Номдзыд ирон джигиты райгуырдыл сæххæст 140 азы

Ацы аз 16-æм майы 140 азы сæххæст номдзыд ирон джигит Хъантемыраты Албег Тузары фырты райгуырдыл. Ирон джигитты зынгæ династийы бындурæвæрæг  ахъаз кодта фыдыбæстæйон æмæ дунеон манежты бæхтыл кафты размæцыдæн. Бæхджын цирчы зынгæ дæсны, скъола саразæг æмæ цирчы барджыты традицитæ хъахъхъæнæг, курдиатджын хъомылгæнæг æмæ педагог Хъантемыраты Албег схъомыл кодта манежы диссаджы дæсныты. Уыдон ‘хсæн сты йе ‘фсымæртæ Ибрагим æмæ Султанбег, йæ фырттæ – Хасанбег, Ирбег, Мухтарбег, йæ хъæбулы хъæбултæ – Албег, Анатоли æмæ Маирбег, йæ фырты чызг Каджанæ, афтæ ма номдзыд джигиттæ куыд Тугъанты М., Ю.Мерденов, Т.Нугзаров æмæ бирæ æндæртæ. Дунейы номдзыд династийы бындурæвæрæг схъомыл æмæ бацæттæ кодта 200 номдзыд барæгæй фылдæр. Уый цы бирæ диссаджы номыртæ сарæзта, уыдоны æууæлтæ сты барджыты виртуозон дæсныдзинад, æнæсфæлхаттгæнгæ национ колорит, фольклорон традицитæ, æххæстгæнджыты уæндондзинад, артистизм æмæ темперамент.

Йæ 90-æм азы юбилеймæ, кæцы нысан кодта æнæхъæн Ирыстон æмæ æппæт цирчы дуне, Хъантемыраты Албегæн уыд стыр цард, уый фыццаг хатт сарæзта ирон джигитты национ труппæ «Али-Бек», зæгъгæ. Уый у, сфæлхаттгæнæн кæмæн нæй, ахæм трюкты автор. Сценæмæкæсджытæ йæ уарзтой бирæ, уыд бæрзонд, онгджын, фидар къухтимæ, раст цыма сæрмагондæй бæхтыл кафтæн райгуырд, афтæ. Æввахс æй чи зыдта, уыдон æй хуыдтой æнахуыр  куыстуарзаг, хæларзæрдæ æмæ раст адæймаг. Фæстаг хатт Албег манежмæ бæхыл рахызт йæ 90 азы юбилейы боны.

Албег нæ хъуыды кодта фыццаг хатт æй бæхыл чи сбадын кодта, уый: хæххон лæппу цæуынæй саргъ раздæр базыдта. Хæрз чысылæй йæ цард баст уыд бæхтимæ. Фыццаг хатт уый бæхы дугътæ федта Дæргъæвсы. Уырдæм æй  йæ ныййарджытæ семæ ракодтой бæрæгбонмæ. Уыдонмæ кæсгæйæ лæппуйæн йæ зæрдæйы сæвзæрдысты тыхджын монцы æнкъарæнтæ. Уæдæй фæстæмæ чысыл Албегæн йæ бæллиц уыд зынгæ барæг суæвын. Фæлæ цалынмæ йæ бæллиц сæххæст, уæдмæ уал куыста агуиритæаразæн заводы,  йæ фыдæн иунæгæй бинонты фæдарын зын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Заводы уæззау куыст æй сфæлтæрдта æмæ йын уый ноджы тынгдæр ахъаз кодта бæхты спорт хуыздæр базонынæн. 1900 азты Албег бахатыд дзæуджыхъæуккаг бæхдæтты хицæуттæй сæ иумæ, цæмæй йæ бафæлвара дугъты. Уый дызæрдыггæнгæ бакаст æвзонг адæймаджы егъау фигурæмæ æмæ йын загъта: «Федтон дæ, бæхыл тынг хорз бадыс, фæлæ дæ уæз жокейы уæз нæу…». Фæлæ уæддæр  æвзонг адæймаг хайад райста дугъты æмæ рамбылдта. Цыбыр рæстæгмæ уый ссис Кавказы хуыздæр жокейтæй сæ иу æмæ йæ ныр дугъон бæхты хицæуттæ сæхæдæг хуыдтой куыстмæ. Фæлæ Дзæуджыхъæумæ æрцыд Малюгины цирк, хъазджыты ‘хсæн уыд Хъантемыраты æмзæххон, номдзыд тыхджын «Хъазбег-хох» – Хъаныхъуаты Бола, кæцы бахатыд цирчы хицаумæ, цæмæй Албеджы ахуыргæнинагæй райстаид йæхимæ. Лæппу уыд æнæкæрон амондджын. Райдианы æххæст кодта алыгъуызон сау куыстытæ. Фæлæ уæдмæ æрцыд уыцы бон æмæ йын цирчы хицау бар радта, цæмæй бацæттæ кодтаид йæхи номыр. Æмæ мæнæ аренæйыл фæзынд  Хъантемыраты Албег. Барæджы фыццаг минуттæй фæстæмæ бауарзтой сценæм-кæсджытæ. Æххæст кодта эффективон трюктæ, кæцытæ уый зыдта йæ чысылæй фæстæмæ, тынг рогæй саргъæй æргæпп кæнын, цæсты фæныкъуылдмæ бæхы хъуыры алыварс æрбатыхсын, бынмæ рахауын æмæ иннæ фарсы ‘рдыгæй фæзынын. Батумы цирчы публикæ дисы бахаудис ахæм номырæй. Ацы æнтыст æвзонг барæгыл базыртæ басагъта, фæлæ йæхимæ нæ ныззынди, æппынæдзух ахуыр кодта æмæ тырныдта сценæмæкæсджыты размæ йæхи сæрмагонд, оригиналон ног трюктæ рахæссынмæ. Фæзынд æм йæхи бæхджын труппæ саразыны пълæнттæ дæр. Сценæйы йæ алы ралæуды фæстæ дæр рæзы æвзонг джигиты аивад, базыдтой йæ æмæ йæ  хуыдтой хуыздæр цирктæм канд Уæрæсейы нæ, фæлæ Европæмæ дæр. Уый æвдисы йæхи сæрмагонд бæхтыл кафт, кæцы бындуриуæг кæны æрмæст ирон бæхты-спортивон хъазтыл нæ, фæлæ æндæр адæмты хъæзтытыл дæр, уый сарæзта вазыгджын трюкты æнæхъæн къорд, уыдонæй сæ иу уыд  бæхы фæстаг къæхты ‘хсæнты абырын æмæ тæргæ бæхмæ фæстæмæ схизын, кæцы абоны онг дæр ничи ма сфæлхатт кодта.

1928 азы сæххæст Албегы бæллиц. Йæ кæстæр æфсымæр Хъантемыраты Ибрагим, джигиттæ Хъазбег Нугзаров, Магомет Нурмагомаев, барæг сылгоймаг Стефа Перецимæ сарæзта йæ фыццаг национ бæхты къорд. Труппæ цыд гастролты, ацыдысты фæсарæнтæм дæр, ралæууыдысты АИШ, Ази, Герман, Бельги, Швейцари, Испан, Франц, Голланди, Дани, Английы хуыздæр аренæты æмæ – алыран дæр стыр æнтыстимæ. Зындгонд англисаг цирк «Олимпия»-йы хицау ахъæбыс кодта Албегæн æмæ йын загъта: «Сэр, дæ ралæуд у фурор. Æз ахæм диссаг никуы ма федтон, мæ сæрæй дын ныллæг кувын». Австралиаг дрессировкæгæнæг Джеральд Хайд та йын афтæ загъта: «Мистер Албег у, æз кæй зонын, уыдонæй иууыл зынгæдæр барæг». Журналисттæ йыл фыстой репортаж-одæтæ, æмæ йыл сывæллæтты поэзийы советон мэтр Сергей Михалков та ныффыста зæлланггæнæг æмдзæвгæтæ. Аивадуарзæг Владимир Сергунин та йæ хуыдта «Фыдыбæстæйы бæхты цирчы Станиславский». Хъантемыраты Албег хорзæхджын æрцыд Сырх Тырыса æмæ Кады нысаны ордентæй, лæвæрд ын æрцыд Уæрæсейы адæмон артисты ном æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы ном. Фæлæ уымæн йæ иууыл уæлдæр хорзæхтæ уæддæр уыдысты йæ фæдонтæ – йæ фырттæ æмæ фыртты фырттæ. Уыдоны нæмттæ дæр цирчы аренæйы зындгонд сты, куыд Албегы ном, афтæ. Куыд уыдонæй, афтæ йæ иннæ ахуыргæнинæгтæй дæр уыд сæрыстыр.

Мæнæ дзы цы фыссы 1957 азы журнал «Советский цирк»: Уац «Хъантемыраты Албег – æрдæгæнусы циркы»-йы, зæгъгæ. «Зæрдæйæн æхцондзинадхæссæг лезгинкæйы зæлты бын Бакойы цирчы манежмæ рагæпп кодтой барджытæ урс цухъхъаты æмæ уæлдзарм худты. Сæ разæй – рæхснæг, хæрзконд джигит æхсарджын цæсгомимæ. Уый аттракционы иннæ хайадисджытимæ æххæст кæны вазыгджындæр номыртæ. Цыдæр нæ нæ уырны æмæ ууыл сæххæст 75 азы æмæ йæ артистон архайдыл та – 50 азы. Советон цирчы историмæ Хъантемыраты Албег бацыд куыд æрмæст диссаджы барæг нæ, фæлæ ма куыд курдиатджын педагог афтæ дæр. Бæстæйы нæй иунæг ахæм цирк дæр, цыран йæ номыртæ нæ равдыста Хъантемыраты Албег. Раст уымæ гæсгæ йæм æрвитынц адæм сæ хорз фæндиæгтæ».

Абон Ирбегы фырт Маирбег у йæ фыдыфыды хъуыддаг аккагæй дарддæргæнæг. Йæ развæдгæнджыты «рецептæй» пайда кæнгæйæ уый, Хъантемыраты династийы традицитыл æнцойгæнгæйæ æмæ нырыккон новацитæ хынцгæйæ, уый дисы æфтауы ирон бæхты кафты аивадæй нырыккон сценæмæкæсджыты фæлтæрты дæр. «Мæн фæнды сценæмæкæсджытæн бæхты аивады хъæздыг традициты алыгъуызон фæрстæ равдисын, кæцытæ бындуриуæг кæнынц Хъантемыраты династийы фæлтæрддзинадыл. Æрбаиу кодтон иууыл нырыккондæр шоуты бæхты кафты алыгъуызон жанртæ, театралон эстетикæ æмæ технологитæ», – загъта уый.

Уæдæ Албег-хистæры хъуыстгонд фразæ – «Æвзæр у уыцы фырт, кæцыйы нæ фæнды йæ фыдæй дарддæр ацæуын. Уый баззайдзæн йæ аууоны æмæ баруайдзæн», – ссис хъуыстгонд мыггаджы дарддæры фæлтæрты хицæнхуыз постулат. Æмæ труппæйы 115-азы юбилей, кæцы æрæджы банысан кодтой Хъантемыратæ, – уымæн у йæ ирддæр æвдисæн.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.