АРМСПОРТ

Цхинвайлаг спорстмен Хæбæлаты Арсен ссис РЦИ-Аланийы чемпион армспортæй. Арсен архайдта 80 кг уæзы категорийы. Ерысты ма хайад хъуамæ райстаит Гасситы Сослан дæр, фæлæ йын РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы тренертæ бар радтой, цæмæй баулæфа æмæ йæхи цæттæ кæна Уæрæсейы чемпионатмæ.

«Тынг райгонд дæн Арсены архайдæй. Фарон уый бацахста дыккаг бынат. Бантыст ын сыгъзæрин майдан рамбулын. Ныр Арсен нырма хайад райсдзæн фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чем-пионаты, кæцы уагъд цæудзæн горæт Орелы 4-8 марты, æмæ фæстæдæр – 24-29 марты та йæ тыхтæ фæлвардзæн Уæрæсейы чемпионаты хис-тæр кары спортсменты ‘хсæн. Уый дæр уагъд цæудзæн Орелы», – фехъусын кодта спортсмены тренер Джиоты Валери.

БОКС

Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ 5 майданы рамбылдтой 2005-06, 2007-08 азты гуырд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланий чемпионаты боксæй. Ерысты хайад райстой 214 спортсмены.

Ерысты фыццаг бынæттæ бацахстой Ян Яралов æмæ Гуыцмæзты Руслан. Гуыцмæзы фырт  фи-налы тыхджындæр уыд Хуссар Ирыстоны коман-дæйы иннæ уæнг Джиоты Маратæй. Афтæмæй Марат та бацахста дыккаг бынат. Дыккаг ма ссис Гуыцмæзты Тамерлан. Бронзæ майдан рамбулын та бантыст Зæгъойты Сæрмæтæн.

Сæрмагонд приз «Уæлахизмæ тырнындзинад» лæвæрд æрцыд Гуыцмæзты Тамерланæн. Спортсменты бацæттæ кодтой Кокойты Мурат, Гæбæраты Гамлет, Куымæридтаты Родион æмæ Тедеты Алик.  

ЛÆВÆРД ЫН ÆРЦЫД «УÆРÆСЕЙЫ СПОРТЫ ДÆСНЫ»-ЙЫ КАДДЖЫН НОМ

РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан «Дунеон къласы Уæ-рæсейы спорты дæсны» æмæ «Уæрæсейы спорты дæсны»-йы бæлвырдгæнæн радта арæнгонд физикон гæнæнтимæ адæймæгтæн спортивон скъола  «Стимул»-ы хъомылгæнинæгтæн. Уыдон ‘хсæн уыд цхинвайлаг Бибылты Дмитри. Уый рог атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты дыккаг бынат кæй бацахста, уый фæдыл ын лæвæрд æрцыд «Уæрæсейы спорты дæсны»-йы кадджын ном. 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уый хицæн кодта иннæ ерыстæй уымæй, æмæ дзы хайад райстой æрмæстдæр 70 кг уæзы категорийы архайæг зындгонд 8 уæрæсейаг богалы. Спортивон шоуйы инициатор уыд дунейы къласы спорты дæсны Рæмонты Гамлет Таймæзты æфсымæрты хъæбысхæсты академийы æххуысæй. Хæлттæ æппæрст æрцыд ерыстæй æртæ къуырийы раздæр. Уымæ гæсгæ спортсментæн фадат уыд сæ ныхмæлæуджыты сахуыр кæнын æмæ сæрмагондæй  сæхи бацæттæ кæнынæн. 

Ирыстоны минæвæрттæй дзы хайад райстой дунейы чемпион Байты Давид æмæ 2017 азы дунейы чемпионаты призер Гогаты Алан.

Турнир уагъд цыд Олимпион системæмæ гæсгæ. Финалы фембæлдысты Байты Давид æмæ дагъыстайнаг богал Ильяс Бекбулатов, кæцы архайы Узбекситаны æмбырдгонды сконды. Уый у Европæ æмæ Азийы чемпион.

Фембæлды фыццаг хайы 2:0 хыгъдæй æмбылдта ирон спортсмен. Фæлæ тохы дыккаг æмбисы Бекбулатовæн бантыст 6 балы рамбулын. Байты Давид æппæт дæр арæзта, цæмæй фæстæмæ размæ рацæуа хыгъды, фæстаг секундты систа дыууæ балы, фæлæ йын уый не сфаг рамбулынæн. Афтæмæй сæйраг приз – 300 мин сомы рамбылдта Бекбулатов. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.