Президент Бибылты Анатоли фембæлд 58-æм æфсады командæгæнæг инæлар-майор Михаил Зуськоимæ. Фембæлды рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады ‘хсæн æмархайд парахат кæны 58-æм æфсады æмвæзадыл дæр æмæ Хуссар Ирыстоны  территорийыл уæвæг  Уæрæсейы  Федерацийы 4-æм æфсæддон базæйыл дæр.

Уыцы æмархайд цæуы фæд-фæдылонæй, серьезон æмæ хорз позитивимæ. Æдасдзинады иумиаг контурыл цы хæслæвæрдтæ æмæ нысæнттæ æвæрæм, уыдон се ‘ппæт дæр фактон æгъдауæй æххæст æрцыдысты æмæ кусынц абоны бон. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады æрдыгæй абон Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадæн цы æххуыс цæуы, уый дæр бæрæг у», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

 Уый бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæн, республикæйы къухдариуæгады куырдиатмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æвæстиатæй быдырон госпиталь кæй сæвæрдта, уый тыххæй.

«Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ цы дохтыртæн фæнды, уыдон дæр æнæ дызæрдыгæй тынг стыр æххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны сæ коллегæтæн хос кæныны тактикæйы æмæ  фæкъаддæр кодтой, нæ рынчындонмæ цы би-рæнымæц рынчынтæ цыд, уыдоны нымæц», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли фæндвидарæй банысан кодта дыууæ æфсæддон ведомствойы  дарддæры рæзты перспективæ.

Йæ рады Михаил Зусько дæр бузныг загъта Президентæн Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадимæ æмгуыст кæныны фæдыл архайдæн стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, 2020 азы ноябры РХИ-йы Президентимæ фембæлды фæстæ арæзт æрцыд къорд документы, кæцытæ дзурæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæзты фарсты фæдыл æмгуыст кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.