Фæстаг азты нæ республикæйы цы ахсджиаг инвести-цион проекттæ æххæст æрцыд, уыдонæй иууыл ахадгæдæр у хуыйæн фабрикæ БТК-4. Уæзгæ хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстоны сæудæджерады размæцыды хъуыддагмæ.

Инвестортæ бæстæмæ æрбакæнын вазыгджын процесс у, фæлæ не ‘мзæххон Уæрæсейы егъау холдинг «БТК-группы» хицау, зындгонд амалиуæггæнæг Боллоты Таймураз сразы ис Хуссар Ирыстоны кондад бакæныныл. Проект уыд социалон, уымæн æмæ Боллойы фырт канд курдиатджын организатор нæу, уый у Ирыстоны æцæг патриот. Йæхи цæвиттонæй Таймураз фенын кодта Хуссар Ирыстонмæ инвестицитæ хæссæн кæй ис.  Советон дуджы нæ горæты цы хуыйæн фабрикæ уыд, уый бындурыл бакодта иттæг хорз ифтонг, нырыккон куыстуат. Фабрикæ байгом 2013 азы. Кусы дзы 500 адæй-магæй фылдæр. Ныр цалдæр азы зынгæ фæрæзтæ хæссы нæ паддзахадон бюджетмæ, йæ кусджытæ цы мыздтæ исынц, уымæй сæрибарæй дарынц сæ бинонты.

Ныр та фабрикæ хъавы йæ кондад рауæрæхдæр кæнын. Республикæйы районты – Знауыр, Дзау æмæ Ленингоры бакæндзысты филиалтæ. Уыцы нысанæн ацы аз Санкт-Петербурджы фембæлдысты Боллоты Таймураз æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр. Куыд зонæм, афтæмæй инвестицион процесс вазыгджын хъуыддаг у. Районты разамонджытæн хæсгонд æрцыд, цæмæй  бацагурой 50-100 кусæгон бынæттæн цехы аккаг бæстыхæйттæ.

Уыимæ ма дарддæр бацæттæ кæнын хъæуы фабрикæ цы территорийыл уа, уым æфтауцдæттæ, цæмæй цы хъуымац æмæ фурнитурæйæ кусой, уыдонæн ма хæла сæ гъæд. Хуыйджыты дефицит хъуамæ ма уа, фæлæ сæ æнæмæнг бацæттæ кæнын хъæудзæн, уыдоны æмæ ма административон персоналы, экономистты, бухгалтерты, инженертæ æмæ кадрты хайады кусджыты дæр. БТК-йæн Уæрæсейы Федерацийы территорийыл бирæ кондадтæ ис, уым районты бынæттон цæрджытæй кадртæ бацæттæ кæнын зын нæ уыдзæн.

Ныртæккæ БТК-4 архайы йæ ассортимент рауæрæх кæныныл. Ивгъуыд азы та ахызт дыууæ сменæйон ре-жиммæ. Йæ нысан – кондад дисциплинæмæ æркæнын. Æнæхъæн бон хуыйæн машинæйы фарсмæ бадын зын у. Райдианы раст зæгъгæйæ ацы системæ бирæты зæр-дæмæ нæ фæцыд. Кусджытæн зын уыд райсомæй изæрмæ кусын, фæлæ сæ мызд бæрзонд кæй уыд, уымæ гæсгæ сæ фæллад мурмæ дæр нæ дардтой. Фабрикæйы та  хъæуы æнæниз кусджытæ. Ныртæккæ дзы чи кусы, уыдонæн рæстæмбис нымадæй сæ куыстмызд у 30 мин сомы. Кондады куысты уавæртæй дæр уæдæ нæй рахъастгæнæн. Социалон пакетмæ бирæ цыдæртæ бацыд: ис дзы хæрæндон æмæ лæвар сихор, ис сæм 4 маршрутон автобусы, уыдон кусджыты райсом æрбаласынц куыд горæтæй, афтæ хъæутæй дæр. Фæскуыст та сæ фæхæццæ кæнынц сæ хæдзæрттæм.

Фæлæ ма сæм ис ахæм кусджытæ дæр, кæцытæ сæхи фæндонмæ гæсгæ æрбацæуынц бынтон раджы, фæскуыст дæр æрлæууынц, цæмæй фылдæр бакусой æмæ фылдæр мызд райсой, ахæмтæн сæ мызд схизы 40-50 мин соммæ. Æхсызгон у фабрикæйы сылгоймæгты æмрæнхъ кæй фæллой кæнынц нæлгоймаг хуыйджытæ дæр. Кусынц æдæрсгæйæ, æххæст кæнынц алыгъуызон операцитæ. Нæлгоймаг хуыйджыты ‘хсæн ис цалдæр сахъатджын адæймаджы, уыдон æрмæстдæр ам ссардтой куыст. Кæд райдианы фабрикæмæ кусынмæ цыдысты хистæр кары адæм, уæд ныр та фылдæр бацæуынц æвзæнгтæ.

Фабрикæйы разамынд æхсызгонæй райсы ахæм кадртæ, бацамоны сын кусын, стипенди дæр ма сын бафиды. Уымæн æмæ, дам, уыдон сты нæ сомбон. Кусджытæн фыст цæуы премитæ дæр. Юбилейон азты, Ног аз æмæ 8-æм мартъийы бæрæгбонты сын сæ зæрдæтæ барухс кæнынц æхцайы премитæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.