2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæстон цауты тыххæй Гуырдзыстон Уæрæсейы кæй аххосджын кæны, уый Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон рахуыдта æнæбындур. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрады пресс-службæ.

Пресс-службæ куыд банысан кодта, афтæмæй 21 январы мыхуыргонд æрцыд Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондоны Стыр палатæйы уынаффæ æхсæнпаддзахадон хъаст «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (II)»-йы фæдыл, цыран дзырд цæуы 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны цаутыл æмæ сæ фæстиуджытыл.

Гуырдзыстоны азымтæ нымад æрцыдысты æнæбындурыл

«12 азы бæрц цы хъуыддæгтæ ахуыр кодта, уый фæстиуджытæм гæсгæ Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, 2008 азы 8 августæй 12 августмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æмæ бынæттон цæрджытæм Гуырдзыстоны æфсад куы бабырстой, уæд сын уæрæсейаг æфсæддонтæ цы ныхкъуырд радтой, уый фæстиуæгæн цы инциденттæ æрцыд, уый фæдыл Уæрæсейы Федераци бæрндзинад хæссы Адæймаджы бартæ æмæ сæйраг сæрибардзинæдты фæдыл конвенцимæ гæсгæ. Уыимæ иумæ Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон нæ рахæцыд Гуырдзыстоны хицауиуæгады æвварс, кæцытæ фидарæй дзырдтой, зæгъгæ, 2008 азы 7-æм августы Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтæ бабырстой Хуссар Ирыстоны территоримæ, ома, цалынмæ гуырдзиаг хæстонтæ горæт Цхинвалмæ нæ бабырстой, уæдмæ», – дзырдæуы пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министры хæдивæг Михаил Гальперины ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддаджы гуырдзиаг фарсы «фæндыд, цæмæй æнæбындурæй сбæлвырд кодтаид, зæгъгæ, Адæймаджы бартæ бахъахъхъæныны фæдыл конвенцийæ пайда цæуы, æрмæст сабыр рæстæджы нæ, фæлæ хæстон архайдтыты уавæрты дæр, уый та фактон æгъдауæй халы æхсæнадæмон гуманитарон барты бындуртæ».

«Махæн бантыст европæйаг тæрхонгæнджытæн бауырнын кæнын, 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы уæрæсейаг хæстонты архайдæн барадон аргъ скæнын сæ юрисдикцимæ кæй нæ хауы. Афтæ ма Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон не сбæрæг кодта, 2008 азы 8-12 августы цауты рæстæджы уæрæсейаг хæстонты æрдыгæй бынæттон цæрджыты бартæ халыны иунæг цау дæр», – пресс-службæ æрхаста Гальперины ныхæстæ.

Уыимæ иумæ, нысан цæуы, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æнæсæрфат претензитæ æмæ æнæбындур бæлвырдгæнæнты тыххæй хатдзæгтæ Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрад арвыста Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондонмæ, барадон позицитæ кæрæдзийæн дæттыны рæстæджы. Уымæй дарддæр Уæрæсейы  Федерацийы Юстицийы министрад разы нæу Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондоны къорд хатдзæгтыл, уыцы нымæцы, 2008 азы 12 августы фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритыл цы инциденттæ æрцыд, уыдоны тыххæй уæрæсейаг фарсыл цы бæрндзинад æвæры, ууыл, уымæй дæр бæлвырд не ‘рцыд уыцы инцидентты уæрæсейаг хæстонты иунæг хайадист дæр.

Бынæттон цæрджыты бахъахъхъæнын æмæ гарзджын конфликты эскалаци аиуварс кæныны хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы хайадисты æууæлтæн аргъ кæнын ссис  Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондоны концеп-цийы экстерриториалон юрисдикцийæ пайда кæныны фæстиуæг, кæцыйы мидисæн иумиагæй ницы ис ИНО-йы Æхсæнадæмон тæрхондоны позициимæ æмæ æхсæнадæмон барады нымад нормæтимæ. «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (II)»-ы хъуыддаджы фæдыл Адæймаджы барты тыххæй европæйаг тæрхондоны уынаффæйы æхцайы компенсацийы тыххæй фыст ницы ис. Цæмæй дарддæр æркастæуа хъуыддагмæ, уый тыххæй ахæм фарст æрæвæрдта тæрхонгæнæг Страсбурджы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2008 азы 8 августы æхсæв Гуырдзыстон «Град»-æй æхсын райдыдта Хуссар Ирыстоны, гуырдзиаг æфсæддонтæ бабырстой республикæмæ æмæ ныппырх кодтой Цхинвалы. Уæрæсе, Хуссар Ирыстоны цæрджыты хъахъхъæнгæйæ, йе ‘фсад бакодта Хуссар Ирыстонмæ æмæ фондзбонон хæстон архайдтыты фæстæ гуырдзиаг хæстонты рассыдта регионæй. 2008 азы 26 августы Мæскуы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон суверинитеттæ. Уæрæсейы къухдариуæгад бирæ хæттыты фехъусын кодта, зæгъгæ, дыууæ республикæйы хæдбардзинады банымад нысан кæны уæвæг реалиты æмæ йыл дзурын нал хъæуы. Тбилис нæ разы кæны республикæты  банымадыл.

***

Президент Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон, æвæццæгæн, æгæрон тыхтæ бахардз кодта, цæмæй  банымадтаид 2008 азы августы  Гуырдзыстоны хæстонтæ кæй райдыдтой хæстон архайдтытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ, Уæрæсе та фæстæдæр (йæ гарзджын тыхты æрцыдæн цы рæстæг бахъуыд, уый фæстæ)   ныфсджынæй кæй сархайдта  æмæ Гуырдзыстоны сабырдзинадмæ кæй æркодта, уый тыххæй.

«О, фæлæ, Гуырдзыстоны агрессор кæй схуыдтой, уый тыххæй æп-пындæр не ‘фсæрмы кæнынц, цыппæрæмы Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондоны сайтыл цы документ уыд, уый автортæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг, æхсæнпаддзахадон хъаст «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (II)»-ы тыххæй, цыран дзырд цæуы 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны цаутыл æмæ сæ фæстиуджытыл. 

Президенты ныхæстæм гæсгæ, уый у иуварсон политизацигонд документ, «кæцыйæн иумиагæй ницы ис æцæг цаутæ æмæ факттимæ, уыцы документы  ныффыссын кодтой коллективон Ныгуылæны антиуæрæсейаг политикон тых-тæ, кæцытæ иу уысм дæр нæ ахъуыды кодтой, Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон цы агресси сарæзта æмæ гуырдзиаг хæстонтæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уый тыххæй сæ фæазымджын кæныныл».

«Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон фактон æгъдауæй йæ хъусдардмæ нæ райста, Тальявинийы къамис цы доклад бацæттæ кодта, уый, фæлæ йæ документы банысан кодта, гуырдзиаг фарс ын цытæ фæдзырдта, æппæт уыдæтты. Нæ дæр сабыр цæрджыты фыдмардæй кæй мардтой, нæ дæр Цхинвалы æмбис кæй ныппырх кодтой, нæ дæр ирон лигъдæтты хъизæмæрттæ, нæ дæр хæстон фыдракæндтæ, кæцыты сарæзтой гуырдзиæгтæ, Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон ницæмæ æрдардта. Йæ хъус дары æрмæстдæр Гуырдзыстонмæ, æрмæстдæр гуырдзиаг позицимæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли. 

Паддзахады сæргълæууæг дарддæр куыд загъта, афтæмæй агрессоры амæттаджы бынаты æрывæр-гæйæ, Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондонæн йæ бон ссис, гæнæн цæмæн нæй, уый саразын: «æвæццæгæн,  æнхъæлдтой, зæгъгæ, 12 азы фæстæ дунейы адæмæй кæй зæрдыл æрлæудзысты 2008 азы цаутæ».

«Дис дæр ничи кæны гуырдзиаг паддзахадон  пропагандæйы  цинизм æмæ æдзæсгомдзинадыл, кæцыйæн æнтысы европæйаг уагдæттæн йæ хисæрмагонд мæнг хъуыддæгтæ хъарын.  Йæ пропагандистон хъуыддæгтæ, цыма, комкоммæ Оуреллы зындгонд уацмысæй ист сты. Диссаг у Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондоны дыдзæсгом цæстæнгас», –  банысан кодта Бибылты Анатолти. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.