Рӕстӕг дугъон бӕх у, цард – скӕс ӕмӕ ныккӕс, афтӕмӕй та домгӕ бирӕ кӕнынц адӕймагӕй. Рӕстӕг дӕр ӕмӕ цард дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ адӕймаг йӕ уд скъуына, хъуамӕ йӕ сихсийын кӕна, уымӕн ӕмӕ дзы рӕстӕг дӕр ӕмӕ цард дӕр цастӕ домынц, уыдон сӕххӕст кӕныны фаг ын нӕдӕр рӕстӕг ис, нӕдӕр – царды бонтӕ. Уымӕн вӕййынц тӕхудиаг, скӕс ӕмӕ ныккӕсы йедтӕмӕ чи нӕу, уыцы царды зӕрдӕхудты чи нӕ бацӕуы, уыдон, кӕд сӕхӕдӕг уыцы цардӕй ӕнӕрӕвдыд баззайынц, уӕддӕр…

 

Цы хъуамӕ зӕгъӕм нӕ юбиляр, ӕвдайаздзыд лӕппу-лӕг Биазырты Роланды тыххӕй? Мах цы хъуыддаг ис уымӕ, йе ‘взонгады ӕвзарӕн-агурӕн азты цахӕм фӕндагыл ныллӕууынмӕ хъавыд, цастӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕты бӕллыд ӕмӕ йын цытӕ нӕ бантыст? Ницы бынтондӕр. Махӕн нӕ хӕс у йӕ ӕвдайаздзыд цардӕн ын, цас нӕ бон бауа, уый бӕрц рӕстагӕй саргъ кӕнын. Ӕмӕ кӕд уый нӕ бон бауа, уӕд сӕрыстырӕй зӕгъдзыстӕм: Роланд йӕ цард снывонд кодта ирон мыхуырӕн, ирон аив дзырды фарнӕн; ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт лӕггад сын фӕкодта, ӕмӕ кӕд абон ирон мыхуырон ӕмӕ аив дзырдӕн лӕггадгӕнджытӕй искӕй раз худ сисын ӕмбӕлы, уӕд уыдоны фыццӕгтӕй иу Биазырты Роланд у.

Фыруӕзбын, фыруӕздан ӕмӕ фырхӕдӕфсарм ирон лӕг, йӕ алы дзырд дӕр – тадзгӕ-баргӕ, уырзӕй ӕвзаргӕ, рӕсугъд, былдауӕн дзырдтӕм – ӕлгъин ӕмӕ зивӕггӕнаг. Афтӕ сӕ фыссынмӕ дӕр – йӕ уды арфы чи нӕ базмӕла, йӕ зӕрдӕ йын чи нӕ бацагайа, ахӕм дзырдтӕ йӕ фыссӕн сисӕй никуы рантысдзысты, зӕгъгӕ сӕ куыд никуы кӕндзӕн, афтӕ. Нӕдӕр искӕй зӕрдӕ балхӕнынӕн, нӕдӕр карьерӕйӕн, нӕдӕр – исты пайдайы охыл. Ӕртӕ ӕмӕ йӕ дыууиссӕдз азы зонгӕ кӕнын, ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы та иу ӕфсондзы ифтыгъд уыдыстӕм, йӕ цардхъомдзинад кӕуыл бакъуындӕджытӕ, уыцы ирон мыхуырон дзырды хӕмпӕл быдыры иумӕ хуым кодтам. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, уыцы хуымы нӕ дыууӕйӕ галтӕрӕг ӕмӕ гутондар чи уыд – сӕйраг у, иу судзины бырынкъы йас ыл мӕ зӕрдӕ кӕй никуы ницӕмӕй бахудт…

Хуыцау, мацы мын кӕн!

Уӕд та йӕм иу хатт, иунӕг хатт куы ссардтаин ахӕм дзырд кӕнӕ хъуыдыйад, афтӕ кӕмӕй загътаин: ныр ай цы ӕнӕмӕнгхъуыддаг уыд… Фӕнды хуымӕтӕджы газетон уац, фӕнды аивадон ӕрмӕг – иу уӕлдай дзырд дзы аркъауӕй дӕр нӕ ралвасдзынӕ, цыфӕнды гуырахстджын  ма уа, уӕддӕр дзы дӕ цӕст иу рӕнхъ аппарын нӕ бауарздзӕн.

Уый амонд у. Фӕлӕ уый Роланды амонд нӕу – хорз куыстӕй амонд ничи ма ссардта. Уый ирон дзырдаивад, ирон публицистикӕ, ирон мыхуыры амонд у. Цы йӕ арф ӕхсӕнадон хъуыды, цы йӕ аив дзырды бӕркад, цы – йӕ сусӕг-галиу юморы зӕрдӕхцондзинад! Йе сфӕлдыстадимӕ йын зонгӕ чи нӕ уа, ахӕм адӕймаджы зынтӕй бауырндзӕн, уыцы фыруӕзбын, тызмӕг ирон хиуылхӕцынадӕй ахӕм фӕлмӕн ӕмӕ удылтайгӕ юмор ивылӕнтӕ кӕны, уый. Фӕлӕ йӕхийау фыруӕздан у йӕ юмор дӕр. Йӕ радзырдты, йӕ «сӕрибар хъуыдыты», йӕ «хъуыр-хъуыры дзӕкъулы» цыдӕриддӕр хурмӕ ракалдта, уыдон ын иууылдӕр юморимӕ баст сты, фӕлӕ йын йӕ сусӕг-ӕргом юморы иу уӕлдай, иу ӕнӕбынат дзырд хӕснагыл дӕр не ссардзынӕ. Роланд-автор дзургӕ куыд уӕзданӕй кӕны, ахӕм уӕздан ӕмӕ хиуылхӕцгӕ у йӕ «хъуыр-хъуыр» дӕр: сфӕлмӕцыд ацы ӕрымысгӕ ӕрвылазон азтӕй – хуыйы аз уа, уӕд хъуамӕ ӕнӕхъӕн афӕдз къулыл конд хуыйы нывмӕ кӕсай, сӕгъы аз куы уа, уӕд та – сӕгъы нывмӕ… Уый дӕр бавдӕлд ӕмӕ маймулийы аз куы ралӕууыд, уӕд къулӕй маймулийы ныв рафтыдта ӕмӕ дзы йӕхи ныв ӕрцауыгъта…

Ам цы ис ахӕмӕй? Ницы, хуымӕтӕджы юморвӕлыст царды ӕууӕлтӕ, ӕндӕр ницы. Фӕлӕ сӕ аивадон хъомыс дӕр сӕ хуымӕтӕджы арф ӕмбӕхст цыргъзонддзинады ис.

Ницы ис Роландмӕ ахӕмӕй, Хуыцауы ратгӕ цы нӕу. Фӕлӕ Хуыцау дӕр афтӕ рӕдау нӕу ахӕм цыдӕртӕ дӕттынмӕ, йӕ цӕст сӕ алкӕмӕн нӕ уарзы. Ӕниу афтӕ зӕгъӕн нӕй, Биазырты Роландӕн ирон дзырдтӕ, фыссын куы райдыдта, уӕд систы афтӕ коммӕгӕс ӕмӕ къухылтухгӕ. Нӕ – сӕ адджындзинад сын мады ‘хсырау йӕ райгуырӕн уӕзӕджы адимӕ бададта. Цы йӕ ӕмбӕхсӕм, ирон ӕвзаджы рӕсугъд ӕууӕлтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад нӕм хъӕутӕй, уӕлдайдӕр та хӕххон хъӕутӕй рантыстысты. Раст ахӕм хӕххон хъӕуы – Котантойы райгуырд ӕмӕ схъомыл Роланд, йӕ цӕвӕджы ӕхситтмӕ йын бирӕ фехъуыстой йӕ райгуырӕн хъӕуы ӕфцгуытӕ ӕмӕ лӕнчытӕ. Йӕ фыд Данел ӕмӕ йӕ мад Хуыгиан ӕвзаджы дӕснытӕ нӕ уыдысты, сӕ кой, сӕ мӕт хӕдзарыдзаг сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ колхозон куыстытӕ уыдысты. Фӕлӕ уыцы заманы дӕр нӕ хӕхбӕсты цӕрӕг адӕмы ӕвзаджыхъӕд сыгъдӕг ирон ӕвзагмӕ бирӕ хӕстӕгдӕр лӕууыд горӕтты цӕрӕг ирӕттӕй. Уӕлдайдӕр Роландӕн уыд, ирон дзырды аивдзинад йӕ удӕн хиондӕр, адджындӕр кӕй фӕрцы суыдаид, ахӕм ӕввахс адӕймаг, йӕ тугстӕг. Уый уыд нӕ иууыл курдиатджындӕр таурӕгътӕ фыссӕг Биазырты Димитр.

Ӕмӕ ныр цал азы рӕсугъд кӕны йӕ ныхасыхъӕды аив хуызтӕ ӕмӕ фӕлмӕн зӕлтӕй ирон дзырдаивад! Бирӕ азты, уартӕ йӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ. Йӕ фыццаг фӕлварӕнтӕ рухсмӕ, фӕстӕдӕр йӕ бонзонгӕ цард кӕмӕн снывонд кодта, уыцы газеты фӕрстыл фӕзындысты. Йе сфӕлдыстадон ӕрмдзӕфимӕ та йын ирон чиныгкӕсӕг лӕмбынӕгдӕр базонгӕ, ӕстайӕм азты райдайӕны рауагъдад «Ирыстон» ӕрыгон фысджытӕн цы иумӕйаг ӕмбырдгонд рауагъта, «Кӕстӕрарӕх», зӕгъгӕ, уыцы чиныджы фӕрцы. Уыцы рӕстӕджы йӕ райстой кусынмӕ газет «Советон Ирыстон»-ы (ныры «Хурзӕрин») редакцимӕ дӕр. Уый махӕн, Роландӕй кӕстӕр чи уыд, уыцы фӕсивӕдӕн стыр тӕхудиаджы хабар уыд. Уый абон сихсыд ирон мыхуыр дзырдаивады дӕснытӕй, фӕлӕ ма уӕд хуыздӕрты ‘хсӕн хуыздӕрты ӕвзарӕн рӕстӕг уыд, ныры хуызӕн ӕнцӕйттӕй нӕ истой газеты редакцимӕ кусынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Роланд областон газеты уацхӕссӕг-организаторӕй кусын куы райдыдта, уӕд ӕм цӕхгӕр фӕивта мах, кӕстӕрты ахаст, куыддӕр дзы, цыма, ӕфсӕрмы кӕнын райдыдтам… Куыд фӕзӕгъынц, ныллӕгӕй йӕм бӕрзондмӕ кастыстӕм: мӕ хур акӕн, уый – областон газеты уацхӕссӕг, дзырддзӕугӕ лӕгты ӕмбар-ӕмсӕр ӕмкусӕг, мах та – цавӕрдӕр хӕххон дзиглотӕ.

Роландӕн йӕ журналистон куыст райдыдта газеты агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хайадӕй. Хайады хицау, фӕлтӕрд журналист ӕмӕ ӕвзыгъд тӕлмацгӕнӕг Харебаты Михаил (фырбуцӕн – Мишик) тынг райгонд уыд Роландӕй, стыр ныфс дзы ӕвӕрдта. Ӕрмӕст дзы «хъаст» дӕр арӕх кодта, Исидоритӕ-иу фӕскуыст кӕцы хӕрӕндонмӕ «ахъуызыдысты», уый-иу кӕй нӕ базыдта, уый тыххӕй.

Цыбыр рӕстӕгмӕ Роланд нымад ӕрцыд суинаг, райдайгӕ уацхӕссӕгыл нӕ, фӕлӕ ӕйттмардзӕ, фӕлтӕрд редакцион кусӕгыл. Аргъ ын кодтой йӕ арӕхстдзинадӕн дӕр ӕмӕ йӕ куыстуарзондзинадӕн дӕр. Уӕддӕр афтӕ домаг уыд йӕхицӕй. Цы куыста, уый – бӕстон, йӕхицӕн никуы радта уӕлӕнгай, ӕнӕуд уацтӕ фыссыны бар. Цӕйнӕфӕлтау ӕппын-нӕйы бӕсты исты ныффыссай, фӕлтау бынтондӕр мацы ныффыс – иу къуыри, иу мӕй дӕр уӕд… Журналистикӕ нӕ быхсы куыдфӕндыйы ахаст ӕмӕ ӕбӕркад куыст, журналистикӕ домы рӕстдзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинад, нӕй дзы хи фӕсайӕн, цирчы аренӕйы куыд нӕй хи фӕсайӕн, афтӕ.

Ӕнӕзӕрдӕхудт, йӕ равзӕрст профессийыл ӕнувыд кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ арвыстой Ленинградмӕ дӕр уӕлдӕр партион скъолайы сӕрмагонд дыууӕазон курсытӕм. Уӕлдӕр партион скъоламӕ арвитын та уыцы заманы дзурӕг уыд адӕймаджы карьерӕйы цӕхгӕр рӕзтыл, куыддӕр-иу адӕмыл айхъуыст, афтӕ-иу фидар хатдзӕг скодтой: обкоммӕ йӕ кӕнынц кусынмӕ. Ӕмӕ йӕ, чизоны, хъавыдысты обкоммӕ акӕнынмӕ дӕр, фӕлӕ мах цы Роланды зонӕм, уымӕн йӕ удыскондӕн ахӕм цыдӕртӕ ӕцӕгӕлон уыдысты. Мӕ сӕр лыгмӕ дӕттын, обкоммӕ нӕ, Кремлмӕ йӕ куы кодтаиккой, уӕддӕр ӕй нӕ бафӕндыдаид, не сразы уыдаид, уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн цы фӕндаг равзӕрста, ууыл цӕугӕйӕ уыдта ӕрмӕстдӕр йӕ царды хъысмӕт.

Рӕнхъон уацхӕссӕгӕй нӕ дӕр хайады хистӕры бынатмӕ, нӕ дӕр сӕйраг редакторы хӕдивӕджы, нӕ дӕр сӕйраг редакторы бынатмӕ бӕллыд. Йӕ курдиат, йӕ куыстхъомдзинады тыххӕй-иу ӕм хатгӕ бакодтой, афтӕмӕй хызт иу бынатӕй иннӕ бынатмӕ дӕр. Роланды удӕн алы хатт дӕр ӕцӕгӕлон уыдысты бӕрзонд бынӕттӕ, кад ӕмӕ цыты бибитӕ, схъӕл титултӕ. Ницы уарзы, ницы йӕ хъӕуы сыгъдӕг арвы бын, ӕхцондзинад исы ӕрмӕстдӕр кусынӕй, фӕлдисынӕй, йӕ адӕм, йӕ фыдыбӕстӕйӕн лӕггад кӕнынӕй. Лӕггад та алы хуызы дӕр лӕггад у, фӕлӕ алчи дӕр йӕ лӕггады хай хъуамӕ кӕна, кӕм рӕхсы, йӕ сӕр кӕм хъӕуы, уым. Роланд цӕрӕнбонты уыд, ӕрмӕстдӕр йӕ сӕр кӕм хъуыд, уым. Кӕд ын аргъгӕнӕг, бузныг зӕгъӕг уа, уӕд! Ахъуыды ма кӕнӕм, уал ӕмӕ уал азы дӕргъы цал лӕмӕгъ ӕрмӕгыл бафыдӕбон кодта, цал ӕнӕуд уацы бауагъта адӕмы рӕгъмӕ рахӕссыны аккаг ӕй скӕныны фаг уд. Ӕмӕ дзы исчи фӕбузныг уыдзӕн? Ницӕй тыххӕй.

Иу цымыдисаг миниуӕг ис Роланды сфӕлдыстады. Нӕ уарзы политикон уацтӕ фыссын, фӕлӕ йын политикон ӕхсӕндзардмӕ цы фиппаинӕгтӕ ӕмӕ азымтӕ ис, уыдон сӕрибар хъуыдыты жанры афтӕ бӕстон, ахӕм диссаджы арӕхстджынӕй ранывӕнды, ӕмӕ йӕм цыфӕнды политикон аналитик дӕр батӕхуды кӕндзӕн.

Ӕниу мах чи фарста, фӕнды нӕ политикӕйы уаргъ хӕссын ӕви нӕ, уымӕй? Фӕлӕ ныппырх, мах бӕсты политикӕйыл чи хъуыды кодта, уыцы стыр бӕстӕ, ӕмӕ йӕ пырхӕнты ныдздзӕгъӕлтӕ, ныссуйтӕ стӕм. Раст уыцы фыддуг-фыдзаманы, тӕккӕ дугивӕны газеты сӕргъ слӕууыд, фӕстӕмӕ йын йӕ фыццаг ном «Хурзӕрин» чи раздӕхта, уыцы номдзыд поэт ӕмӕ публицист Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Дзуццайы-фырт газетӕн ӕрмӕст йӕ историон ном раздахыныл нӕ бацархайдта – йӕ фидӕн ын йӕ ирондзинад ӕм раздахыны уыдта. Ӕмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдта, ирон газеты ирон национ уд бауадзынмӕ. Фыццаграды уал бацархайдта, йе ʻнцой чи балӕууа, ахӕм хӕдивӕг-ӕмцӕдисон ссарыныл ӕмӕ уыцы агурӕнты йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта Биазырты Роландыл. Уый уыд, куыд ӕмткӕй сисгӕйӕ ӕнӕхъӕн Хуссар Ирыстон, афтӕ нӕ национ газет дӕр иууыл карздӕр фыдӕвзарӕнты куы бахауд, уыцы фыддон-дывыдон дуджы. Фӕлӕ нӕ фӕцудыдта Роланд дуджы цӕвӕнтӕн, дысӕсчъилӕй бавнӕлдта газеты хӕрзӕбонӕн кусынмӕ.

Ӕмӕ уый тыххӕй йӕхи никуы стыдта, йӕхицӕн ницы домдта, куыста ӕмӕ кусы. Кусы ӕмӕ фӕлдисы, йӕ уӕззау куысты уӕлдай ма рӕстӕг ратона кӕны сфӕлдыстадон куыстӕн дӕр –  фылдӕр кӕны йӕ нуарджын ӕмӕ мидисджын чингуыты нымӕц. Архайы, цӕмӕй, цас гӕнӕн ма ис, уымӕй «Хурзӕрин» йӕ кӕсджытимӕ ныхас кӕна сыгъдӕг ирон ӕвзагыл.

Цӕрӕнбонты дзы цы фӕрнджын адӕм куыста, уыдон кӕй ныууагътой, уыцы традицитӕ нал сты, дугивӕны хъуыры аирвӕзтысты,  сихсыдыстӕм, фӕлӕ Роланды нӕ фӕнды йӕ къухтӕ ауадзын, дуджы цӕвӕнты коммӕ бакӕсын. Ахӕм ӕнӕцудгӕ позициимӕ бавналы цыфӕнды ӕрмӕг редакци кӕнынмӕ дӕр. Кӕд дзы, йӕ куыстуарзаг уд цӕмӕй батӕфса, ахӕм исты фены, уӕд ыл сывӕллонау бацин кӕны, цинагӕй кӕм ницы вӕййы, ахӕм ӕрмӕджытыл кусгӕйӕ ныхъхъусы йӕхимӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕзӕгъы: ӕз куы нӕ басудзон, уӕд чи хъуамӕ басудза…

Бирӕ сты Роланды лӕггӕдтӕ «Хурзӕрин»-ӕн, ирон мыхуырӕн. Ӕмӕ мӕ зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй ма йын иунӕг кадджын Хуыцау радта ноджы ӕвдай  лӕггадхъом азы, ӕрмӕст сӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджынӕй куыд батона!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.