Мæскуыйы уагъд æрцыд профессионалон боксы изæр. Уый комкоммæ эфиры æвдыста телеканал «Матч ТВ». Изæры сæйраг тохтæй сæ иу уыд ирон боксер Чилæхсаты Георги æмæ узбекаг Мохаммадсалим Сотволдиевы фембæлд. Тох уагъд цыд 63,5 кг уæзы категорийы.
Георги фæстаг хатт рингмæ рахызт 2011 азы ноябры мæйы. Уæд фæхæрд белорусаг Евгений Долголевецæн. Æцæг, уæд бирæтæ разы нæ уыдысты тæрхонгæнджыты уынаффæимæ. Ныр Георгийы æнæмæнгæй дæр хъуыд рамбулын. Рингмæ рахызт Тайсайты Олегы зарæг «Ирыстон»ы зæлты бын. Тохы райдианæй Георги цыд атакæйы æмæ йын фыццаг раунды бантыст йæ ныхмæлæууæджы нокдауны арвитын. Дыккаг раунды Георги ноджы тынгдæр цыд атакæйы æмæ йын бантыст ногæй йæ ныхмæлæууæджы нокдауны арвитын. Уый фæстæ йæ тæрхонгæнæг куы афарста, ома, цæттæ у тох дарддæр акæнынмæ, уæд уый нал сразы. Афтæмæй техникон нокаутæй уæлахзиз лæвæрд æрцыд Чилæхсаты Георгийæн.
***
Суворовскийы станицæйы ма уагъд æрцыд сылгоймæгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат боксæй. 2004-2005 азты гуырд спортсменкæты ‘хсæн уæлахиздзаутæ систы Елойты Аминæ (54 кг) æмæ Диакъонты Екатеринæ (66 кг). 2006-2007 азты гуырд боксерты ‘хсæн ерысты фыццаг бынæттæ бацахстой Дреты Аринæ (54 кг), Таймæзты Елизаветæ (66 кг) æмæ Дзугаты Миланæ (60 кг). Æвзист призертæ систы Хъуылаты Софья (52 кг), Беркъаты Камиллæ (57 кг) æмæ Плиты Дианæ (63 кг). Бронзæйон хорзæхты хицæуттæ баисты Карготы Ланæ (57 кг) æмæ Саламты Дианæ (52 кг). 2008-2009 азты гуырд спортсменкæты ‘хсæн фыццаг бынæттæ бацахстой Абайты Аланæ (57 кг), Сиукъаты Миланæ (48 кг) æмæ Ходты Даниэллæ (45 кг).
Хистæр кары боксерты ‘хсæн та аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Къуылыхты Кристинæ (63 кг) æмæ Хуытъинаты Миланæйæн (66 кг). Æвзист майдантæ та рамбылдтой Хетъеты Орнеллæ (60 кг) æмæ Наниты Регинæ (63 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.