БОКС

Боксæй дунеон суперсерийы 90,7 кг уæзы категорийы ирон боксер Гасситы Мурат æмæ украинæйаг Александр Усикы ‘хсæн финалон тох хаст æрцыд сæрдмæ. Уый тыххæй хъусын кæны турниры организатор WBSS (World Boxing Super Series). Интернеты сæ официалон сайты куыд фыссынц, афтæмæй ныртæккæ бадзырдтæ уагъд цæуынц тохы бынат равзарын æмæ бон сбæрæг кæныны тыххæй. Развæлгъау информацимæ гæсгæ тох хъуамæ уыдаид 11 майы Саудоваг Аравийы. Фæлæ Уæрæсейы фарс куыста, цæмæй тох уа Уæрæсейы.

«Саудоваг Аравийы минæвæрттæ нæ разы кæнынц тох æндæр ран ауадзыны бар радтын. Фæлæ Гассийы фырты промоутер Евгений Вайнштейн æмæ Усикы менеджер Эгис Климасы дæр нæ фæнды, цæмæй тох ацæуа саудоваг горæт Джиддайы. Уымæн æмæ дыууæ фарсы спортуарзджытæн дæр проблемæтæ уыдзæн визæтæ райсынæн», – банысан кодта Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев.  «Уæрæсейæ тохмæ ацæуын фæнды æртæ мин спортуарзæджы, фæлæ сын ахæм уавæр нæ уыдзæн».

Умар Кремлев ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы тох ауадзын слæудзæн 20-25 милуан доллары. Уырдæм хауынц боксерты гонорартæ дæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, дыууæ боксермæ дæр кæй ис чемпионы фæйнæ дыууæ роны. Æмæ чи рамбула, уый фæуыдзысты иууылдæр. Гасситы Мурат у Æхсæнадæмон боксы федераци (IBF) æмæ Æппæтдунеон боксы ассоциацийы (WBA) верситæм гæсгæ дунейы чемпион. Усик та Æппæтдунеон боксы организаци (WBO) æмæ Æппæтдунеон боксы советы (WBC) чемпион.

Дыууæ боксер дæр профессионалон рингыл нырма никуы фæхæрд сты. Гасситы Мурат акодта 26 тохы, уыдонæй 19 рамбылдта нокаутæй. Усик та акодта 14 тохы æмæ нокаутæй фæуæлахиз 11 хатты.

Ацы турниры ирон боксер финалмæ цæугæйæ, рамбылдта польшæйаг боксер Кшиштоф Влодарчик æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы, украинæйаг та – немыцаг Марко Хук æмæ латвийаг спортсмен Майрис Бриедисы.

 

ДЗЮДО

Туркаг горæт Анталияйы уагъд æрцыд дзюдойæ Гран-при, цыран хайад райстой 50 бæстæйæ 300 спортсменæй фылдæр. Хистæр кары дзюдоистты ‘хсæн ахæм бæрзонд æмвæзадыл ерысты фыццаг хатт рахæцыд Тасойты Инал æмæ йын бантыст рамбулын. Уый архайдта +100 кг уæзы категорийы. Фыццаг тохы 4-æм минутыл иппонæй рамбылдта азербайджанаг Гахрамановы, уый фæстæ босниаг Садыковичыл фæуæлахиз дыккаг минуты райдианы. Дунейы чемпионаты призер корейаг Ким та рамбылдта уæлæмхас рæстæджы. Æрдæгфиналы йæ ныхмæлæууæг уыд Хъыргъыстаны минæвар Токтогонов. Уый та Тасойы фырт рамбылдта 25 секундмæ æмæ рахызт финалмæ. Уым фембæлд Азийы чемпион ирайнаг богал Махжубимæ. Тох цыд 6 минуты æмæ фæцис Иналы иппонæй. Афтæмæй уый турниры рæстæджы 5 хатты рамбылдта иппонæй.

Турниры уæлахиздзауты ‘хсæн ма уыд ноджы иу ирон дзюдоист Кцойты Зелим. Уый хъахъхъæдта Азербайджаны спортивон кад. Зелим архайдта 100 кг уæзы категорийы. Уый та рамбылдта Кореяйы, Узбекистан æмæ Ирландийы минæвæртты, афтæ ма дыууæ уæрæсейаг спортсмены дæр.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.