Бибылты Анатоли  афæдз ис Хуссар Ирыстоны Президенты бынаты. Ацы интервьюйы нæ уыдзæн фарстатæ политикæйы курсы, цы арæзт æрцыд æмæ ма арæзт цы хъуамæ æрцæуа, уыдæтты тыххæй. Дзырд цæудзæн йæхиуыл, куыд адæймагыл: цы уарзы, цæмæй тæрсы æмæ, бæрзонд бынаты кусгæйæ,  цæмæй фæцух вæййы.

– Бирæ быцæу ныхæстæ фехъуыстæуы, куыд растдæр дзурын хъæуы, уый тыххæй: Хуссар Ирыстон æви Паддзахад Алани?

– Æз æй никуы æмбæхстон, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон синхронон æгъдауæй кæй хъуамæ рæзой, уый. Уый тыххæй мын комфортондæр у дзурын Республикæ Хуссар ИрыстонАлани. Фæлæ ис референдум, кæцы уыд 2017 азы æмæ уæд райстæуыд барасткæнинаг. Уый хынцгæйæ, ныр дзурын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани. Адæм кæй равзæрстой, уыцы номимæ ма сразы уæвыны бар мæнæн нæй. Æз уыцы равзæрстæн кад кæнын.

– Иу афæдз Хуссар Ирыстон –  Паддзахад Аланийы Президент уæвынæй истæмæй фæивтай?

– Ис ахæм ныхас: «Куысты бынат бæрæг кæны æмбарынад». Æз афтæ нымайын, æмæ уый раст ныхас у. Цыфæнды бынаты кусгæйæ дæр адæймагыл æвæрд цæуы стыр бæрндзинад æмæ бирæ цæмæдæрты фæивы йæ ахаст. Ахаст куы ива, уæд ивы адæймаг дæр. Дæуыл баст куы уой Хуссар Ирыстоны царды алы фадыг дæр, уæд дæ фæнда æви нæ, уæддæр фæивдзынæ. Уый фылдæр хауы принципиалон фарстатæм, дæхæдæг дæр суыдзынæ принципиалондæр. Кæд министрæй кусгæйæ, æз нæ хъуыды кодтон æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстатыл, уымæн æмæ уым куыста мæ коллегæ, кæцы хъуамæ хъуыды кæна уыцы  фарстатыл, уæд Президенты бынаты кусгæйæ, хъуыды кæнын, мæ паддзахадмæ хауæг æппæт проблемæтыл дæр. Зоныс, адæймаг свæййы тынгдæр домаг, афтæ куынæ уа, уæд куыст нæ ацæудзæн, куыд æмбæлы, афтæ. О, фæлæ уæддæр мæхицæн аргъ кæнын мæ бон нæу, хуыздæр у, мемæ цы адæм кусынц, уыдон бафæрсын, зæгъæм, мæ пресс-нымæрдары (худы). Иу хъуыддаджы æз æнæмæнг фæивтон: раздæр кæд куыстмæ цыдтæн 9 сахатмæ, уæд ныр та цæуын 7 сахатмæ, кæннод адæймагæн ницы æнтысы.

– Президент суæвгæйæ, дæхи цæмæй фæцух кодтай?

– Рæстæгæй. Рæстæг у, царды нын цы ис, уыдонæй иууыл ахсджиагдæр. Уый цæугæ нæ, фæлæ тæхгæ кæны. Уый иууыл тынгдæр зын у мæ бинонтæн, хъыгагæн, уыдонмæ къаддæр хъусдард дарын. Æз афтæ нæ дзурын, æмæ сæ раздæр мæ хъусдардæй æмæ æдзух уыдонимæ уæвынæй буц кодтон. Фæлæ, табу Хуыцауæн, мæ цардæмбал æппæт дæр æмбары, сывæллæтты дæр уый хъомыл кæны æмæ дзы уый тыххæй æз стыр бузныг дæн.

– Дæуæн дæ раздæры æфсæддон службæ ахадæн у. Дæ куысты дын уый æххуыс кæны, кæнæ дæ искуы хъыг дары?

– Дисциплинæ хъахъхъæнын кæддæриддæр стимул дæтты. Дæ фæстæ æнæхъæн республикæ æмæ адæм ис, уыдонæн ис сæхи хорздзинæдтæ æмæ æвзæрдзинæдтæ. Раздæры Президентты куыстыл хъуыды кæнгæйæ, æмбарыс дæ бæрндзинад, кæцы, гæнæн ис, æмæ æркæна куыд хорзмæ, афтæ æвзæрмæ дæр. Æфсæддон службæ мын уый дæтты, æмæ фæразын,  мæ уæлæ цы стыр хæс ис, уымæн. Мæ ивгъуыды æфсæддон службæ куынæ уыдаид, уæд мын зындæр уаид.

– Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, алкæуыл хур дæр не ‘ххæссы. Проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын дын бантысы æнæ адæмы уайдзæфтæй?

– Мах æй æмбарæм, Президент «Æппæтхъомыс Брюс» кæй нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы Президентæн ис лæмæгъ æмæ тыхджын бынæттæ. Йæ хæстæй иу у  риссаг бынæттæ ма ‘вдисын æмæ тыхджын бынæттæ рæзын кæнын.

Мæ иууыл сæйрагдæр хæс у иумиагпаддзахадон проблемæтæ скъуыддзаг кæнын. Уыцы-иу рæстæджы дын нæй гæнæн, æмæ хицæн адæймæгты индивидуалон проблемæтæм дæ хъус ма æрдарай. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ индивидуалон æмæ иумиаг проблемæтæ скъуыддзаг кæныны фæдыл цы къахдзæфтæ аразæм,  уыдон разæнгард кæнынц адæмы.

Тынг æй æмбарын, кæй ис, чи мæсты кæны, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, ныры онг дæр цалцæг не ‘рцыдысты, 2008 азы хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдон иууылдæр. Мæнæн уыдон тыххæй дзурын зын у. Мах райдыдтам уыцы куыст æмæ йæ дарддæр дæр кæндзыстæм. Æз уый тыххæй мæхицæн дæттын дыууæ азы рæстæг.

– Дæ зæрдæмæ хæссыс критикæ? Тынг зын дын вæййы?

– Мæнæн мæ бон зæгъын нæу æмæ критикæ мæ зæрдæмæ зынæй исын, уый нæ, фæлæ йæ исын æдыхстæй. Критикæ чи кæны, уыцы адæймæгты æмбарын. Бирæтæ мæм фыдзæрдæ дарынц куыд гоймаг, афтæ, æндæртæ фембылдысты æвзæрстыты æмæ хъыгдзинад сæ зæрдæты баззад. Æз РХИ-йы раздæры Президенты кой нæ кæнын, фæлæ йæ фарсхæцджыты тыххæй дзурын. Бирæтæ райгонд не сты, йæ сыхагæн ын хæдзар кæй сарæзтой æмæ уымæн та нырма кæй нæ сарæзтой, уый тыххæй. Аххосæгтæ тынг бирæ сты æмæ алкæйы дæр æз æмбарын. Фæлæ мæнæн æхсызгондæр уыдзæн, чи мæ критикæ кæны, уыцы адæймаг мæ ныхмæ куы æрбадит æмæ куы зæгъит: «Анатоли Ильяйы фырт, ды цырандæр раст нæ дæ æмæ мын куы бамбарын кæнит йæ фæндон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, уæд.

– Цы ахаст дарыс социалон хызæгтæм? Искуы регистрацигонд дæ?

– Æз регистраци дæн Facebook-ы æмæ фарсæй дæр пайда кæнын мæхæдæг, мæхицæй дарддæр æм ничи ницахæм ахаст дары. Мæнæн нæй командæ, кæцы мын социалон хызæгтæ уадзит. Уый ахсджиаг у, уымæн æмæ уым кæцыфæнды адæймагæн дæр йæ бон у мæнæн информаци фехъусын кæнын, кæцыйы ма хъуамæ фехъусой æндæртæ. Æз мæхæдæг хъуамæ уынон, алцæмæндæр аргъ кæнон æмæ аразон цахæмдæр анализ. Мæнæн мæхицæн цы-мыдисон у иу кæнæ иннæ бынаты фæдыл реакци. Мæнæн уый у æхсæнадимæ бастдзинады стыр канал. Кæддæрты æз мæхæдæг комментаритæ радтын цахæмдæр бынæтты тыххæй, иуæй-иу хатт хуыздæрыл банымайын иуварс баззайын.

– Сæрибар рæстæджы цæмæй уарзыс архайын?

– Æз уарзын æхсын, уый у мæ лæмæгъдзинад. Æхсын хæстон хæцæнгарзы цахæмфæнды хуызæй дæр. Ноджы уарзын къахæй цæуын. Парламенты Сæрдар куы уыдтæн, уæд-иу сабатбонты ацыдтæн хæхтæм, боны мидæг къахæй цыдтæн 10-12 километры, уый мæнæн у сæрымагъзы, буары релакс. Ныртæккæ æз уарзын мотоциклетыл, бæхыл цæуын. Фæлæ мын æрæджы адавтой мæ бæх, гæнæн ис æмæ алыгъд. Нырма хæрзæрæджы æз ахуыр кодтон къахдзоныгътыл лæууын, уый у адреналин, азарт æмæ йæ гæнæн ис абарæн мотоциклыл цæуынимæ. Тагъдад, ныхмæ дымгæ цыран ис, уый алыхатт дæр тынг хорз у.

– Ды мæстыгæр адæймаг дæ æви дæ бон у цыфæнды æндыгъд уавæрты дæр дæ эмоцитæ бауромын?

– О, æз мæстыгæр дæн, фæлæ уыцы уавæрæй тагъд рахизын. Бирæ хатт нæ фембарын, иу кæнæ иннæ адæймаг цæуылнæ фæхаты цахæмдæр цæстуынгæ хабары. Кæнæ кæмæндæр йæ бон у докладимæ æрбацæуын, фæлæ кæронмæ нæ фæзоны уыцы информаци, кæцы мæ фæхъæуы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Гæнæн ис æмæ  мæ цæхгæр смæсты кæной, фæлæ йæ уайтагъд бамбарын, æз цы уынын, уый алчи кæй нæ уыны, уый. Уæд æрсабыр вæййын æмæ фæтырнын сабыр ныхасæй йæ бамбарын кæнынмæ.

– Дæхи хорз хæларыл нымайыс?

– О, махмæ, Уæлдæфондесантон æфсæдты, афтæ дзурынц: «Цæмæй дын хорз хæлæрттæ уа, уый тыххæй дæхæдæг хъуамæ уай хорз хæлар», уый аксиома у.

– Ды дæхи нымайыс хорз адæймагыл?

Иунæг идеалон адæймаг уыд  Йесо Чырысти. Æмæ йын цы сарæзтой? Байтыгътой йæ. Цасфæнды хорздзинад ма аразай, уæддæр уыдзæн ахæм адæймæгтæ, кæцытæ дæм се ‘нгуылдзæй амондзысты æмæ дзурдзысты, зæгъгæ, ды алцыдæр раст нæ аразыс. Йæ мидис уый мидæг ис, æмæ адæймаг уымæй нæ фæтасыд, æмæ цыд йæ райдайгæ фæндагыл. Цæмæй уымæн хорздзинад аразын æнæуынон ма суа. Цæмæй ирæттæм æмæ уырыссæгтæм цы æмбисæндтæ ис: «Хорздзинад ма сараз æмæ æвзæрдзинад ма фенай», уыдон ма суой йе ‘мбарынады бындурон фактор.

Елена Черенкова,

Ossetia News

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.