Республикæйы районты цæрджытимæ æрвылазон фембæлдтыты фæлгæтты Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Къуайсайы цæрджытимæ, кæцыйы рæстæджы уынаффæ кодтой социалон здæхты фарстытыл.

Мадзалы хайад райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади, æхсæнады минæвæрттæ. Цалдæр азы дæргъы Бибылты Анатоли реализаци кæны президентон æвзæрстыты размæйы программæйы пункттæ, кæцыты иу хай арæзт æрцыд комкоммæдæр республикæйы цæрджыты домæнтæм гæсгæ.

Фембæлд къуайсайæгтимæ

Фыццаджыдæр, Президент арфæ ракодта Къуайсайы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырдуæвæг къуайсайæгтæн æрбалæугæ бæрæгбон – Ног 2021 азы цытæн.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли радзырдта æвзæрстыты агъоммæ йæ программæйы пунктты æх-хæст кæныны æмвæзады тыххæй, афтæ ма иннæ азы плæнтты тыххæй дæр. 2017 азы Къуайсайы цæрджытæ цы проблемæты тыххæй дзырдтой, уыдонæн сæ фылдæр Президенты ныхæстæм гæсгæ, абоны бон æххæст æрцыдысты. Фæлæ уæддæр алы аз дæр сæвзæры ног фарстытæ, кæцыты фæхъæуы оперативонæй скъуыддзаг кæнын.

«Махæн нæ бон ссис иууыл ахсджиагдæр проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын: уыдон сты – Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад, донæй сифтонг кæныны проблемæтæ, горæты уынгты арæзтад, электроадæттæн хæххыты раивын, рынчындонæн ифтонгад самал кæнын, спортивон залы цалцæг. Ацы номхыгъдæй ма баззад бирæуæладзыгон хæдзæртты коммуникацитæ раивын. Хæдзæртты иу хайæн ивд æрцыдысты се ‘мбæрзтытæ, 2021 азы ацы куыст дарддæр кæндзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Къуайсайы цæрджыты бирæ домæнтæ скъуыддзаг æрцыдысты бынаты, сæрмагондæй, уыдон уыдысты цæрæнуатон фарстатæ. Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта горæт Къуайсайы ног фондзуæладзыгон хæдзар æмæ цалдæр хисæрмагонд хæдзар саразынæй.

Уый ма хъусдард аздæхта ног бирæфатерон хæдзæрттæ ногæй тагъддæр байуарыны æнæмæнг-хъæуындзинадмæ, кæцытæй нæ пайда кæнынц, чи сæ райста, уыцы æмбæстæгтæ. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ 12 фатеры хъуыддæгтæ лæвæрд æрцæудзысты тæрхондонмæ æмæ сæ уый фæстæ гæнæн уыдзæн, цæрæнуаты хъуагдзинад чи æййафы, уыдонæн радтын.

Къуайсайæгтæ бахатыдысты Президентмæ ахæм куырдиатимæ, зæгъгæ, хъæуы донсыгъдæггæнæн ифтонгад  сæвæрын, дон чъизи кæй у, уый тыххæй. Бибылты Анатоли бахæс кодта æмбæлон инстанцитæн проблемæ сбæрæг кæнын æмæ цæрджыты домæн аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма паддзахады сæргълæууæг радзырдта, зæгъгæ, ног, 2021 азæй бюджетон организацитæн, паддзахадон службæйы æмæ техникон кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ куыстмызд. «Афтæ нæ дзурын æмæ фæфылдæргонд куыстмызд сымах райсдзыстут ныридæгæн 2021 азы январы. Бадзырдыл къухтæ фыст æрцæудзысты февраль кæнæ марты. Фæлæ сæ 1-æм январæй фæстæмæ æмбæстæтæ райсдзысты», – загъта уый.

Къуайсамæ интернет бауадзыны фарстæн дзуапп кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, кабель æвæрыны куыстытæ райдайдзысты 2021 азы райдианы. «Хъуыды кæнын афтæ, æмæ 2021 азы Къуайсайы уыдзæн интернет», – банысан кодта Президент.

Сабидон хайгай сцалцæг кæныны æмæ йын йæ территори схæрзарæзт кæныны фæдыл финансон фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй, Президент бахæс кодта фарстыл бакусын æмæ пробле-мæ аскъуыддзаг кæнын.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли ской кодта Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ æхсæнадонполитикон уавæры тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу политиктæ пайда кæнынц ацы уавæрæй, Дзабиты бинонты трагедийæ политикон дивидендтæ бакусынмæ бафæлваргæйæ. Уый радон хатт банысан кодта, зæгъгæ, иууыл сæйрагдæр у закъон æмæ процедурæтæ хъахъхъæнын, кæцытæ баст сты уыимæ. «Нæй гæнæн трагедийæ политикæ аразын. Уый иу бинонты трагеди нæу, уый у æнæхъæн республикæйы трагеди», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, куыстмæ чи нæ цæуы, уыцы депутатты архайдтытæ гæ-нæн ис бандавой иумиагæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты цардуагон архайдыл. «2021 азæн бюджет депутаттæ нæ райстой, куыстмæ кæй нæ цæуынц æмæ сæ комкоммæ хæстæ кæй не ‘ххæст кæнынц, уымæ гæсгæ. Уыимæ ист не ‘рцыдысты ацы азы бюджетмæ ивындзинæдтæ, кæцыты хынцыд сты медицинон кусджытæн финансон фæрæзтæ бафидын, афтæ ма чысыл æмæ астæуккаг  бизнесæн льготон кредиттæ радтыны фæдыл финансон фæрæзты статья», – загъта Бибылты Анатоли.

Уымæй дарддæр ма, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады сæйраг хæс у ирон адæмы фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. «Уый хъуамæ уа  депутатты æмæ хицауиуæгады æппæт къабæзты принципиалон хæс. Дзабиты бинонты трагеди бындур ма хъуамæ уа политикон карьерæ аразын æмæ ультиматумтæ æвæрынæн», – загъта уый.

Бибылты Анатоли радон хатт æрсидт депутаттæм, цæмæй æрæвналой сæ куыстмæ. Фембæлды кæрон Президент арфæ ракодта горæт Къуайсайæ Парламенты депутаттæн йæ активон позици æмæ къуайсайæгты проблемæмæ лæмбынæг хъусдард кæй здахы, уый тыххæй, афтæ ма стыр аргъ скодта Дзауы районы æмæ горæт Къуайсайы администрациты сæргълæуджыты куыстæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.