Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион базæ у ахсджиаг æфсæддон объект Кавказы. Уый ахъазгæнæг у Фæскавказы Уæрæсейы интерестæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад бахъахъхъæнын æмæ фидар кæнынæн. Йæ уæвынадыл 13 азы сæххæсты цытæн æрæджы нæ горæты æфсæддон хайы территорийыл уагъд æрцыд цытджын мадзал.

 

Æфсæддон плацы рæнхъæйлæууæг салдæттæ æмæ афицертæн бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта гвардийы булкъон Раджаб Алиев. Уый ма бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта Фистæг æфсадыл командæгæнæг, армийы инæ-лар Олег Салюков æмæ Хуссар æфсæддон зылды æфсадыл командæгæнæг, Уæрæсейы хъайтар, армийы инæлар Александр Дворниковы номæй. Бæрæгбонон арфæтæ ма загъдæуыд 4-æм æфсæддон базæйыл командæгæнæг Роман Вязовскийы номæй дæр. Уый бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хайад нæ райста мадзалы.

Раджаб Алиевы ныхæстæм гæсгæ 79 азы размæ 66-æм бригадæйы биноныг цы кадджын æфсæддон традицитæ æрцыд, уыдон абон дæр ахъазгæнæг сты æфсæддон хайы сæрмагонд скондæн æмæ æнтыстджынæй бæрнджын æххæст кæнынц сæ алыварсон хæстæ æмæ сæ тыхы ис арæнты æххæст хъахъхъæнынхъомдзинад.

Гвардийы бастдзинады батальоны взводыл командæгæнæг, хисдæр лейтенант Александр Купатыйы ныхæстæм гæсгæ рæнхъæйлæууæг æфсæддонтæ хъуыды æмæ кад кæнынц сæ фыдæлты кадджын азфыссынад. Уымæн æмæ ацы æфсæддон хай арæзт æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, æмæ рацыд кадджын фæндæгтыл, хайад иста ныртæккæйы Украинæ æмæ Беларусы территоритыл, ссæрибар кодта Европæ, бацахста Берлин. Уæд 11 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары нæмттæ.

«Нæ æфсад хайадисæг уыдысты бирæ нырыккон хъаугъаты, Кавказы хъаугъатæ æрбæстон кæныны, дыууæ цæцæйнаг кампаниты, 2008 азы Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операцийы».

Бæрæгбонон мадзалы рæстæджы ма æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодтой 58-æм иумиагæфсæддон армийыл командæгæнæг, инæлар-лейтенант Михаил Зуськойы арфæйы телимæ.

Мадзалы рæстæджы ма къорд æфсæддон службæгæнæджы бæрæгбоны цытæн æрцыдысты хорзæхджын. Уый фæстæ мадзал адарддæр развæдсгарæн батальоны равдыстытæй æмæ æфсæддон оркестры концертон программæйæ.

Бæрæгбонмæ чи фæуазæг, уыдонæн фадат уыд, цæмæй базонгæ уой æфсæддон хайы службæгæнджытæ æмæ сæ бинонты царды уавæртимæ.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.