Цхинвалы районы Ирыхъæуы цалдæр азы размæ цы арæзтадон æрмæджыты завод сырæзт, уымæн йæ сæйраг нысан у республикæйы Инвестицион программæйы фæлгæтты цы арæзтæдтæ цæуы, уыдоны бынæттон арæзтадон æрмæджытæй ифтонг кæнын, цæмæй сæ гъæд мæгуыраудæр ма уа æрласгæ арæзтадон æрмæджытæй.

Завод кæд æххæст хъомысадæй нæма скуыста, уæддæр абоны бон уадзы тротуарон плиткæ, бордюртæ, цæджындзтæ, электроадæттæн хæххытæн, канализацион цæгтæ æмæ æндæр æрмæджытæ.

Æрæджы завод æрæвнæлдта арæзтадон блоктæ аразынмæ. Мах фембæлдыстæм заводы генералон директор Гæбæраты Ацæмæзимæ æмæ нын радзырдта куыстуаты продукцийы æмæ кондады гуырахсты ног гæнæнты тыххæй. «Блоктæ уадзын райдыдтам æрæджы, горæты Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы сабиты рæвдауæндоны арæзтадмæ бавнæлдтой, уымæн. Цхинвалы арæзтцæуæг уынгтæн дæр плиткæтæ æмæ бордюртæ, канализацион цæгтæ махмæ æлхæнынц. Æрæджы та стыр закъаз райстам паддзахадон-унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-æй. Уыдоны хъæуы 1500 цæджындзы электроадæттæн хæххытæн. Цæгат Ирыс-тонæй æрластам æмбонды цæджындзты формæтæ дæр æмæ тагъд æрæвналдзыстæм уыдоны аразынмæ дæр», –  зæгъы заводы директор.

Бацымыдис кодтам, заводы кæрты цы ног дурцъæлгæнæн æвæрд ис, уымæ дæр. Директоры ныхæстæм гæсгæ ацы дурцъæлгæнæн скусдзæн æввахс бонты æмæ ахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйæн æддейæ æрмæджыты иу хай ласын мауал хъæуа. Уый та æнæмæнг фæтагъддæр кæндзæн кондадон процесс.

Нырмæ электроадæттæн хæххытæн цы цæджындзтæ уагъта завод, уыдонæн хицæн арæзтадон æрмæджытæ ласта Цæгат Ирыстонæй. Дурцъæлгæнæн куы скуса, уæд иуæй цæджындзты аргъ фæкъаддæр уыдзæн æмæ йæ аразыны рæстæг дæр фæцыбыр уыдзæн.

Гæбæраты Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй æмбондгæнæн цæджындзты закъаз та райстой, нæ республикæйы сæнæфсиргуыст чи кæны, уыцы арендатортæй. Заводæн йæ бон у уадзын, 2,5 метры бæрзæнд кæмæн ис, ахæм цæджындзтæ дæр. Æрæджы ма завод райста æфсæнбетонон асинты закъаз дæр.

Кондады разамынад куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ бадзырдтæ уадзынц Цæгат Ирыстоны арæзтадон æрмæджыты фирмæимæ, цæмæй сын рауæй кæной бетонон агъуысты формæтæ. Завод ма хъавы ноджыдæр хъæдфадæн цех сæвæрынмæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.