Ирон советон литературӕйы хуыздӕр традицитыл чи хъомыл кодта, уыцы фӕлтӕрӕй абон бирӕтӕй рох дӕр фӕцис Джимиты Георги, уымӕн ӕмӕ йын йе сфӕлдыстадимӕ уадиссаг зонгӕ нӕ уыдысты. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма Георгийӕн ахуыргӕнӕн чиныджы цы пьесӕ ис, «Сау мигъ», зӕгъгӕ, уый йедтӕмӕ драматург ницы ныффыста, фӕлӕ Джимийы-фыртӕн дзӕвгар сфӕлдыстадон бынтӕ баззад, кӕцытӕ сӕ рӕстӕджы уыдысты тынг популярон, уӕлдайдӕр та йӕ хӕстон темӕтыл фыст уацмыстӕ.
Драматург æмæ кинорежиссер Джимиты Савелийы фырт Георги райгуырд 1907 азы 1 январы Дзæуджыхъæуы. Мæгуыр бинонты æхсæн уый раджы бавзæрста уæззау царды уавæртæ. Цард ын уæлдай зындæр ссис йæ фыды амарды фæстæ. Бинонты дарыны хæс иууылдæр æрæнцад йе ‘взонг уæхсчытыл. Цыппæрдæсаздзыдæй ссис йæ бирæ æфсымæртæ æмæ хоты дарæг. Йæ амал куыд амыдта, афтæ касти чингуытæ, йæхи цæттæ кодта ахуырмæ. Æмæ йын 1926 азы фадат фæци. Уæд Георги ацыд Мæскуымæ æмæ уым ахуыр кæнынмæ бацыд кинематографийы паддзахадон техникумы актеры хайадмæ. Йæ бæллиц сæххæст æрыгон зæрдæргъæвд лæппуйæн æмæ дзы разӕнгардӕй ахуыр кæнын райдыдта.
Цыппар азы фæстæ Георги техникум каст фæци æмæ райста актеры, стæй ма режиссеры дæсныйад дæр. Кусынмæ йæ арвыстой киностуди «Восток-фильм»-мæ режиссеры æххуысгæнæгæй. Фæлæ уыцы дæсныйады бирæ нæ бафæстиат. Уайтагъд ссис режиссер. Режиссеры куыстæй уæлдай ма хъазыди кинонывтæ «Зæхх бæллы» æмæ «Зелимхан»-ы. Ацы киностудийы кусгæйæ, Джимийы-фырт йæ хъарутæ æвзары кинодраматургийы дæр. Ныффыста йæ фыццаг сценари «Дыууæ дуджы». Йе ʼргом дзы аздæхта ног темæтæм, уæды æмæ раздæры царды уагмæ.
Иудзырдæй, Джимиты Георги уыцы азты бахаудта йе сфæлдыстадон цæхæры æмæ йæхи фæлвæрдта аивады алы хуызты. 1934 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны автономон областы адæмон ахуырады хайады аивæдты хъуыддæгты сæргълæууæгæй. Уæд йæ киносценари «Дыууæ дуджы»-йæ сарæзта пьесæ «Знæгты хæлардзинад», æмæ йæ сценæйы æрæвæрдта Уырыссаг театр.
Джимийы-фыртæн кæд ам, Ирыстоны, куыст æмæ литературон сфæлдыстадæн уавæртæ уыдис, уæддæр ын æнцой нæ лæвæрдта киноаивад. Æмæ та 1935 азы ацыд Мæскуыйы киностудимæ режиссерæй. Уыцы рæстæг уым театралон аивады паддзахадон студийы ахуыр кодтой ирон фæсивæд – фæстæдæр Ирон театры бындурæвæрджытæ. Уыдон сæхи разæнгардæй цæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны профессионалон ирон драмон театр байгом кæ-нынмæ. Уыцы фæсивæды къордимæ базонгæ Георги дæр. Сæ базырджын хъуыдытæ æмæ фæндтæ уый зæрдæ дæр фæцагайдтой, æмзонд ссис семæ æмæ сыздæхт Ирыстонмæ.
Йæ иннæ пьесæ «Ног чындз»-ы Джимийы-фырт æвдисы, царды ногдзинад зæронд уагыл куыд уæлахиз кæны, уый. Георги йæ комедийы дзуры æхсæнадон царды ахсджиаг фарстатыл. Драматург арæхстджынæй пайда кæны сатирæйæ нæ, фæлæ юморæй.
Куыддæр немыцаг фашисттæ нæ Райгуырæн бæстæмæ æрбабырстой, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта, афтæ Георги æрлæууыдис хъæбатыр советон адæмы фыццаг рæнхъыты. 1941 азы, хæсты фыццаг бонты ныффыста пьесæ «Тохы бонтæ», стæй уæд ацыдис фронтмæ. Фæлæ 1942 азы уæззау рынчынæй Ирыстонмæ сыздæхти æмæ кодта активон литературон куыст.
1942 азы фронтæй куы æрыздæхт, уæд Джимийы-фырт фыссын райдыдта очерктæ, радзырдтæ. Уыцы азты сфæлдыстадон куысты йын хорзæй цы бантыст, уыдон сты радзырд «Чабæхан» æмæ драмæ «Сау мигъ». Пьесæ аккаг бынат бацахста ирон драмон уацмысты æхсæн, бирæ хæттыты æвæрд æрцыд сценæйы. Ирон дзыллæтæм, уæлдайдæр та фæсивæдмæ, гуырын кодта æмæ кæны Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, ахуыр сæ кæны йæ сæрвæлтау карз тохы мæлæтæй нæ тæрсыныл, адæймагдзинадыл.
Джимийы-фырт ныффыста фыццаг ирон советон комеди «Чындзæхсæв». Уымæй ма йæ тыхтæ фæлвæрдта кинодраматургийы дæр. Уый ирæттæй фыццагдæр ныффыста кинонывæн сценари. Уыцы сценаримæ гæсгæ ивгъуыд æнусы æртынæм азты Бакуйы киностуди Цæгат Ирыстоны систа киноныв «Дыууæ дуджы». Кинонывæн Джимиты Георги уыд йæ режиссер дæр. Уымæй фыццаг ирон кинорежиссер.
1944 азы сентябры Георги Мæскуымæ ацыд. Уым йæ зæрды уыд Цæгат Ирыстоны тыххæй аивадон кинонывæн сценари ныффыссын. Фæлæ уый йæ къухы нал бафтыд – уыцы аз 25 сентябры фæндаггон фыдбылызы фæмард.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.