæзæгъынц, йæ ном ын фæмысынц. Æз та бацархайдтон Гæдиаты мыггаджы бæлас саразыныл.(Кусдзынæн ма йыл.)

Мæ буц хистæр уыд Ирыстоны стыр патриот, хъуыдыгæнæг, дзырды дæсны, æнусы лæггадгæнæг æмæ æз, йæ кæстæр, сæрыстыр дæн, ахӕм фарны лӕджы фӕдон кӕй дӕн, уымӕй».

Уӕдӕ афтӕ – хорз лæгæн йæ кой кӕй нæ сæфы, йæ хъуыддæгтæ кӕй нæ мæлынц, уый иу у, фӕлӕ уыцы хорз лӕгтӕ сӕ курдиат ӕмӕ куырыхондзинады фарнӕй абоны фӕлтӕрыл дӕр кӕй ӕндавынц, уый мидӕг ис сӕйраг амонд ӕмӕ ныфсы рахӕцӕн. Махӕн ныртӕккӕ нӕ цины сӕр у, суинаг фӕлтӕры хсӕн ма ахӕм цӕвиттойнаг кӕстӕртыл кӕй ӕмбӕлӕм, ууыл, фӕлӕ ахӕмтӕй уаиккам бынтон ӕнӕхай, уыцы кӕстӕртӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ чи гуырын кӕны, ахӕм фарны хистӕртӕ нын куынӕ уыдаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ сӕйраг хӕс у рӕзгӕ фӕлтӕры сӕ фыдӕлты фарныл ӕфтауын, чи макуы хъуамӕ амӕла, уыцы ирондзинадыл сӕ цайдагъ кӕнын. Дзырд дӕр ыл нӕй, ирон адӕмы хсӕн бирӕ ахӕм фаны лӕгтӕ уыдис, Ирыстоны рӕсугъд сомбоны сӕрвӕлтау цырагъау чи сыгъд. Фӕлӕ, хъыггагӕн, уыдонӕй алкӕйы фӕстагӕттӕ нӕ архайынц ууыл, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ зонгӕ уой сӕ кадджын фыдӕлты цардвӕндӕгтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ, уарзын сын кӕной ирон дзырды ад. Цы хъуамӕ бадомӕм ахӕм лӕджы кӕстӕртӕй, кӕцы йӕ номдзыд поэт-фыды ӕмдзӕвгӕтӕй иу дӕр нӕ зоны, никуы йын ницы бакаст йе сфӕлдыстадӕй. Уӕдӕ алцы кӕстӕрты аххос ма кӕнӕм…

КУЫМÆРИДТАТЫ Маринӕ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.