Иуазон паузæйы фæстæ та профессионалон рингмæ рахызт ирон боксер Гасситы Мурат. Сербийы уагъдцæуæг боксы изæры сæйраг тохы Мурат фембæлд америкæйаг Карлоус Уэльчимæ. Гассийы фырт тохы фыццаг раунды дыккаг минутыл тыхджын цæф ныккодта йæ ныхмæлæууæджы æмæ сфæлдæхт. Афтæмæй йыл нокаутимæ фæуæлахиз æмæ рамбылдта Евразиаг боксерон парламенты чемпионы рон.

Мураты тренер Сланты Витали куыд загъта, афтæмæй Мураты радон тох ауадзын хъæуы ноябры мæйы.

ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Цъинагары хъæуы уыд спортивон бæрæгбон. Ам ныр дыккаг аз уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Ерысты хайад райстой республикæйы 32 хуыздæр æвзонг шахматисты. Уыдон дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Фыццаг къорды уыдысты иууыл фæлтæрдджындæр шахматисттæ. Дыккаг къордмæ та бахаудтой æвзонгдæр хъазджытæ.

Ерыстæ сорганизаци кодтой «РХИ-йы шахматты федераци», шахматон скъола «Белая ладья» æмæ Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы къухдариуæгад.

«Турнир ныр цæуы дыккæм хат æмæ нæ ныфс ис кæй суыдзæн æрвылазон. Сывæллæттæн тынг цымыдисон у ацы турнир», – загъта Цъинагары скъолайы директор Гусойты Ласко.

Ерысты республикæйы столицæйы спортивон кад хъахъхъæдтой шахматон скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ. Скъола цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кодта ахæм шахматистты, кæцытæ бахаудтой Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы скондмæ. Ныр дæр уыдон уыдысты турниры лидерты ‘хсæн.

«Фаронимæ абаргæйæ дзы ныр фылдæр хайадисджытæ ис. Сывæллæттæ тынг хорз хатынц сæхи ацы диссаджы бынаты. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ фарон турниры Цъинагарæй кæцы сывæллæттæ хайад райстой, уыдон цæттæдзинад ныр бæрæг хъуыздæр  кæй у», – банысан кодта шахматон скъола «Белая ладья»-йы къухдариуæггæнæг Джиоты Аннæ.

Къордты цыд карз спортивон тох. Фæстаг туры онг бæрæг нæ уыдысты уæлахиздзаутæ. Хъæзтытæ куы фесты, уæддæр дыууæ къорды дыууæ хъазæг дæр æрæмбырд кодтой æмхуызон  очкотæ. Уымæ гæсгæ тæрхонгæнджыты коллеги, Хуссар Ирыстоны иууыл хузыдæр хъазджытæй сæ иу Гæбæраты Ацæмæзы сæргълæудæй  уæлахиздзау сбæрæг кæныны нысанæн бахъуыд уæлæмхас бæрæггæнæнтæ Бухголцы коэффициентмæ гæсгæ банымайын. Уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ,  фыццаг къорды фæуæлахиз Джыгкайты Артур, дыккаг бынат бацахста Михаил Логачев æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Тыбылты Аланæ. Ацы къорды чызджыты ‘хсæн иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыста Тыбылты Аннæ. Цъинагары минæвæрттæй та иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Болататы Заринæ.

Дыккаг къорды фыццаг бынат бацахста Бесаты Батрадз, дыккаг бынатыл ацыд Болататы Давид æмæ бронзæйон призер та ссис Бибылты Андрей.

Ацы къорды чызджыты ‘хсæн иууыл хуыздæр йæхи равдыста Анна Кулиджанова, Цъинагары минæвæрттæй та иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Бестауты Аркади.

«Стыр æхсызгонимæ мæ хъус дардтон æвзонг шахматистты архайдмæ. Уыдон тох кодтой стыр цымыдисæй. Интеллектуалон æгъдауæй дзы федтон бирæ рæсугъд хъæзтытæ», – йæ хъуыдытæ загъта   «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Хуссар Ирыстоны шахматты федераци æрвылаз дæр ауадзы алыгъуызон турниртæ. Федерацийы куысты сæйраг фæдыздæхæнтæй сæ иу у районты шахматты размæцыд. Уый нысанæн Цъинагары турнир уагъд цæудзæн æрвылаз дæр. Ерысты схондзысты «Цъинагарское лето», зæгъгæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæ æмæ кубоктæй. «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы тыххæй сæрмагонд призтæ лæвæрд æрцыдысты Тыджыты Арсен æмæ Уанеты Валерияйæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыцы бон æнæ хорзæхæй кæй ничи баззад. Лæвæрттæ райстой турниры иннæ хъазджытæ дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.